Куыд зонæм, афтæмæй Уæрæсейы æххуысæй РХИ-йы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг  Инвестицион программæйы фæлгæтты æмæ   нæ паддзахады алы æмæ алы арæзтадон фирмæты руаджы дарддæр кæнынц нæ республикæйы арæзтадон æндидзынгæнæн куыстытæ. Ацы аз дæр та 2015-2017 азтæн Инвестпрограммæйы нывæзтмæ гæсгæ капиталон цалцæггонд цæуынц нæ горæты 12 уынджы.  Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдæттæ уынгæйæ,  барайы нæ паддзахады алы æмбæстаджы зæрдæ дæр. Уый у нæ Райгуырæн бæстæйы размæцыды бæрæггæнæнты сæйрагдæртæй сæ иу, æмæ йæ бæстæ уарзон кæмæн у, уыдонæн ацы фарст у ахсджиаг.  Фæлæ стыр хъыгагæн, ацы хъуыддаг фæстаг 9 арæзтадон азты дæргъы ныр-ма нæ бандæвта нæ республикæйы иуæй-иу  уынгты уавæрыл.

Ахæм уавæры сты нæ горæты цæгатварсæрдыгæй Едысы æмæ Дмитровы уынгтæ дæр.  Ацы дыууæ уынджы уавæры тыххæй кæд, цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæ куырдиæттæ бирæ æмбæлон инстанцитæм бахастой, уæддæр нырма дæр уыдон сты æнæ-арæзт.

«Фæстаг азты, 2008 азы августы гуырдзиаг-ирон хæстон архæйдтытæй фæстæмæ нæ республикæ ис рæзты æмæ размæцыды фæндагыл. Æндидзыд æрцыдысты бирæ сæрмагонд æмæ паддзахадон нысаниуæджы бæстыхæйттæ. Афтæ ма бæрæг фæхуыздæр ис нæ горæты уынгты уавæр æмæ ныртæккæ дæр дарддæр  кæнынц æндидзынгæнæн цалцæггæнæн куыстытæ. 1989-2008 азты нæ республикæйы  æрцæугæ цаутæ йæхи цæстæй чи федта, æмæ ма уый фæстæ та æндидзынгæнæн азты райдайæны нæ горæты цъыфдзаст, рыг æмæ æдзæллаг уавæрты чи рацард, уыдонæй хъуамæ алчи дæр æмбæлон аргъ скæнид нæ республикæйы ныртæккæйы цардуагон уавæртæн.

Мах, Цхинвалы  Едысы æмæ Дмитровы уынгты цæрджытæ дæр, райгонд стæм нæ горæты, æмæ ныр та  ног, паддзахады статусы чи бахызт, уыцы бæстæйы къухдариуæгадæй, афтæ ма чи дæриддæр бакуыста нæ рæзгæ фæлтæры рæсугъд фидæн саразыныл, æппæт уыдонæй. Фæлæ, хъыгагæн, нæ уынгты, цыран мах кæнæм не ‘рвылбонон цард æмæ рæзынц нæ сабитæ, уым уавæр нырма æппындæр ницы фæивта. Рагæй фæстæмæ, суанг ма 80-æм  азты дæр, ацы дыууæ уынджы уыдысты æмæ ныр дæр сты æдзæллаг уавæры. Æрдæг æнусмæ æввахс Едысы уынджы ивд не ‘рцыдысты зæххы бын комуникацитæ æмæ доны хæтæлтæ. Нæ хæдзæрттæй рахизæнтæ къæвдабонты æмæ зымæгон рæстæджыты вæййынц цъыфбадæнтæ. Цæмæй горæтмæ сыгъдæгæй рахизай, уый тыххæй нæ бахъæуы кæнæ ивæн къахы дарæс, кæнæ та транспортыл ацæуын. Махæй алкæмæн уыцы уавæр нæй æмæ æййафæм зындзинæдтæ. Къæвда рæстæджыты, уæлдайдæр та уалдзæг æмæ фæззыгон тæркъæвдаты рæстæджы, Дмитровы уынджы уæллаг кæронæй ралæдæрсынц  иннæ уынгты къæвдадæттæ, стæй ма сæм æрбаиу вæййы, дыууæ уынджы ‘хсæн цы канализацион люк ис, уый чъизи дон дæр æмæ дарддæр ракæлы Едысы уынджы цæрæнхæдзæртты æхсæнты. Бакæлы хæдзæртты ныккæндтæм æмæ разиан кæны адæмæн. Ацы уалдзæджы дæр та афтæ разиан кодта цалдæр хæдзарæн. Ныккæндты сын цы хæлцадон продуктты фæсауæрцтæ уыд, уыдон фесты чъизи доны  бын æмæ нал сбæззыдысты. Ныккæндтæй дон ссыгъдæг кæнынмæ та бахъуыд Уæлвæткон уавæртæ æмæ æрдзон æнамонддзинæдтæ иуварс кæныны министрадмæ бахатын æххуысмæ.

Едысы уынджы ис 44 цæргæ хæдзары. Уыдонæй алы хæдзары дæр ис скъолайы кæнæ скъолайы агъоммæйы кары сабитæ. Мах, ныййарджытæ, ныридæгæн тыхсæм, нæ сабитимæ та скъолайы рæстæджы цы зындзинæдтæ æййафдзыстæм, уый тыххæй. 9-æм скъола æмæ нæм сывæллæтты 8-æм цæхæрадон кæд хæрзæввахс сты, уæддæр фылдæр хатт, сабиты бакæнын фæхъæуы машинæтыл», – загътой Едысы уынджы  цæрджытæ.

Хуыздæр уавæры не сты Дмитровы уынджы цæрджытæ дæр. Ацы уынджы ис дыууæ ахуырадон уагдоны – 9-æм астæуккаг скъола æмæ сывæллæтты 8-æм рæвдауæндон. Ацы ахуырадон уагдæтты коллективтæ æмæ ныййарджытæ дæр, уынджы цæрджытимæ иумæ æййафынц зындзинæдтæ, уынджы æдзæллаг уавæры тыххæй.

Едысы уынджы цæрджытæ ма куыд загътой, афтæмæй, уыдон æввахс рæстæджы арвыстой сæ куырдиат нæ паддзахады Президент Бибылты Анатолимæ, сæ уынгты æдзæллаг уавæры фæдыл æмæ курæг сты нæ паддзахады къухдариуæгадæй, цæмæй сын сæ проблемæмæ хъусдард æрцæуа.  Фидарæй сæ уырны, æввахс рæстæджы сæ проблем-мæ  скъуыддзаг кæй æрцæудзæн.

Хуыгаты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.