Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женевæйы уагъдцæуæг дискусситæм бацæттæ кæныны нысанæн æрæджы Хуссар Ирыстонмæ æрцыдысты дунеон организациты минæвæрттæ. Уыдонæн фембæлд уыд дискусситы хуссарирыстойнаг делегацийы минæвæрттимæ. Делегацийы сæргълæууæг, фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Джиоты Мурат банысан кодта дискусситы форматы раз лæууæг хæсты ахсджиагдзинад.

«Нæ сæйраг хæс у  Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы æдасдзинад ифтонг кæныны фарстытыл бакусын. Нæ нысан та у бæрæг – тыхæй пайда кæй нал æрцæудзæн, уыцы юридикон бæрнджын документ бацæттæ кæнын æмæ регионы æдасдзинад сифтонг кæныны уавæртыл бакусын», – дзырдта Джиоты Мурат. Уый ма ныфс бавæрдта, дискусситы радон раунды кæй бакæндзысты æнтыстджын куыст. Æрсидт хайадисджытæм, бæрæг къахдзæф кæй сараздзысты, цæмæй сæ бон уа зæгъын, дискусситæ позитивон здæхты кæй цæуынц. Цы проблемæтыл цæуы дзырд, уыдон та скъуыддзаг кæй цæуынц.

Джиоты Мурат ма банысан кодта, зæгъгæ, нæ республикæйы сæ хъус дарынц, гуырдзиаг политиктæ кæй хъусын кæнынц, ома, Хуссар Ирыстоны хæлд цæуынц адæймаджы бартæ, уыцы фактмæ.

«Ам дзырд цæуы, дунеон æмæхсæнадмæ кæй аразынц сидт, ууыл. Ацы ныхæстæ сты ахъуыдыгонд, политизацигонд, фæлæ нæ республикæйы адæймаджы бартимæ конкретон ситуаци æвдисæг не сты æппындæр», – банысан кодта Мурат.

Евроцæдисæй æмсæрдар Герберт Зальбер дæр банысан кодта дискусситы радон раунды æнтыстджын куыст, зæгъгæ, нæ ныфс ис æмæ нын кæдæй уæдмæ нæ куыстæн уыдзæн фæстиуæг. Уымæн æмæ декабрь æмæ уый фæстæ марты уагъдцæуæг дискусситы æввахс уыдысты æмæ æппæт дæр арæзтой æмсæрдæрттæ, цæмæй, тыхæй пайда кæй нал æрцæудзæн, уыцы документ цæттæ æрцыдаид.

ИНО-йæ æмсæрдар Антти Турунен дæр йæ рады банысан кодта, Женевæ, зæгъгæ, у иунæг фæзуат, цыран дзырд цæуы фæрсты æхсæн æдасдзинад æмæ гуманитарон фарстаты фæдыл. Ахсджиагыл банымадта, Хуссар Ирыстоны ног къухдариуæгадимæ Женевæйы дискусситы фæлгæтты куыст дарддæр кæнынмæ цæттæдзинад.

ЕÆÆО-йæ æмсæрдар Гюнтер Бехлер банысан кодта, дискусситы æмсæрдæрттæ дæр кæй архайынц, цæмæй тыхæй пайда кæй нал æрцæудзæн, уыцы документ уа æмразы куысты фæстиуæг. Уымæй, зæгъгæ, арæзт æрцæуид æдасдзинады фарстытыл дарддæр уынаффæ кæнынæн хæрзвадат уавæртæ.

 

Хуссар Ирыстоны адæмы цæрын фæнды сабырдзинады

Дарддæр Женевæйы дискусситы æмсæрдæртты йæхимæ райста РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли. Уый куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстонæн ныртæккæ дискусситæ сты иунæг дунеон фæзуат, цыран æвдыст цæуы нæ позици, нæ домындзинæдтæ, Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн арæнты делимитацийы фæдыл хъуыдытæ, паддзахадон арæнтæ хъахъхъæныны фæдыл нæ бæстæ цахæм проблемæтыл æмбæлы æмæ Хуссар Ирыстонæн цас ахсджиаг у, тыхæй пайда кæй нал æрцæудзæн, уыцы документыл къухтæ бафыссын æмæ йæ оккупацигонд территори цæмæй мауал хоной, уый ахсджиагдзинад.

«Фæскавказы сабырдзинад бахъахъхъæныны уæ бæрндзинад æмæ цымыдисдзинад хынцгæ-йæ, мæ хъуыдымæ гæсгæ, сымах нæ æндæр коллегæтимæ, кæцытæ хайад исынц дискусситы, уыдзыстут ахæм позицийы дарддæргæн-джытæ, кæцытæ реалонæй ахъаз кæндзысты Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны æхсæн ахастытæ биноныг кæнынæн. Гуырдзыстоны позици кæд æвдыст цæуы бæрзонд дунеон фæзуатыл, уæд хорз уаид, æмæ Хуссар Ирыстоны фарсæн дæр фадат уа æмæ йæ позици æмæ хъуыдытæ æвдиса уæвæг проблемæйы фæдыл. Хуссар Ирыстоны территорийы оккупацигонд территори хонынц, æнæ уымæй дыууæ фарсæрдыгæй лигъдæтты фарст скъуыддзаг кæнынц – уый махæн у æнæмбæрст. Кæд æмæ нын ис закъонон æвзæрст къухдариуæгады, къухдариуæгад инс-титуттæ, демократон институттæ, кæцытæ сты Европæйы æппæт паддзахадты», – дзырдта Президент.

Дарддæр Бибылты Анатоли банысан кодта уæвæг проблемæтæм æмсæрдæртты принципиалон ахаст. Сымах, зæгъгæ, куыд æртыккаг фарс, кæцы æппындæр ницы тæгтæй баст у æндæр фарсимæ – уæ бон у, Хуссар Ирыстоны цы реалон уавæр ис, уый дунеон æмæхсæнадмæ хæссат.

«Хуссар Ирыстоны адæмы фæнды сабырдзинады цæрын, уымæн æмæ бирæ зындзинæдтæ бавзæрстой Гуырдзыстоны къухдариуæгады æнæхъуыды митæ æмæ геноциды фæстиуæгæн.  Уымæ гæсгæ  мах ноджыдæр фидарæй лæууæм ууыл, æмæ, æцæгдæр, геноцид нымад æрцæуа  æмæ нæ фæнды, цæмæй йæ сымах дæр æмбарат», – банысан кодта Президент.

Евроцæдисæй æмсæрдар Герберт Зальбер арфæ ракодта Бибылты Анатолийæн, паддзахады сæргълæууæджы бынатмæ æвзæрст кæй æрцыд. Бузныг ын загъта, Женевæйы дискусситы куыст адарддæр кæныны фарс кæй у.

«Хуымæтæг нæу иу хъуыдымæ æрцæуын. Мах, æмсæрдæрттæ, нæ разы æвæрæм хæс æппæт дæр аразын, цæмæй фæрог кæнæм, ам цы адæм цæры, уыдон хъысмæт. Нæ куысты ахсджиаг хай у гуманитарон фарстытыл бакусын. Ӕмæ нын иууыл сæйраг та у – æдасдзинады фарст. Дзырд цæуы, тыхæй пайда кæй нал цæудзæн, уыцы конкретон фарстыл. Ӕмæ нæ ныфс ис, æввахс рæстæджы уыцы текст ист кæй æрцæудзæн. Уый нæ къухты куы бафта, уæд нын ратдзæн нæ дарддæры куыстæн хорз импульс. Ӕрмæстдæр ацы фарст ахсджиаг у регионы æдасдзинадæн», – банысан кодта Зальбер.

Йæ рады ИНО-йæ æмсæрдар Турунен банысан кодта, зæгъгæ, æмсæрдæрттæ архайдзысты, цæмæй дискусситы хайадисджытæ, проблемæ-тæ бæстон кæныны фæдыл арой иумиаг фæндæттæ. Фыццаджыдæр уый хауы, цæмæй тыхæй пайда мауал æрцæуа, уыцы фарстмæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ йын æхсызгон у дунеон организацитимæ æмгуыст кæнын, цæмæй куыст дарддæр цæуа Хуссар Ирыстоны.

Чысыл брифинг

Женевæйаг дискусситæм цæттæгæнæн фембæлдæн фæстиуджытæ аразгæйæ, Евроцæдисæй æмсæрдар банысан кодта, фембæлд кæй уыд цымыдисон. Уымæй дæр, зæгъгæ, Президент бафидар кодта Хуссар Ирыстоны цымыдисдзинад Женевæйы дискусситæм.

ЕӔӔО-йæ æмсæрдар йæ рады банысан кодта, фембæлды дзырд кæй цыд Хуссар Ирыстонæй æбæрæг сæфт æмбæстæгты тыххæй. Марты мæйы, зæгъгæ, нæ эксперт æрбавдыста бакæнгæ куысты фæдыл хыгъд. Женевæйы радон раунды йæ куыстæн цæудзæн аргъ. Ацы аз Сырх Дзуары комитетимæ иумæ дарддæр цæудзæн куыст æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты фæдыл æмæ æнхъæлмæ кæсдзыстæм фæстиуджытæм.

ИНО-йæ æмсæрдар йæ рады банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны Президентимæ фембæлды фæстиуæгæн нысан æрцыд, цæмæй дунеон æмæхсæнадмæ регионы проблемæты фæдыл информаци хæццæ цæуа. Куыд дунеон организацийы минæвар, афтæ ныфс бавæрдта, ацы ахсджиаг фарстыл кусын, цæмæй йæ коллегæтæ бынаты зонгæ кæной регионы уавæримæ.

Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Джиоты Мурат банысан кодта, æмсæрдæртты фембæлд паддзахады сæргълæууæгимæ ахсджиаг кæй у, цыран бæстæйы сæргълæууæг ирдæй банысан кодта Хуссар Ирыстоны приоритеттæ Женевæйы дискусситы.

Къæбулты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.