Президент Тыбылты Леонид мæсæллæйы тел арвыста Кубæйы Хицауад æмæ адæм, афтæ ма кубæйаг революцийы раздзоджы хиуæттæ æмæ æввахс адæммæ Фидель Кастро кæй фæзиан, уый тыххæй.

Мæсæллæйы телы сæрмагондæй дзырдæуы:

«Стыр хъыгзæрдæйæ райстон кубæйаг революцийы раздзог Фидель Алехандро Кастро Русы амæлæты фыдохы цау.

Уый мæлæт уæззау зиан у канд Кубæйы адæмæн нæ, фæлæ дунейы бирæ адæмтæн дæр. Команданте Фидель уыд номдзыд паддзахадон архайæг, йæ бæстæйы æцæг раздзог. Зын у аргъ скæнын нырыккон Кубæйы хицауиуæгады рæзтмæ Фидель Кастройы хайбавæрдæн.

Ацы фыдохы сахат æрвитын зæрдæбын мæсæллæй æмæ æмзæрдæдзинады ныхæстæ Фидель Кастройы хиуæттæ æмæ æввахс адæмæн, Хицауад æмæ Кубæйы æппæт адæмæн.

Фидель Кастройы рухс ном кæддæриддæр цæрдзæн нæ зæрдæты».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.