Советон дуджы хæрзтæй æнæхай цæмæй фестæм, уыдонæй иу уыд ахуыргæнæндæтты кусæг дæсныйæдтæн сæ фылдæр кæй скуынæг кодтой, уый. Фæсивæд аздæхтысты юридикон, экономикон, медицинон факультеттæм æмæ утæппæт рауагъдонтæ æгуыстæй бадынц. Практикæ куыд равдыста, афтæмæй ныртæккæ царды тынгдæр бахъуыдысты слесартæ, электриктæ, сантехниктæ, монтажгæнджытæ, хъæддæснытæ æмæ бирæ æндæртæ. Ацы къабазы кусджытæ систы тынг кадавар. Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ республикæйы уæлдæр ахуыргæнæндæтты нырма бирæ рæтты ахуыр кæнынц ацы дæсныйæдтыл, фæлæ уыдонæн дæр сæ фылдæр куысты нæ ныллæууынц, сæ сæрмæ йæ нал хæссынц. Уый хынцгæйæ нæ республикæйы разамынд исы алы мадзæлттæ, цæмæй кусæг дæсныйадæн йæ раздæры кад раздæха. Фыццаджыдæр сын скодтой хорз мызд, сифтонг сæ кодтой куыстæй.

Цыдæр аххосæгтæм гæсгæ фынддæс азы размæ уæлдæр ахуыргæнæндæттæй бынтондæр ист æрцыд цæрæнуæтты хæдзарады (ЖКХ) инженерон системæты кусджыты дæсныйад. Уый аххосæй ацы къабазы кусджытæ нал фаг кæны. Æрæджы РЦИ-Аланийы арæзтад æмæ архитектурæйы министр Икъаты Русланбеджы хъæппæрисæй ацы дæсныйад ногæй хаст æрцыд Дзæуджыхъæуы бирæкъабазджын техникумы ахуырады процессмæ. Цæмæй ацы дæсныйады специалисттæ бацæттæ кæной, уый тыххæй министр техникумæн балæвар кодта 500 мин сомы аргъ ифтонггæрзтæ. Абоны домæн-тæн дзуапп чи дæтты, уыцы кусæнгæрзтæ, ахуырадон лабораторийы стъолтæ æмæ æндæртæ монтажгæнæн æрмадзы сæ бынат ссардтой. Ахуыры ног къабазы студенттæ зæрдиагæй бавнæлдтой ахуырмæ. Дыууæ азы фæстæ цæрæнуæтты хæдзарад кусæг специалисттæй хъуаг нал æййафдзæн. Техникумы, стæй республикæйы разамынд та стыр разыйы баззадысты Икъайы-фырты хъæппæрисæй. Министр ахæм арфæйаг хъуыддæгтæ аразы тынг арæх… Æнтыстытæ йын уæд йæ арфæйаг куысты.

Нæ уацхæссæг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.