Хæстон фæтк æмæ ирон æгъдау

Уырыссаг-туркаг хæст йæ тæккæ тæмæны куы уыд (1877-78 азтæ), уыцы рæстæджы Ирон дивизионы командир Есиаты Аслæмырзæмæ фæсидтысты штабмæ, æмæ йын бауайдзæф кодтой, зæгъгæ, дивизионы æрыгон офицертæ лæггад кæнынц, карæй сæ хистæр чи у, ахæм рæнхъон хæстонтæн æмæ уымæй халынц æфсæддон дисциплинæ. Æмæ Аслæмырзæйæ карзæй æрдомдтой æфсæддон фæтк кармæ гæсгæ нæ, фæлæ цинмæ гæсгæ хъахъхъæнын. Уый сæм лæмбынæг байхъуыста, стæй сын сæ зæрдыл æрлæууын кодта, ирон дивизион арæзт кæй æрцыд бархионтæй.

Къамы: Есиаты Аслæмырзæ
йæ бинонтимæ, 1917 азы ист къам.

«Хæсты мах карзæй хъахъхъæнæм цинмæ гæсгæ хистæр-кæстæры ахастытæ, фæлæ йæ зонут, мах не гъдæуттæ æмæ традицитæ уæ хæстон фæткы тыххæй кæй нæ фехалдзыстæм. Фæндагыл цæугæйæ кæнæ улæфты рæстæджы карæй хистæр чи у, уыдон хæсджын сты, цæмæй лæггад кæной сæхицæй хистæртæн», – фидарæй загъта Есиайы фырт.

Штабы командæкæнынад куы бамбæрста, нæ сæ басæтдзысты, уæд æвæстиатæй фыстæг арвыстой паддзах Алыксандр II мæ. Дзуаппмæ æнхъæлмæ кæсын сæ бирæ нæ бахъуыд, паддзах сæм уайтагъд арвыста дзуаппон фыстæг: «Алцы дæр ныууадзут, куыд у, афтæ, æмæ ирæтты ма знæт кæнут».

Анархарсисы куырыхон ныхæстæй

«Куыд ис гæнæн, сайын ма уадзай, афтæмæй базары тæрхджытыл алкæй дæр сайай?»

«Базар, – дзырдта Анахарсис, – у сæрмагонд арæзт бынат кæрæдзи сайын æмæ кæрæдзийæ давынæн».

Геродот фыста: «Гректæ йын бирæ рæстæджы хъуыды кодтой йæхи æмæ йæ цыргъ ныхæсты. Иу афинаг ын йæ цæстмæ бадардта, йæ райгуырæн бæстæ тыхгæнæг кæй у, уый. Анахарсис ын дзуапп радта: «Мæнæн худинаг у мæ райгуырæн бæстæ, ды та дæ дæ райгуырæн бæстæйы худинаг».

Грекæгтæ Анахарсисыл куы худтысты, тыхæйисæг дæ, афтæмæй грекæгтæн зонд амоныс, зæгъгæ, уæд сын куырыхон скиф загъта: «Кæд уæхи æрхæсгæ скифаг кæрдзынæй сæфсадут, уæд скифаг куырыхондзинад цæмæй æвзæрдæр у? Кæд Скифыстон грекæгтæн хæссы экономикон фæрныгад, уæд цæмæй æвзæрдæр у мах, скифаг экономикон хъуыдыкæнынад?»

Анахарсисы бафарстой: «Раст дзурынц, зæгъгæ, сымах, скифтæ уазалы цæут бæгънæгæй?» Анахарсис дзуапп радта: «Сымах уазалы гом цæсгомæй нæ цæут? Гъемæ мæнæн мæ буар иууылдæр у – куыд цæсгом».

Хæйрæг æмæ хоры нæмыг

Хæйрæг хоры нæмыгæн загъта:

– Адæм зæхх скъахдзысты æмæ дæ уым нытъысдзысты.

Хоры нæмыг дзуры:

– Æмæ цы кæны, арф уидæгтæ ауаддзынæн зæххы æмæ цæх æвзарæй сæвзæрдзынæн.

– Æмæ дæ ууыл дæр нæ ныууаддзысты, куы сæвзæрай, уæд æфсир рафтаудзынæ æмæ дæ æртондзысты.

– Æмæ цы кæны, æфсиры хъусыгæй мæ фæхицæн кæндзысты æмæ сæрибар уыдзынæн.

– Нæ уыдзынæ сæрибар, банай дæ кæндзысты æмæ зыгуым æмæ цъæмæлтимæ схæццæ уыдзынæ.

– Æмæ цы кæны, дымгæмæ мæ сисдзысты, дымгæ цъæмæл ахæсдзæн æмæ мæ сыгъдæгæй къутуйы бафснайдзысты.

–  Æмæ дæ къутуйы нæ ныууаддзысты, куыройы дæ æрысдзысты, де ссадæй хыссæ снæмдзысты, стæй дæ кæрдзын скæндзысты.

– Æмæ цы кæны, адджынæн мæ бахæрдзысты.

– О, фæлæ дæ уыцы бон куынæ бахæрой, уæд дæ дыккаг бонмæ ныууаддзысты, æмæ дæ ногæй дыдзы хъарм скæндзысты.

Хоры нæмыг, дыккаг бонмæ дæ ныууаддзысты, зæгъгæ, уый фехъусгæйæ йæхи нал баурæдта æмæ скуыдта…

Ирон æмбисæндтæ æбардзинад æмæ мæгуырдзинады фæдыл

*Хъалы сагъæс – мæгуыры тары

*Æлдары кой хъæдрæбын кæнынц

*Иу фырæфсæстæй куырм вæййы, иннæ та – фырæстонгæй

*Æлдар нæмаг у, мæгуыр – кæуаг у

*Хъæздыджы цард мæгуыры уаргъ у

*Искæй къухы сындз ныхсаг нæу

*Бонджыны фæсдуайраг мæгуырæн рæбинаг у

*Иу æлдар йæхинымæры зарыд æмæ йе ххуырсты фæнадта, цæмæннæ, дам, мын хъырныс

*Хъæздыджы цæст æнæфсис у, дзæнæты хуссар дæр æм нарæг кæсы

*Бонджыны сыджытæй мæгуыры хуыр хуыздæр у

*Хохы мæсыгджын сæфы, быдыры – æлдарджын

*Хъалонæй хъæздыг лæг схъæлæй цæуы, мæгуыр та – гуыбырæй

*Æгуыстæй цæрын искæй фæллой хæрын нысан кæны

*Ныхджын рæбинаг кæны

Хъæлдзæг хабæрттæ

БАДГÆЙÆ МИНАС

Иу лæг хæххон хъæумæ уазæгуаты бахауд. Фынгыл æй рабадын кодтой. Хистæр куыддæр сысты æмæ ракувы, афтæ фынгылбадджытæ дæр сæ бынæттæй фестынц. Уазæг сæ цыма уынгæ дæр нæ фæкæны, уыйау йæхицæн бады æмæ минас кæны.

Уæд фысымтæ сæхи нал баурæдтой æмæ йæ афарстой:

– Ды цæмæннæ сыстыс, хорз лæг?

Уый сын дзуапп радта:

– Махмæ лæугæйæ фос хæрынц, адæм та – бадгæйæ.

ФЫРЫ ФЫСТÆГ

Бускъай     æн йæ сыхаг къæрных лæг уыди. Бавдæлд æмæ йын йæ фысты адавта. Иу бон дын сыхаг Бускъайы ноджы мæстæймарæгау куы афæрсид:

– Куыд у, Бускъа, дæ фыстæй ницыма бæрæг ис?

– Куыднæ, куыднæ, – фæцырд æм ис Бускъа. – Мæ сау фыркъайæ фыстæг райстон, дæ сыхагыл, дам, хæц.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.