Куыд зонæм, афтæмæй Уæрæсейы æххуысæй РХИ-йы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг  Инвестицион программæйы фæлгæтты, дарддæр кæнынц нæ республикæйы арæзтадон-æндидзынгæнæн куыстытæ. Уый у нæ Райгуырæн бæстæйы размæцыды  бæрæггæнæнты сæйрагдæртæй сæ иу, æмæ йæ бæстæ уарзон кæмæн у, уыдонæн   ацы фарст у ахсджиаг.  Фæлæ сæ аразыны рад кæмæн нæма æрхауд, уыцы уынгты цæрджытæ тыхсынц. Уæлдай тыхстдæр уавæры, æвæццæгæн, сты Едысы уынджы цæрджытæ.

Ацы  уынджы уавæры тыххæй кæд цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæ куырдиæттæ иу æмæ дыууæ хатты нæ бахастой æмбæлон инстанцитæм, уæддæр нырма уавæр у æнæивгæ.

«Фæстаг азты нæ республикæ ис рæзты æмæ размæцыды фæндагыл. Æндидзыд æрцыдысты бирæ сæрмагонд æмæ паддзахадон нысаниуæджы бæстыхæйттæ. Афтæ ма бæрæг фæхуыздæр ис нæ горæты уынгты уавæр æмæ ныртæккæ дæр дарддæр  кæнынц æндидзынгæнæн цалцæггæнæн куыстытæ. 1989-2008 азты хæсты фæстиуджытæ йæхи цæстæй чи федта, æмæ ма уый фæстæ та æндидзынгæнæн азты райдианы нæ горæты цъыфдзаст, рыг æмæ æдзæллаг уавæрты чи рацард, уыдонæй хъуамæ алчидæр æмбæлон аргъ скæнид, нæ республикæйы ныртæккæйы цардуагон уавæртæ куыд фæивтой, уымæн.  Мах, горæт Цхинвалы Едысы уынджы цæрджытæ, райгонд стæм нæ паддзахады къухдариуæгадæй, афтæ ма чидæриддæр  бакуыста нæ рæзгæ фæлтæры рæсугъд фидæн саразыныл, æппæт уыдонæй. Фæлæ, хъыгагæн, уыцы ивындзинæдтæ нырма дæр не ‘рбахæццæ сты мах уынджы онг. Æрдæг æнусмæ æввахс Едысы уынджы ивд нæ цыдысты коммуникацитæ æмæ доны хæтæлтæ. Уынгмæ рагæй кæй нæй хъусдард, уый тыххæй дзы сæвзæрд дзыхъхъытæ æмæ хæдзæрттæй рахизæнтæ къæвдабонты æмæ зымæгон рæстæджыты вæййынц цъыфбадæнтæ. Цæмæй горæтмæ сыгъдæгæй рахизай, уый тыххæй нæ бахъæуы кæнæ ивæн къахы дарæс, кæнæ та транспортыл ацæуын. Махæй алкæмæн уыцы уавæр нæй æмæ æййафæм зындзинæдтæ.  Дон бакæлы хæдзæртты ныккæндтæм æмæ уым цы хæлцадон продуктты фæсауæрцтæ вæййы,  уыдон нал сбæззынц. Ныккæндтæй дон ссыгъдæг кæнынмæ та бахъæуы Уæлвæткон уавæрты министрады кусджытæм фæдзурын», – зæгъынц Едысы уынджы  цæрджытæ.

Едысы уынджы ис 44 цæрæг хæдзары. Уыдонæй алы хæдзары дæр ис скъолайы кæнæ скъолайы агъоммæйы кары сабитæ. 9-æм скъола сæм хæрзæввахс у, фæлæ сабиты бакæнын фæхъæуы машинæтыл. Ацы уынг кæд рагæй нæ баййæфта капиталон цалцæг, уæддæр-иу æй цæрджытæ сæхи тыхтæй  араст кодтой æмæ-иу ыл æркалдтой хуыр. Фæлæ 2008 азы хæсты рæстæджы ам ныппырх сты æмæ басыгъдысты цалдæр хæдзары. Уыдон æндидзынгæнæн-арæзтадон куыстыты рæстæджы, æмæ ма æрæджы канализацион хæтæлтæ ивын куы райдыдтой, уый фæстиуæгæн бынтон æдзæллаг уавæрмæ æрцыд.

«Æрæджы ам райдыдтой зæххы бын канализацион æмæ газы хæтæлтæ ивын, уый тыххæй скъахтой уынг. Газы хæтæл арæзт фесты кæронмæ, фæлæ канализацион хæтæл баззад æрдæгарæзтæй. Афтæмæй сæ куыст нæ бакодтой кæронмæ, æмæ ма уынг та куыд сызмæстой, афтæ пырхæнтæй баззад ныры онг дæр», – зæгъы Едысы уынджы цæрæг Остъаты Людмилæ.

Ацы уынгмæ хæстæг уынгтæ се’ппæт дæр хаст æрцыдысты 2018-2019 азтæн Инвестпрограммæмæ æмæ æввахс рæстæджы æрцæудзысты цалцæггонд, фæлæ та Едысы уынг баззад Инвестпрограммæйы фæлгæттæн æдде.

Горæт Цхинвалы Администрацийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады сæргълæууæг Лалыты Сослан куыд загъта, афтæмæй «ацы уынгыл раздæр арæх цыд хуыр калд, æмæ кæй сбæрзонд, уый тыххæй ныр къæвдайы дæттæ бакæлынц хæдзæрттæм. Уымæ гæсгæ у капиталон цалцæгкæнинаг. Фæлæ, хъыгагæн, Инвестпрограммæмæ хаст кæй не ‘рцыд, уый аххосæй махæн нæ бон нæу капиталонæй йæ саразæм. Мах фæнд кæнæм йæ дзыхъхъытæ йын алæгъз кæнын æмæ йыл ногæй хуыр æркалын».

Хуыгаты Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.