28 марты Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент кусæгон балцы уыд Къуайсайы. Йемæ  ма уыдысты Хицауады Сæрдары хæдивæг Пухаты Эрик, Æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Григори Кулиджанов, Президенты Паддзахадон уынаффæгæнæг Санахъоты Дауыт,  «Дорэкспострой»-ы генералон директор Лалыты Мурат, Цхинвалы Дзулфыцæн комбинаты директор Цхуырбаты Вадим æмæ æндæр бæрнон адæймæгтæ. Уырдæм цæугæйæ, Президент æрлæууыд Кировы хъæуы æмæ фембæлд йæ цæрджытимæ. Фембæлды райдианы  Кировы хъæуы скъолайы директор Æлборты Зинæ бузныджы ныхæстæ  загъта Президентæн, йæ хъус сæм кæй дары, уый тыххæй, афтæ ма йын раарфæ кодта йæ юбилейы тыххæй дæр.

«Фадатæй спайда кæнгæйæ, Къуыдаргомы цæрджыты номæй мæ раарфæ кæнын фæнды нæ Президент Тыбылты Леонидæн, йæ райгуырæн боны сæраппонд, афтæ ма мæ стыр бузныг зæгъын фæнды, нæ комбæстæм йæ хъус лæмбынæг кæй дары, уый тыххæй æмæ Къуайсайы ахæм рæсугъд, райдзаст скъола кæй сырæзт æмæ дзы абон нæ сывæллæттæ кæй ахуыр кæнынц, уый тыххæй дæр», – банысан кодта Æлборты Зинæ.

Уый куыд радзырдта, афтæмæй йæ рæстæджы ныхас цыд, цæмæй арæзт æрцыдаиккой скъола дæр æмæ тубдиспансер дæр, уымæн æмæ дыууæ дæр уыдысты социалон нысаниуæджы объекттæ æмæ уыдысты æнæмæнгхъæуæг, фæлæ сын æхцайы фæрæзтæ дыууæ объекты арæзтадæн кæй нæ фаг кодтой, уый тыххæй дзырдтой, ома, уал раздæр аразын хъæуы диспансер, уый фæстæ та скъола, фæлæ Тыбылты Леонид ууыл не сразы æмæ уæд аскъуыддзаг кодтой фыццаг уал скъола саразын.

«Ахæм хъуыдымæ кæй æрцыдысты, уый уыд нæ Президент Тыбылты Леониды куырыхон уынаффæйы фæрцы.  Скъола цы хъæуы нæ вæййы, уым цард дæр ныннымæг вæййы», – банысан кодта скъолайы директор.

Дарддæр куыд загъта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны цæрæг хæстæфхæрд адæмæн къухдариуæг кæнын ныры рæстæджы тынг зын у, уымæн стыр хъару, стыр зонд æмæ куырыхондзинад хъæуы æмæ уыцы миниуджытæй та æххæст у нæ ныры Президент Тыбылты Леонид. Уый æрсидт æрæмбырдуæвджытæм, цæмæй иууылдæр æрбалæууой Тыбылты Леониды фарсмæ æмæ хъæлæс радтой уый пайдайæн.

Уый фæстæ ныхасы рацыд Президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Санахъоты Дауыт æмæ уый дæр радзырдта, Къуайсайы арæзт цы æрцыд æмæ  ма дзы аразинаг цы ис, уыдоны тыххæй. Уый радзырдта фæндаджы тыххæй æмæ банысан кодта, йæ арæзтад кæронмæ кæй фæуыдзæн.

Алы кандидат  дæр æвзæрстыты агъоммæ ныфсытæ февæры адæмæн, æмæ йæ куы равзарынц, уæд адæм фенхъæлмæ кæсынц, цы ныфсытæ сын æвæр-дта, уыдон куыд сæххæст кæндзæн, уымæ. Санахъоты Дауыт куыд радзырдта, афтæмæй Тыбылты Леонид 2012 азы адæмæн цæмæй баныфс æвæрдта, уыдон арæзт æрцыдысты, бæрнон бынæтты кæй снысан кодта, уыдонимæ иумæ кусгæйæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдонæй алчи, куыд æмбæлд, афтæ йæхи нæ равдыста, фæлæ абоны боны онг цæмæндæриддæр уыд саразæн, уыдон арæзт æрцыдысты.

«Абон æз Тыбылты Леониды фарсмæ уый тыххæй балæууыдтæн, æмæ мæн уырны, ныры онг цы темптæ систам арæзтады фадыджы, уый дарддæр дæр цæудзæн уыцы темптæй, ногæй Тыбылты Леониды куы равзарæм, уæд. Аразинæгтæ бирæ ис, фæлæ уал ахсджиагдæр цы у, уымæй райдайы Тыбылты Леонид. Фондз азы дæргъы арæзт æрцыд 430 объектæй фылдæр. Тыбылты Леонид архайдзæн дарддæр дæр, цæмæй æхсæнад æрбангом кæна, Уæрæсейæ нæм æххуысы хуызы цы æхцайы фæрæзтæ цæуы, уыдон цæмæй хардз цæуой нысанмæздæхтæй æмæ иунæг сом дæр хардз ма цæуа æнæ-хъуаджы», – загъта Санахъоты Дауыт æмæ ма банысан кодта, зæгъгæ, нырæй фæстæмæ Уæрæсейæ цы æхцайы фæрæзтæ цæуа, уыдон хардз цæудзысты республикæйы экономикæйы райрæзтыл, уыцы нымæцы хъæууон хæдзарады райрæзтыл.

Райдиан 1-аг ф.

 

Дарддæр раныхас кодта Тыбылты Леонид. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй йыл ацы комбæсты адæм кæддæриддæр зæрдиагæй æмбæлдысты. Уый тыххæй сын загъта стыр бузныг.

Тыбылты Леонид куыд бафиппайдта, афтæмæй 2012 азы Президентæй æвзæрст куы æрцыд, уæд кусын райдыдта зын уавæрты, уымæн æмæ иуæй æхсæнад уыд дихтæ æмæ уый æрбангом кæнын хъуыд, иннæмæй та йын баззад «мæгуыр къæбиц», ома, аразинаг уыд бирæ, фæрæзтæ та нæ уыд.

Бæстæйы сæргълæууæг радзырдта, теледебатты цы æнæраст ныхас фæцæуы, уый тыххæй дæр.

Дарддæр æрæмбырдуæвджытæн радзырдта, фондз азы дæргъы цы сарæзта, æмæ ма аразинаг цы у, уыдæтты тыххæй, афтæ ма Уæрæсейы Федерациимæ ахастыты тыххæй дæр.

«Æрæджы Мæскуыйы кусæгон балцы рæстæджы куы фембæлдтæн Ирыстоны хæлар адæймаг, Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путинимæ,  уæд ын куы загътон, Хуссар Ирыстоны нæ бон кæй бацис, Уæрæсейæ цы æххуыс цыд, уый фæрцы æмткæй 430 объекты саразын, уæд ын тынг æхсызгон уыд. Фондз азы дæргъы æрбахæццæ стæм Къуыдаргоммæ дæр. Куыд Президент афтæ дæр æмæ куыд Президенттæм кандидат, афтæ дæр æз зæгъдзынæн уый, æмæ Къуайсамæ цы фæндаг арæзт цæ-уы, уый æрбахæццæ Хъемултайы онг. Дарддæр дæр ыл кусдзыстæм. Хъемултайæ уæлæмæ цы проблемон фадыг ис, уый арæзт хъуамæ æрцæуа ацы аз. Ацы фадыгыл хъуамæ бакондæуа 325 милуан сомы аргъ куыстытæ. Фæндагæй ма аразинаг цы баззайа, уый та баконд æрцæудзæн 2018 азы. Цæмæй фæндаджы арæзтад тагъддæр фæуа, уый тыххæй хъуамæ арæзтад райдайа дыууæрдыгæй дæр, ома, аразын æй хъуамæ райдайой Къуайсайæ дæр. Апрелы мæйы Æхсæнхицауадон къамисы рабадты фидаргонд æрцæудзæн, 2018 азы ацы фæндагыл цы куыстытæ хъуамæ баконд æрцæуа, уый», – банысан кодта Президент.

Дарддæр Президент радзырдта Уæрæсейы Президентимæ фембæлгæйæ йын ноджыдæр йæ разы кæй æрæвæрдта фарст, цæмæй Хуссар Ирыстоны цæрæн пункттæ иууылдæр ифтонг æрцæуой æрдзон газæй. Ууыл разы у Владимир Путин дæр æмæ «Газпром»-æн бахæс кодта, цæмæй уыцы арæзтад уый йæхимæ райса.

Ацы проект стыр проект у, йæ аргъ уыдзæн æртæ миллиард сомы онг. Уыцы суммæ инвестицион программæйы бавæрын махæн нæ бон нæу, уымæн æмæ нын афæдз лæвæрд цæуы æрмæстдæр 2 миллиард æмæ 800 милуан сомы. Уый тыххæй мах æнхъæлмæ кæсдзыстæм, цæмæй 2017 азы «Газпром» йæхæдæг æрæвнала уыцы куыстытæм. Республикæйы генералон планмæ гæсгæ газификаци хъуамæ æрцæуой 123 цæрæн пункты. Ацы проект арæзт æр-цæудзæн фондз азмæ.

Дарддæр Президент радзырдта референдумы тыххæй дæр, уый куыд банысан икодта, афтæмæй «президенттæ æрбацæуынц æмæ ацæуынц, фæлæ ре-ферендум та уадзæм, цæмæй нæ Ирыстонæн раздахæм йæ историон ном  Алани æмæ йæ нæ царды ныффидар кæнæм. Ацы хъуыддаг аразæм цæргæ цæрæнбонтæм».

«Мæн фæнды, цæмæй æв-зæрстытæм æрбацæугæйæ, адæм дзуапп радтой референдумы фарстæн дæр, хъæлæс радтой Ирыстонæн йæ историон ном радтыны тыххæй», –  загъта Тыбылты Леонид

Хъæуы цæрджытæ фарста-тæ радтой Президентмæ. Уыцы фарстатæй иу уыд Къозы хъæу-мæ фæндаг саразын æмæ йæм рухс бауадзын. Уый фæдыл Президент загъта, 2017 аз уырдæм арæзт кæй æрцæудзæн фæндаг дæр æмæ йæм кæй бауагъдæ-уыдзæн электроны рухс дæр.

* * *

Дарддæр Президент ацыд Къуайсамæ. Ног цалцæггонд Культурæйы хæдзары бæстыхайы раз Президентыл фембæлдысты æртæ уæливых æмæ дзаггарзимæ. Уый фæстæ бацыдысты залмæ. Залы æрæмбырд тынг бирæ адæм, бандæттæ сын кæй нал фаг кодтой, уый тыххæй  сæ фылдæр кодтой лæугæ.

Санахъоты Дауыт радзырдта, республикæйы фондз азы дæргъы арæзт цы æрдцыд, уы-дæтты тыххæй, зæрдыл æрлæууыны тыххæй банысан  кодта, 2011 азы фæстæ цы хæццæдзинæдтæ уыд, уыдоны фæстæ Тыбылты Леонид æппæт дæр кæй  сарæзта æмæ æхсæнады кæй æрбангом кодта, уый.  Санахъойы фырт ма банысан кодта, Уæрæсейæ Хуссар Ирыстонмæ цы æхцайы фæрæзтæ цæуынц, уы-дон системон æгъдауæй хардз кæй цæуынц æмæ уый фæстиуæгæн Тыбылты Леонид æмæ Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путинæн тынг хорз ахастытæ кæй ис, уый дæр, зæгъгæ, ахæм къахдзæфтæ арæзт куынæ æрцыдаид, уæд нын абоны бонмæ уыйас нæ бантыстаид æмæ уый бæрц объекттæ арæзт не ‘рцыдаиккой.

Дарддæр раныхас кодта Тыбылты Леонид йæхæдæг.  Уый бузныг загъта, алы хатт дæр ыл афтæ зæрдиагæй кæй фембæлынц Къуыдаргомы адæм, уый тыххæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ, ахæм фембæлды фæстæ адæймаг фæхъуыды кæны, цы ис ногæй саразын, цæмæй уыцы уарзон адæмы царды уа-вæртæ ноджы фæхуыздæр уой, уый тыххæй.

Президент ныхас кодта цы сырæзт республикæйы дæр æмæ Къуыдаргомы дæр æмæ ма ноджы дæр цы сараздзæн, уыдоны тыххæй. Уый æнæ хъусдард нæ ныууагъта, абон республикæйы цы политикон процесс цæуы, уый дæр. Банысан ма кодта, нырма зонгæ кæй нæу, Президенты бынатмæ иннæ кандидаттæн цы программæтæ ис, уыдонимæ.

«Куыд æй зонут, афтæмæй æрхæццæ кæнынц æвзæрстытæ æмæ Президенты бынатмæ кандидаттæ кусынц сæ программæтæм гæсгæ. Фæлæ абоны онг æз нырма нæ зонын, сæ программæты цы ис, уый. Абоны онг уал уыцы кандидаттæ æрмæст-дæр критикæ кæнынц Президенты æмæ Хицауады. Уадз, æмæ æхсæвæй-бонæй критикæ кæнæд, фæлæ уыцы критикæ хъуамæ уа объективон. Адæм алы хатт дæр фæкритикæ кæнынц, бæрнон бынæтты чи кусы, уыдоны, уымæн æмæ алы хатт скъуыддзаг не ‘рцæуынц, скъуыддзаг цы фарстытæ хъуамæ æрцæ-уой, уыдон се ‘ппæт дæр», – загъта Тыбылты Леонид. Уый æрдзырдта 2012 азы размæ дæр æмæ уый фæстæ дæр арæзт цы æрцыд, уыдæтты тыххæй.

Президент куыд банысан кодта, афтæмæй 2012 азы размæ, ома, цалынмæ йæхæдæг не ‘рлæууыд, уый размæ æртæ мæйы дæргъы цы хицауад куыста, уый æхцайы фæрæзтæ радта алыгъуызон подрядон организациты къухдариуæгæнджыты къухмæ. Уыцы фæрæзтæ уыдысты 1 миллиард æмæ 600 милуан сомæй фылдæр, æмæ сын загъта истытæ дзы аразут, зæгъгæ. Цæмæй уыцы «исты» арæзт æрæуой, уый тыххæй йын хъуамæ уа проект, план æмæ сметæ, хъуамæ йын арæзт æрцæуа экспертизæ дæр,  фæлæ уыдонмæ уыдæттæй ницы уыд. Уыцы æхцатæй арæзт цы æрцыд, уый тыххæй лæвæрд хъуамæ æрцыдаид хыгъд, фæлæ абоны онг дæр уыдоны тыххæй хыгъд лæвæрд нæу. Æмæ абон дæр бæрæг не ‘рцыд, уыцы æхца цы фесты, уый. Уæрæсейы Президентимæ фыццаг хатт куы фембæлдтæн, уæд ныхас кодтам ацы фарстатыл æмæ политикон уынаффæ райстам, цæмæй ногæй дарддæргонд æрцыдаид Хуссар Ирыстоны финанскæнынад. Уыцы бонæй фæстæмæ мæ командæимæ иумæ куыстам æнæрулæфгæйæ. Æрвылбон дæр ахæм куыст куынæ цæуа, уæд аразын ницы бантысдзæнис», – загъта Президент.

Уый ма банысан кодта, фондз азы дæргъы  цы 430 объекты сырæзт, уыдоны ахсджиагдзинад. Афтæ ма сæрыстырæй банысан кодта,  Къуайсайы цы объекттæ арæзт æрцыд, уыдон дæр. Уыдон та сты Къуайсайы 176 скъоладзауæн астæуккаг скъолайы бæстыхай йæхи спортзал æмæ актон залимæ. Ацы скъола дзуапп дæтты абоны домæнтæн. Капиталонæй цалцæг æрцыд Культурæйы хæдзар дæр, Къуайсайы арæзт æрцыд рынчындон, рынчындоны бæс-тыхайы баконд æрцыд стоматологион кабинет дæр, ацы рынчындоны кусы компетентон коллектив, кæцыйы  фæрцы рынчынтæ æмбæлон медицинон æххуыс райсынц бынаты. Арæзт æрцыд сывæллæтты цæхæрадон дæр, фæлæ, хъыгагæн, йæ арæзтады ис цухдзинæдтæ æмæ сын Президент куыд ба-ныфсæвæрдта, афтæмæй  тагъд уыдон аиуварсгонд æрцæудзысты.

Тыбылты Леонид Къуайсайы цæрджытæн дæр ныфс бавæрдта Къуыдаргомы цæрджытæ æр-дзон газæй ифтонг кæй æрцæудзысты, уымæй.

«Бирæ хæттыты мæм хатыдысты Къуайсайы цæрджытæ газы тыххæй, зæгъгæ, газ нæ цурты цæуы Цхинвалмæ, фæлæ махмæ газ нæй. Абон уын дзырд дæттын куыд архайæг Президент дæр æмæ куыд Президенты бынатмæ кандидат дæр, 2017 азы кæй æрæвналдзыстæм, Хуссар Ирыстоны территорийыл цыдæриддæр хъæутæ ис, уыдон æрдзон газæй сифтонг кæнынмæ. Апрелы мæйы, æвзæрстыты фæстæ нæм æрцæудзы-сты «Газпром»-ы кусджытæ æмæ куыстгонд æрцæудзæн программæ, кæцыйы фæстиуæгæн райдайдзысты газуадзæн куыстытæ. 2019 азы Хуссар Ирыстоны 123 цæрæн пунктмæ  хъуамæ бахæццæ уа æрдзон газ æмæ 2021 азмæ та уыцы куыстытæ хъуамæ фæуой кæронмæ.

Дарддæр Президент куыд фехъусын кодта, афтæмæй æрæджы Мæскуыйы уæвгæйæ, фембæлд Боллоты Таймуразы хæдивæг Георги Грачевимæ.

«Боллоты Таймуразы хæдивæгимæ куы фембæлдтæн, уæд мæм бахатыд, цæмæй Путины раз æрæвæрон фарст, цæмæй Боллоты Таймуразы куыстуа-тæн йæ закъазтæ æфсады æр-дыгæй ма фæкъаддæр уой. Путинимæ фембæлды рæстæджы ныхас кодтам ацы фарстыл дæр. Æз бузныг загътон Уæрæсейы Президентæн, БТК-4 йæ фæндонмæ гæсгæ арæзт кæй æрцыд Хуссар Ирыстоны æмæ дзы 530 адæймаджы бæрц кæй кусы, хорз мыздтæ кæй исынц, уый тыххæй. Владимир Путин мын ныфс бавæрдта, кæй ныхас кæндзæн УФ æфсады къухдариуæгадимæ æмæ æдзухдæр куыст кæй уыдзæн БТК-4-æн, афтæ ма 2018 азы Къуайсайы дæр арæзт кæй æрцæудзæн ацы фабрикæйы филиал 30 адæймагæн.

Тыбылты Леонид банысан кодта, зæгъгæ, кæд Къуайсайæн горæты статус лæвæрд æрцыд, уæддæр ын горæты хуыз нæй æмæ дарддæр дæр «кусдзы-стæм æмæ куыд гæнæн уа, аф-тæ араздзыстæм, цæмæй горæ-тæн йæ хуыз уа йе статусмæ гæсгæ».

Президент ма къуайсайæгтæн баныфс æвæрдта, Къуайса хицæн административон иуæг кæй уыдзæн, уымæй. Афтæ ма сын ныфс бавæрдта нуазыны дон сæм кæй рауадзысты Везурайы комæй. Уый бахæс кодта Къуайсайы горæты администрацийы хистæр Гæззаты Робер-тæн дæр æмæ Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Чилæхсаты Владимирæн дæр, цæмæй мит куы батайа, уæд кусын райдайой ацы проектыл.

Фембæлды кæрон Тыбылты Леонидмæ фарстытæ радтой къуайсайæгтæ. Ацы фарстатæ уыдысты цæрæнуаты фæдыл, афтæ ма йæм бахатыдысты, цæмæй  раздæры хицауады рæстæджы сæ куыстмыдтæ чи нæ райстой, уыдонæн исты баххуыс кæна сæ куыстмыздтæ райсыны хъуыддаджы. Президент сын ныфс бавæрдта кæй сахуыр кæндзæн ацы фарстатæ æмæ, гæнæн куыд уа, афтæ сын кæй баххуыс кæндзæн.

***

Фембæлды фæстæ Президент «Спорт в шаговой доступности»-йы фæлгæтты байгом кодта Къуайсайы горæты спортивон зал, кæцы ифтонг æрцыд алыгъуызон спортивон инвентарь æмæ дарæсæй. Аныхас кодта, спортзалы цы сывæлæттæ æмæ тренерты баййæфта, уыдонимæ дæр.

***

Президент ма фæуазæг ног арæзт рынчындонмæ,   бабæрæг кодта, ногæй дзы цы стоматологион кабинет арæзт æрцыд, уый. Стоматолог Плиты Витали куыд радзырдта, афтæмæй Цхинвалы дæр нæй, ам цы ифтонггæрзтæ ис, ахæмтæ. Иф-тонггæрзтæ иууылдæр сты импортон æмæ дзы кусы æвзонг стоматолог Наниты Дзерассæ.

Президент азылд рынчындоны палатæтыл, аныхас кодта рынчынтимæ дæр. Уыдон ын бузныджы ныхæстæ дзырдтой, ахæм рынчындон сын кæй ис, уый тыххæй, афтæ ма сæ цы хостæ хъæуы, уыдон сæхæдæг кæй не ‘лхæнынц, фæлæ сæ рынчындон йæхæдæг кæй ифтонг кæны, уый тыххæй дæр.

Осиаты Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.