РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид раарфæ кодта Даниэль Ортегайæн, Республикæ Никарагуайы Президенты бынатмæ кæй бахызт, уый тыххæй.

Арфæйы телы сæрмагондæй дзырдæуы:

«Дæ Бæрзонддзинад,

Æрвитын дæм мæ иууыл зæрдæбындæр арфæтæ, Республикæ Никарагуайы Президенты бынатмæ кæй бахызтæ, уый сæраппонд.

Æвзæрстыты дæ ирд уæлахиз уыдис æнæдызæрдыг æвдисæн, дæу кæй нымайынц стыр авторитеты националон лидерыл, æппæт адæм дæ кæй уарызнц æмæ кæй хæцынц, бæстæйы фидар æмæ рæзын кæнынмæ здæхт чи у, дæ уыцы политикæйы æвварс.

Хуссар Ирыстоны кæддæриддæр сæ зæрдыл дардзысты, Никарагуайы адæм Уæрæсейы фæстæ фыццаг кæй рахæцыдысты нæ бæстæйы дунейы банымайыны æвварс.

Ацы æхцон æфсонæй пайда кæнгæйæ мæ ногæй фæнды зæгъон дæуæн, цытджын Президент, бузныджы ныхæстæ уыцы æхсарджын уынаффæйы тыххæй нæ республикæйы разамынад æмæ адæмы номæй.

Хуссар Ирыстоны æууæндынц нæ бæстæты ‘хсæн хæларадон ахастыты рæзты хорз перспективæтыл.

Мæ цæст дын уарзы, цытджын Президент, фидар æнæниздзинад æмæ дарддæры æнтыстытæ дæ паддзахадон архайды, Республикæ Никарагуайы хæларадон адæмæн та – сабырад, фæрныгад æмæ хæрзиуæг.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.