РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид кусæгон балцы уыд Цхинвалы районы Зары хъæуы. Йемæ ма уыдысты Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæг Плиты Алан, бынæттон администрацийы къухдариуæггæнæг Тасойты Барис, уæгъдибар хъæбысхæстæй Уæрæсейы æмæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт тренер Мæргъиты Анатоли, Олимпион чемпион Рæмонты Сослан, Республикæ Дагестанæй уазджытæ æмæ æндæр официалон адæймæгтæ.

Паддзахады сæргълæууæг раарфæ кодта æппæт æрæмбырдуæвджытæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, бæрæг куыст бачындæуыд, кæцы бæрæгбæрцæй бандæвта хъæубæсты царды æмвæзадыл, дарддæр рæзы хъæуты агросæудæджерадон комплекс æмæ инфраструктурæ, фæлæ, зæгъгæ, нырма хъæуы бирæ бакусын æмбæстæгты цард фæхуыздæр кæныны фæдыл.

Президент ма радзырдта, фæстаг фондз азы дæргъы республикæйы социалон-экономи-кон рæзты хъуыддаджы цы ахсджиагдæр æнтыстытæ бафтыдысты къухты, уыдоны тыххæй. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй Уæрæсейы Федерацийы финансон æххуысы руаджы Инвестицион программæйы фæлгæтты республикæйы æндидзыд æмæ арæзт æрцыдысты социалон нысаниуæджы объекттæ.

«Æрвылаз дæр Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстонæн рахицæн кæны финансон æх-хуыс 2 миллиард сомы бæрц. Ис бæрæг системæ, концепци, кæцымæ гæсгæ мах кусæм. Махмæ бирæ хæттыты æрцыдысты Уæрæсейы Федерацийы Нымайæн палатæйы минæвæрттæ Татьяна Голиковайы къухдариуæгадæй. Æз нымайын зынгæ æнтыстыл, Нымайæн палатæ кæй нæ раргом кæны республикæйы рахицæнгонд финансон фæрæзтæй æнæнысанмæздæхтæй пайда кæныны цаутæ», – загъта уый.

Хуссар Ирыстоны рæзты сæйрагдæр приоритеттæ Тыбылты Леонид рахуыдта паддзахады эффективон социалон-экономикон политикæ дарддæр æххæст кæнын. Уый банысан кодта, зæгъгæ, арæзт цæуы фæндагон инфраструктурæ æмæ республикæйы столицæйæ бацæуæн цы хъæутæм нæ уыд, уыдонмæ арæзт æрцыдысты фæндæгтæ, арæзт цæуынц стратегион нысаниуæджы сæйраг фæндагон хызæгтæ.

Фембæлды рæстæджы ма Президент æрдзырдта Уæрæсейы Федерациимæ æмгуысткæнынады фарстытыл.

«Ивгъуыд азы 31 марты æз фембæлдтæн акционерон æхсæнад «Газпром»-ы Правленийы сæрдар Алексей Миллеримæ. Махæн боны фæткы лæууыд Хуссар Ирыстоны хъæуты дарддæр газификаци кæныны фарст. Цхинвалы район дæр уæ хъæуимæ хаст æрцыд генералон схемæмæ. 2019 азмæ республикæйы 124 хъæуы планмæ гæсгæ хъуамæ газификаци æрцæуой. Алы районæн дæр фадат уыдзæнис æрдзон газы хæрзиуджытæй пайда кæнынæн.

Паддзахады сæргълæууæг байхъуыста хъæуы цæрджыты куырдиæттæ æмæ фæндæттæм, кæцытæ хаудысты донифтонгады, фæндæгты хæрзарæзтады æмæ æндæр проблемæтæм, фæлæ уæлдай карздæрæй лæууыд 2008 азы августы хæсты рæстæджы ныппырхгонд хисæрмагонд цæрæн хæдзæртты фарст. Президент йæ æххуыс-гæнджытæн бахæс кодта, цæмæй раразмæгонд фарстытæ æрвыст æрцæуой æмбæлон инстанцитæм æмæ æвæстиатæй æрæвнæлдæуа сæ сæххæст кæнынмæ.

Лæвары хуызы уый Зары астæуккаг скъолайæн радта дыууæ персоналон компьютеры.

Фембæлды кæронбæттæны Тыбылты Леонид æрсидт хъæуы цæрджытæм, цæмæй кæрæдзимæ уый æнгом æмæ хъæрмуд.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты официалон сайт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.