А-фæстаг рæстæджы нæ республикæйы цы уавæр сæвзæрд Парламент æмæ Президенты ‘хсæн, уый сагъæсы æппары алы æмбæстаджы дæр.

Хуыцауы фæндæй æмзонд, æмвæнд куы уаиккам, уæд стыр къахдзæфтæй лæгæрдиккам размæ æмæ нæ фидæн уаид бæллиццаг.

Хорз лæг нæм куы фæзыны, уæд йæ ныхмæ тох расидæм, мæнæй цæмæй лæгдæр у, зæгъгæ. Уый нæ низы хатт у æмæ йын дохтыры хос ницы баххуыс кæндзæн, нæхæдæг æй куынæ аппа-рæм, уæд.

Ис нæм бирæ партитæ æмæ сектæтæ. Дыууæ та нæм ис сæйраг религитæ – чырыстон æмæ пысылмон. Уыдонæй алкæмæн дæр цардмæ йæхи цæстæнгас, хи платформæ ис. Афтæмæй фæйнæрдæм дихтæ, хæлиутæ кæнæм. Фарстæуы, цымæ нæ размæцыдæн исты ахъаз сты уыйбæрц партитæ?

Зæгъæм, Китайы, цыран адæмы нымæц хæццæ кæны миллиард æмæ æрдæгмæ, иу парти йедтæ-мæ нæй. Цы сафынц сæ царды? Егъау къахдзæфтæй лæгæрдынц размæ.

Бирæ партитæ кæй ницы ахъаз сты царды размæцыдæн, уымæ гæсгæ Уæрæсейы Федерацийы Парламенты дæр цалдæр партийы баиу сты. Махмæ та? Дæ зонгæтæй парти ацараз æмæ адæм сæхицæн разамонæгæй кæй равзæрстой, уый куысты ныхмæ цæлхдуртæ æвæр. Алы депутат дæр йæ зæрдыл хъуамæ дара, адæмы хæрзиуæгæн кæй хъуамæ архайа.

О, фæлæ депутатты иу къорд сæ архайд аздæхтой не ‘взонг паддзахады къухдариуæгады ныхмæ. Бюджет райсын æмæ сфидар кæнынæй сæхи кæй тылиф кодтой, уый фæстиуæгæн рæстæгыл фыст нæ цыдысты пенситæ, сывæллæттæн пособитæ, куыстмыздтæ æмæ адæм тыхстысты. Рынчынты хицæуттæ уæлдай тыхст уавæры сты, рынчынæн хостæ цæмæй балхæной, уый сын нæй. Оппозицион депутаттæ та мæнг ныхæстæй адæмæн уырнын кæнынц æппæт дæр республикæйы къухдариуæгады аххос у, зæгъгæ. Пайда кæнынц депутаты статусæй, ома, депутат дæн, уæд мæм бавналыны бар нæй.

Диссаг куыд нæу, сесситæм ма цу, дæ хæстæ ма æххæст кæн, радон улæфты нæ дæ, рынчыны бæлвырдгæнæн гæххæтт дæм нæй, афтæмæй ультиматумтæ æвæр æмæ мызд ис…

12-æм февралы цы сесси уагъд цыд, уым æз дæр куыддæртæй фæдæн æмæ мæ дисæн кæрон нал уыд. Парламенты сæрдары фыццаг хæдивæг Гасситы Петр фехъусын кодта, зæгъгæ, дам, депутаттæ цыппæрдæсæй ам не сты æмæ сæм телефонæй адзырдта, уыдон ын загътой, зæгъгæ, дам, цалынмæ Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæгы йæ куыстæй не ссæрибар кæной, уæдмæ, дам, мах никæцы сессийы исдзыстæм хайад.

Дзабиты лæппу фыднадæй кæй амард, ууыл алы ирон адæймаджы зæрдæ дæр фæрыст. Генпрокурор ахæм бардзырд радта органты кусджытæн, цæмæй фыднадæй амарой лæппуйы?

Алцæмæн дæр ис закъон æмæ фыдгæнджытæ дзуапп ратдзысты закъоны раз.

Ацы æвирхъау хъуыддаджы æнæбындурæй аххосджын кæнынц Президенты дæр.  Бæстæйы сæргълæууæг чифæнды ма уæд, цъыф ыл ма кал, кад ын кæн. Кæд ын дæ бон феххуыс нæу, уæд æй хъыг дæр ма дар.

Кæд бирæ хъизæмæрттæ бавзæрстам æмæ туг ныккалд, уæддæр гуырдзыйы дзæмбытæй кæй суæгъд стæм, хæдбар паддзахады кæй цæрæм, нæ хъысмæт нæхи бар кæй у, уый кæуылты хъуыддаг у! 2008 азы уæды Уæрæсейы къухдариуæггæнджытæ Медведев æмæ Путины фæрцы уыцы хæрзиуæгон хъуыддаг нæ къухы бафтыд æмæ цард-цæрæнбонты лæудзæн алы ирон лæджы зæрдыл дæр.

Тæссаг дуг куы ралæууы, уæд адæм сæхицæн разамонæгæй равзарынц, разамонæджы курдиат кæмæ ис, ахæм дардмæуынаг политикы. Ахæм миниуджытæй æххæст у нæ цытджын Президент Бибылты Анатоли. Уый кусы адæмы фæрныгад фæхуыздæр кæныныл, паддзахад сфидар кæныныл æмæ æддагон бæстæтимæ бастдзинæдтæ аразыныл, хорз хæларадон ахастытæ йын ис Уæрæсейы къухдариуæгадимæ.

Хæсты рæстæджы нæ уарзон горæт Чъреба афтæ ныддæрæн, æмæ йын сæндидзын æнхъæл ничиуал уыд. Фæлæ абон цард цæуы размæ, сырæзт дзы нырыккон æхсæнадон уагдæттæ, комму-налон цæрæн хæдзæрттæ, социалон нысанниуæджы объекттæ. Университет, театр, уазæгдоны бæстыхæйттæм кæсгæйæ, зæрдæйы равг фæхуыздæр вæййы, уынгтæ, сквертæ, фæзуæттæ аивæй-аивдæр кæнынц. Горæты пырх  хæдзæртты хицæуттæ уый æнхъæл нал уыдысты, æмæ сæ хæдзæрттæ искуы арæзт æрцæудзысты, фæлæ Президенты барамындæй сæ раздæры хуызæй фæхуыздæр сты. Æххуыс кæны фæкæсинаг сахъат адæймæгтæн. Йæ хъусдард æмæ æххуысы тыххæй дзы цæрджытæ сты бузныг.

Нырма аразинаг бирæ ис, уыдонæн рæстæг хъæуы, уысммæ аразæн сын нæй. Талф-тулфтæй стыр хъуыддæгтæ ничи аразы, уый хъуамæ æмбæрстгонд уа алкæмæн дæр. Мæскуы иу бонмæ нæ сырæзт. Нæ бæстæйы та æндæр регионтау нæй газы, нефты, сыгъзæрин æмæ æндæр зынаргъ згъæрты гуырæнтæ, денджыз дæр нæм дард у. Уымæ гæсгæ не ‘фтиæгтæ дæр сты кадавар. Не ‘нтыстыты фылдæр хай нæ къухы бафтыд Стыр Уæрæсейы фæрцы.

Æрæджы Уæрæсейы парламентаритæ нæ адæмы ныхмæвæрд хъуыддæгты тыххæй кæй æрцыдысты, уый ирон адæмæн сæрмæхæссинаг нæу.

Нæ Президент Бибылы-фырт дардмæ кæй уыны, уый схъауæн ныхас нæу. Цæвиттон, коронавирус куы фæзынд, уæд цæмæй цæрджытæ уыцы фыдбылызы хæцгæ низæй хызт уыдаиккой, уый тыххæй æмбæлон мадзæлттæ кæй райста, уый бирæты зæрдæмæ нæ фæцыд æмæ райдыдтой алыгъуызон дам-думтæ. Абхазы республикæйы, дам, систой карантин, мах, дам, æй цæй тыххæй нæ исæм, атæлфæн, дам, нын куы ничердæм ис.

Абхазы республикæимæ нæ хъысмæт бирæбæрцæй æмхуызон кæй у, уый æмбæрстгонд у. Фæлæ хынцинаг у, нæ уавæртæ æмæ нæ гæнæнтæ æмхуызон кæй не сты, уый дæр. Абхазы ис денджыз, ис дзы, цыдæриддæр зындгонд адæм уыди æмæ ис, уыдонæн дачæтæ, ис дзы ахæм бынæттæ, кæцыты фенынмæ адæм цыбæл кæнынц. Цæуынц сæм туристтæ, цæуынц сæм адæм денджызы был улæфынмæ, сæ экономикæ, се ‘фтиæгты фылдæр хай уырдыгæй гуыры.

Махмæ ахæмтæй ницы ис. Карантин систам æмæ коронавирусæн уадид йæ тъæпп ам фæцыд. Рынчынты нымæц нæм афтæ сбирæ, æмæ ингæнкъахджытæ сæ куыстыл  æххæсгæ дæр нал кодтой. Моргæй сæ комкоммæ уæлмæрдмæ ластой.

Нæ сыхæгтæ нæм кæй æвзидынц, фидыдыл кæй нæ разы кæнынц, уый дæр у ахъуыды кæнинаг. Сом цы ‘рцæудзæн, уый ничи зоны. Уæд та Жордания, Джугъели, Гамсахурдия, Саакашвилийы хуызæттæ сæ сæр сдардтой, уæд хицауады сæргъ хъуамæ уа æфсæддон-политик. Уæлдæр уымæн банысан кодтон, нæ абоны Президент æппæт æууæлтæй дæр у, абоны дуджы домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм. Кæмдæриддæр тæссаг хъуыддаг фæзыны, уым смидæг вæййы æмæ тасдзинад иуварс æрцæуы.

Ирон адæм фыдæй фыртмæ бæллынц, цæмæй Ирыстоны хуссар хай цæгатимæ баиу уа, дихгонд ма уа, уа иу Ирыстон, уый фæдыл сарæзта парти «Иугонд Ирыстон». Уый у йæ тых, йæ куысты сæйраг нысан æмæ Иры дзыллæйы фæндиаг йæ фæндтæ сæххæст уæд!

ЧЕХОЙТЫ Вася Самсоны фырт,

фæллойы ветеран

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.