ЛЕГЕНДАРОН ТОХЫ ЛЕГЕНДАРОН ХЪАЙТАРТÆ

190 азы размæ ныхъæр Чеселтгомы цæрæг адæмы хъæбатырдзинады кой. 1830 азы гуырдзыйы æлдæртты ардыдæй Хуссар Ирыстоны Чеселты комы цæрæг адæмы басæттынмæ инæлар Ренненкампфы æфсад куы бабырстой, уæд армыдзаг хæстон къорд Коцты Бегайы сæргълæудæй æнæмсæр тох самадта хъомысджын æфсады ныхмæ. Чеселттаг хæстонтæ бацыдысты Хъолайы мæсыгы хуылфмæ æмæ афтæмæй хъахъхъæдтой сæ фыдæлты зæхх. Мæсыгы къултæ афтæ фидар разындысты æмæ йын паддзахы æфсады сармадзантæ дæр ницыуалхъом уыдысты. Уæд æфсады раздзог йе ‘фсадæн бардзырд радта, цæмæй райдайой пыхсхъæд æмбырд кæнын æмæ сæ мæсыгы алыварс самайой. Цалдæр боны цы пыхс фембырд кодтой, ууыл арт бандзæрстой, фæлæ уæддæр Бега æмæ йæ хæстонтæм сæхи раттыны фæнд нæ уыд. Уæдмæ ссыгъд мæсыгæн йæ хъæдæмбæрзт. Тас уыд, судзгæ агъуыст сыл бынмæ куы ныххаудаид, уымæй – иууылдæр цъыбыртты сыгъд бауыдаиккой. Уæд хъæубæстæй чидæр дардæй ныхъæр кодта:

– Бега, дæ худ судзы æмæ йæ аппар!

Бега нæма федта, мæсыгæн йæ агъуыст кæй ссыгъд, уый æмæ «дæ худ аппар» куы фехъуыста, уæд æй афтæ бамбæрста, ома дæхи радт… Æмæ мæсыгы хуылфæй ныхъæр кодта:

– Нæ, Бега йæ худ никуы аппардзæн!

Уæдмæ сыл судзгæ агъуыст ныккалд, æмæ сын уæд дуарæн æнæбакæнгæ нал уыд – фæлæ сæхи радтыны тыххæй нæ, удæгасæй басудзыны бæсты равзæрстой хъæбатыр мæлæт. Цалынмæ сæ скуынæг кодтой, кæнæ уæззау цæфтæй сæ къухмæ бахаудысты, уæдмæ кард æмæ æхсаргардæй тох кодтой сæ комбæсты кад æмæ намысы сæрвæлтау.

Уыцы тохы фæстæ Коцты Бегайы ном куыд дардыл ныхъæр, афтæ ныхъæр Къæбысты Акайы ном дæр. Бирæтæ афтæ нымайынц, цыма Къæбысты Ака у Джусойты Нафийы (роман «Фыдæлты туг» æрымысгæ литературон фæлгонц. Фæлæ уый раст нæу, уымæн æмæ Къæбысты хъæбатыр æмæ номдзыд лæг Ака дæр уыдис реалон, историон адæймаг.

 Ака Бегайæ азтæй хистæр уыд æмæ йæм уымæ гæсгæ иууылдæр кастысты раздзоджы, зондамонæджы цæстæй. Уæрæсейы паддзахиуæгады фæндонмæ гæсгæ Чеселты коммæ адæмимæ баныхас кæныны тыххæй зынгæ ирон рухстауæг, йæ заманы Кавказы ахуыргонддæр адæмæй сæ иу – Гæбæраты Иуанейы куы барвыстой, уæд уыйимæ дæр адæмы номæй Ака ныхас кодта. Паддзахиуæгад чеселттæгты раз сæвæрдта ахæм цæхгæр домæн: кæнæ хæххон адæм хъуамæ суой коммæгæс, кæннод та бынтондæр скуынæг уой. Ака хорз æмбæрста, паддзахы бирæнымæц æмæ гæрзифтонг æфсады ныхмæ æрлæууын сæ бон кæй нæ бауыдзæн, уымæн æмæ хæст æгæр æнæмсæр уыдаид. Фæлæ ахæм домæныл сразы уæвын та нысан кодта сæ фыдæлты тугæй æлхæд зæххыл гадзрахатæй рацæуын æмæ цагъары къæлæт скæнын, адæймагон намыс искæй къæхты бынмæ æрæппарын. Æмæ рахаста уынаффæ: цæйнæфæлтау сæ уæрджытыл æрлæууой, фæлтау кады мæлæт ссарæд тохы быдыры.

Ц æ х х ы г о л

Ирон адæм сæ равзæрдæй фæстæмæ цы зæдтæ æмæ бардуæгтæм куывтой, уыдонæй иу у  Цæххыгол æмæ ирон мифологимæ гæсгæ нысан кæны цæххы бардуаг. Рагæй фæстæмæ ирон адæм цæххæй тынг аргъуц кодтой, уымæн æмæ йе ссарæн нæ уыд. Уыдис ахæм рæстæджытæ дæр нæ фыдæлтæн, цæхх сæм сыгъзæринæй зынаргъдæр куы уыд. Æнæхъуаджы нæм нæ баззад ахæм ныхас – «Цæхх æмæ къæбæр». Цæхх ирон адæммæ нымад цæуы фынджы сæрыл. Фынг æвæргæйæ дæр фынгыл фыццаг æнæхъуаджы не ‘рывæрынц цæхх æмæ йæ хъуамæ исгæ дæр скæной фæстагмæ. Цæхх фынгæй зæхмæ акалын нæ фæтчы, нæ дæр ын фынгæй сисгæ фæлхортимæ брондомæ ахæссæн ис.

Рагон ирон арфæтæ

*Цард-амондæй æфсæст æмæ хайджын у

*Адæмæн уарзон æмæ æмгарджын у

*Рухсзæрдæ цардæй бафсæд

*Царды фæндагыл дæ къах макуы скъуыр

*Цы-иу бахæрай, уый-иу дын тайæн уæд

*Рæстыбардуаг дын дæ хъуыддæгтæ рæстырдæм здахæд

*Тымбылхъæды дзуары уазæг у

*Каркау бæдулджын у, арсау – хъамбулджын

*Де ‘гъдау æмæ дæ сæры кад бæрзонд уæд

*Хуыздæрæй хуыздæрыл æмбæлæг у

*Быдыры дзуар æмæ галты бардуагæй фæдзæхст у

 *Æнæмаст фенгæйæ æнæ зынбавзаргæйæ фæцæр

ХЪÆЛДЗÆГ НЫХÆСТÆ

Сæ иуæй иннæ зондджындæр

Иу ус йе ‘дылыдзæф лæджы базармæ хъуг æлхæнынмæ æрвыста æмæ йын бафæдзæхста:

– Стыр фæздон кæмæн уа, ахæм хъуг-иу балхæн.

Лæг базары иу дынджыр богъ балхæдта æмæ йæ хъæумæ æрбаскъæрдта. Ус йæ размæ рауад æмæ йæ скъæты бакодтой, æрбастой йæ. Ус йæ лæджы афарста:

– Нæ лæг, нæ хъуджы радуцон.

– Радуц, – загъта лæг.

Ус къæртаимæ скъæтмæ бацыд. Фæлæ богъæй цы хъуамæ æрдыгътаид… Рахызт скъæтæй æмæ йæ лæгмæ дзуры:

– Ард дæ хæдзары бацæуæд, нæ хъуг, уæныг кæй фæхонынц, ахæм ма разына…

– Дæуæн къæртайы дзаг æхсыр кæнæд, æмæ фæнды хъуг уæд, фæнды уæныг, цы уæлдай дын у…

«Фæллад бæх»

Цардысты æмæ уыдысты мæгуыр лæг æмæ ус. Иу бон лæг хъæдæй æрцыд æмæ фæлладæй пецы раз æрбадти.

– Усай, гъеныр нын бæх куы уаид, уæд-иу сугтæ ууыл не ‘рдавин.

Ус дæр йæ пирын фæуагъта æмæ афтæ бакодта:

– Уæдæ, уæдæ, æз дæр-иу ме ссинаг куыроймæ æккойæ хæссыны бæсты бæхыл нæ ахæссин.

– Хуым дæр-иу уымæй нæ бакæниккам, – арф та ныуулæфыд лæг.

– Уæдæ, уæдæ, мæ цæгатмæ дæр-иу бæхыл нæ ныууаин, – батæхуды та кодта ус дæр.

Лæг пецы бынæй æндзарæн фелвæста æмæ усмæ лæбуры:

– Гъеныр фæллад бæхы дæ цæгатмæ куыд кæныс!..

Джызæйлаг арахъ

Иу лæг райсом раджы цыдæр хъуыддаджы фæдыл Джызæлмæ бахауд æмæ йын фысымтæ дуармæ  дурыны дзаг арахъ рахастой. Лæг бавдæлд æмæ дзы фæд-фæдыл ссæдз сыкъа анызта.

– Цæй, æгъгъæд мын фод, кæд джызæйлаг арахъæй ссæдз сыкъайæ иу уæддæр равзæрид, райсом раджы иу арахъ аназын та æвзæр нæу.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.