Абон Ирыстоны æнæмæнгдæр хъæуы ахуыр, хъаруджын фæсивæд, кæцытæ ирд æмæ цымыдисонæй рæхсынц сæ хъуыдытæ райхалынмæ. Сæ дæсны архайд æмæ сæ профессионалон æнтыстыты фæрцы уыдон пайда хæсдзысты сæ Фыдыбæстæйæн. Фæсивæд кæддæриддæр хъуамæ уой ныфс æмæ æнцой нæ паддзахадæн, нæ фидæнæн.

Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты байгом исæн къамис 2022-2023 ахуыры æзтæн. ХИПУ официалон сайт куыд хъусын кæны, афтæмæй куырдиæттæ исын райдыдтой 1 июлæй. Исæн къамис йæ куыст адарддæр кæндзæн 15 июлы онг, фæсаууон-мæ æмæ коммерцион бындурыл ахуырмæ цæуджытæн та 20 июлы онг.

Университеты боны хайадмæ ахуырмæ чи цæуы, уыдонæн ис фадат равзарын ахæм факультеттæй: биологи æмæ хими, дунеон журналистикæ, фæсарæйнаг æвзæгтæ, истори, математикæ æмæ информатикæ, ирон æвзаг æмæ литературæ, уырыссаг æвзаг æмæ литературæ, педагогикæ æмæ райдиан ахуырады методикæ, психологи, сæудæджерадон æмæ æмбæстагон арæзтад, экономикæ æмæ юриспруденци.

Фæсаууонмæ хайады та ис равзарæн ахæм дæсныйæдтæй, куыд биологи, скъолайы агъоммæ педагогикæ æмæ психологи, ирон æвзаг æмæ литературæ, уырыссаг æвзаг æмæ литературæ, физикон культурæ, педагогикæ æмæ райдиан ахуырады методикæ.

Фидгæ бындурыл кусдзысты Паддзахадон муниципалон управленийы фæсаууонмæ хайæдтæ дæр, дунеон журналистикæ, финанстæ æмæ кредит, истори, æхсæнадæмон ахастытæ, автомобилтæ æмæ автомобилон хæдзарад, сæудæджерадон æмæ æмбæстагон арæзтад, фармаци, юриспруденци æмæ психологи.

Фæнды мæ, журналистикæйы дæсныйад чи равзæрста æмæ студент чи суыдзæн, уыдонæн журналистикæйы факультеты тыххæй мæ хъуыдытæ радзурын, уымæн æмæ мæхæдæг дæр равзæрстон уыцы дæсныйад. Фыццаджы-фыццаг  курдиат хъуамæ мады гуыбынæй рахæссай. Фæлæ хорз фыссæг æмæ журналист суæвынæн уый фаг нæу. Хъæуы зонындзинæдтæ исынмæ тырнындзинад, хи фæлварын. Царды ахсджиаг цы у, адæмы хъуыдытыл цы бафтаудзæн, ахæм темæтæ хъуамæ æвзарын зона æмæ сæ ирд фæлгонцты фæрцы æвдисын фæраза. Адæймагæн йæ зæрдæйы бынæй цы цæуы, искæй зæрдæмæ дæр уый хъары, уымæ гæсгæ суинаг журналистæн хъуамæ уа æнкъараг æмæ сыгъдæг зæрдæ. Журналисты хъуыдытæ хъуамæ æдзухдæр йе ‘рмæгимæ баст уой. Хъуамæ дзы тыхсгæ ма кæна, фæлæ дзы  æхсызгондзинад иса. Цас ыл фылдæр фыдæбон кæна, уыйас ын хъуамæ фылдæр цин хæсса æмæ йæ кусынмæ ноджы тынгдæр разæнгард кæна. Уымæй уæлдай ма йын хъуамæ агура цымыдисгæнæн фæрæзтæ. Журналист хъуамӕ ӕвдиса, адӕмы цард куыд у, афтӕ, ма хъуамæ тæрса æхсæнады уæвæг проблемæтæ æвдисын æмæ сыл дзурынæй.

Нæхи университеты ис бæрзондквалификациджын журналистикæйы фадыджы кадртæ. Уыдонæн ацы бынат у сæхи хæдзары хуызæн. Студенттæн амонынц  фидæны царды фæндагмæ фыццаг къахдзæфтæ.

Нæ сомбоны журналисттæн æппæт уавæртæ дæр арæзт æрцыдысты, цæмæй се ‘хсæн ахуыр-хъомыладон куыст цæуа нывыл. Ахуыры хъуыддаджы та адон сты æнæмæнгхъæуæг, уымæн æмæ ахуыргæнæг æмæ студент лекцийы рæстæджы хъуамæ пайда кæ-ной алыгъуызон техникон фæрæзтæй. Архайой ууыл, цæмæй се ‘рвылбонон цард уа цымыдисон, фидæны та сæ аккаг адæймæгтæ рауайа. Хъомылгæнджытæ æмбарынц, сæ разы цы стыр хæстæ æвæрд ис, уый, сомбоны фæлтæр цавæр уыдзæн, уый уыдонæй аразгæ кæй у. Уымæ гæсгæ архайынц студенттæн уавæртæ саразыныл.

Фæсивæд журналисты дæсныйад райсынмæ цæуынц æхсызгонæй. Фæнды сæ мыхуырон дзырд æмæ ныхасы фæрцы адæмæн æхсызгондзинад хæссын, республикæйы иумæйаг хæрзæбоныл кусын. Ууыл та дзурæг у уый, æмæ журналистикæйы факультеты студенттæй бирæтæ ахуыр нæма фæвæййынц, афтæмæй кусын кæй райдайынц республикæйы радиойы, телеуынынады, газетты редакциты.

ХИПУ-йы журналистикæйы факультеты ахуыргæнджытæн фидар зонадон æмæ ахуырадон бастдзинæдтæ ис нæ бæстæйы  Ахуыргæнджыты квалификаци фæбæрзонддæр кæныны институт, журналистикæйы фадыджы ахуыргæнджытимæ æмæ дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттимæ.

Журналистикæйы ахуыр кæнынц æндæр æмæ æндæр предметтæ. Стыр хъусдард здæхт цæуы ирон литературæмæ. Уый у ныхас кæныны, хъуыдытæ æргом кæныны, нæ адæмы царды тыххæй зонындзинæдтæ кæрæдзийæн дæттыны фæрæз. Ранымад уавæртæ амонынц предметы хицæндзинад: ирон литературæ хъæздыгдæр æмæ мидисджындæр кæны студентты миддуне, сæ дунембарынад; ирон литературæйы фæрцы уыдон базонгæ вæййынц сæ рагфыдæлты историимæ, нæ адæмы культурæ æмæ царды уагимæ. Æмæ уый та журналистæн у æнæмæнгхъæуæг.

БИТАРТИ Алыксандры чызг Зойæ, филологон зонæдты кандидат, профессор, 1996-2009 азты журналистикæйы факультеты декан: – Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институт 1993 азы ивд æрцыдис паддзахадон университетæй. Конд æрцыдис цалдæр ног факультеты, уыдоны нымæцы – журналистикæйы факультет дæр (1994-1995-æм азты). Фыццаг рауагъд нын уыдис 1999-2000 азты, æмæ афтæ зæгъæн ис, курсæн йе 60-æм хай кæй уыдысты хорз цæттæ. Уыцы азты сын бакодтам сæрмагонд студи дæр, æмæ дзы суанг 2008 азмæ сæ дæсныйад хуыздæрæй-хуыздæр кодтой не студенттæ. Растдæр уыцы азты рауагъдонтæн сæ фылдæр кусынц абон нæ дзыллон-информацийы фæрæзты дæр. Фæлæ 2008 азы хæсты фæстæ ацы факультеты ахуыр чысыл фæнымæг, уый тыххæй нæ, æмæ студи кæй басыгъд, гъе та ахуыргæнджытæ сæ куыст фæлæмæгъдæр кодтой, фæлæ астæуккаг скъолаты рауагъдонтæ агуылф кодтой æддæмæ, Уæрæсейы стырдæр горæттæм. Уымæ гæсгæ абон махæн, лектортæн, зындæр у семæ кусын, фæлæ уæддæр быхсæм, архайæм, уымæн æмæ йæ æмбарæм: паддзахад рæзгæ кæны, æмæ горæтты, районты администрацитæ хъуамæ уадзой сæхи прессæ, скусын кæной сæхи радиотæ, æмæ уымыты та хъæуы кадртæ. Æрмæст мæм ис ахæм бæллиц: ахуыр кæнынмæ нæм фылдæр куы цæуид сфæлдыстадон, хъуыдыджын фæсивæд æмæ ма, æхсæнады цаутыл уынаффæгæнгæйæ, хронологийы афыстимæ иумæ арæхдæр куы уыниккам æмбæлон анализ дæр.

Гъе, æмæ журналистикæйы факультеты ахуыргæнджытæн нæ зæрдæ зæгъы кадртæ цæттæ кæныны хъуыддаджы бæрзонд профессионалон цæттæдзинад, æмæ нæ студенттæн та – стыр æнтыстытæ сфæлдыстадон куысты.

                        ДРИАТЫ Лейла

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.