Нарты кадджыты æнгæсдзинæдтæ «Стайы цармдарæг»-ы

  1. Нарты Уырызмæг йæ ныхасæн хицау разынд æмæ цæуы чысыл лæппуимæ йæ тых бавзарынмæ. Сатана йæ нæ уадзы, фæлæ йын Уырызмæг зæгъы: «Мæ бон нæу мæ дзырд фæсайын».

Поэмæйы дæр Автандилы фæнды Тариелмæ ацæуын. Ростеван æй нæ уадзы, фæлæ йын Автандил афтæ зæгъы: «Мæ бон нæу мæ дзырд фæсайын».

  1. Нарты кадджыты Бзар æрæмбырд кодта Нарты, цæмæй схæцой Елиайы ныхмæ æмæ сæ фæрсы: «Цы уæ фæнды, кадимæ амæлын æви худинагимæ цæрын?». «Худинагимæ цæрыны бæсты кады мæлæт хуыздæр», – дзуапп ын радтой Нартæ.

Поэмæйы хъайтартæ дæр арæх дзурынц афтæ: «Худинагимæ цæрыны бæсты кады мæлæт хуыздæр».

  1. Нарты Сосланæн йæ усаджы фесæфт хъусын кæны йæ хъомылгæнæг Сатана, йæ усаджы ссæрибар кæнынæн ын æххуыс кæны Батрадз.

Поэмæйы дæр Тариелæн йæ усаджы фесæфт хъусын кæны йæ хъомылгæнæг Асмат, йæ усаджы ссæрибар кæнынæн ын æххуыс кæны Автандил.

  1. Нарты Сосланæн балцы ацæуыны размæ Ацырухс дæтты йæ къухсæрфæн.

Поэмæйы дæр Тариелæн балцы размæ Нестан барвиты йæ къухсæрфæн.

  1. Нарты Сослан бацахста Хызы фидар æмæ паддзахы уацары ракодта. Уый фæстæ Нартæ ныббырстой фидармæ æмæ йын йæ фæллой иууылдæр рахастой.

Поэмæйы дæр Тариел бацахста Хатаетты фидар æмæ паддзахы ракодта уацары. Фидары цыдæриддæр фæллой уыд, уыдон рахастой теуатæ æмæ хæрджытыл

  1. Нарты Хæмыцы ус Нарты бæгъатыртæн бахуыйы хорз дарæс.

Поэмæйы дæр Придон хорз дарæс бахуыйы Тариел æмæ Автандилæн.

 

Ирон адæмы хæстæгдзинад зæдтимæ

Нырмадæр арæх ис фехъусæн, ирон адæм уæларвон зæдтимæ æмбадт æмвынг кæй уыдысты, уый. Уыцы ныхас баззад уымæн, æмæ нæ рагфыдæлтæ Нартæ зæдтæ æмæ дауджытимæ æмвынг кæй уыдысты. Кæрæдзимæ цыдысты куывдтæ æмæ чындзæхсæвтæм, се хсæн уыдис хæстæгдзинад дæр. Ацæмæз йæ усаг Агуындæйы куы хаста, уæд ын къухылхæцæг уыд Уастырджи, чындзхæсджытæн сæ разæй цыдис Ныккола, сæ тырысахæссæг та уыдис Быдыры зæд, Елиа та сæ размæ бæхыл хъазгæ рацыд. Нарты Мæргъуыдз æмæ Уастырджи уыдысты æмсиæхстæ. Дауджытæ Сосланæн цы лæвæрттæ фæкодтой, уыдон æртæ Нарты дæр хастой дисæн. Сатанайы фыд у Уастырджи, йæ мад та Донбеттыры чызг Дзерассæ. Сырдоны фыд уыдис суадæтты бардуаг Гæтæг. Батрадз та фылдæр уыдис уæларвы. Уæрхæджы фаззæттæ Æхсар æмæ Æхсæртæгыл нæмттæ сæвæрдта Куырдалæгон. Нарты хъæбатырты дæр Куырдалæгон кæй байсæры, уый сын ахъаз кæны стæры, карз тохты.

 

Рагон ирон дзырдтæ

Гагон къубус – цæрæн бынат бæрзонд ран, мæсгуытæ кæм амадтой, ахæм бынат.

Гæндзæхин – Нартæ кæй дардтой, ахæм лыстæгкъах фосы мыггаг.

Гебена – фырæмпъузынæй чи ныбæзджын вæййы, ахæм уæлæдарæс.

Гогойнæ – гогон, стыр хъуывгъан, дурын.

Гоцъеф – тыхджын богал, хъæбысæйхæцæг.

Гудунмæрзæн – хъисхъуымацæй хуыд базгонд, пецæй цы кæрдзын райсынц, уый асæрфынæн.

Гулууæзгуы – иууыл бæрзонддæр æфцæг.

Гуппургин – уæнгджын, тыхджын, æгъдауджын.

Гуымы ком – Нарты кадджыты бынаты ном, афтæ хуынди ныры  Пятигорскы бынат.

Гъосалгъ – хъусы алгъ.

Дангъахæтæл – рагон уадындз.

Даргъон – дыууæ хохы хсæн фæз бынат.

Дахран – сырхгъуыз сæрак.

Дæлмагур – мæрдтыбæсты рагон ном.

Дæлтъур – рагон ирон хæдзары артдзæсты фæйнæфарс æвæрд дурты ном.

Дидил – Идыл, цæугæдон Волгæйы ирон ном.

Донгомаг – иудадзыг доны мидæг чи ис, ахæм дур.

Доргæвдæс – стонг, æххормаг адæймаг.

Дудзи – изæры хур, хонынц ма йæ мæрдты хур дæр.

Дыхъусыг – стыр æрхуы аг бæгæны фыцынæн.

 

 

Хъæлдзæг хабæрттæ

СÆРЫ ЦÆФ

Æррабийы хуртуангæсæй баурæдтой. Кæрчытæ йын йæ хуртуанмæ лæбурынц, иуырдыгæй сæ куы асуры, уæд иннæрдыгæй ныццæвынц сæхи хуртуаныл. Уæд Æрраби нал бабыхста, йæ лæдзæг дардыл ныззылдта æмæ кæрчытæй иуы сæрæн – цæф. Карк зæххыл атылд, мæгуыр æмæ ма йæ къæхтæ тилы. Æрраби йæм кæсгæйæ баззад æмæ æрæджиау афтæ бакодта:

– Ныр ацы карк æрра нæу, уæдæ цы у – цæф йæ сæрыл сæмбæлд, тилгæ та йæ къæхтæ кæны…

 

РАСТ ЛÆГ

Цардысты æмæ уыдысты æртæ æфсымæры. Æфсымæртæй дыууæ къæрныхтæ уыдысты æмæ сæ цард сойæфсæстæй æрвыстой. Æртыккаг æфсымæр та уыдис раст лæг æмæ йæ мæгуыр царды бонтæ тыхамæлттæй æрвыста. Уæд ын йæ ус уайдзæфтæ кæнын райдыдта, зæгъгæ, ды дæр ма де фсымæрты бафæзм æмæ исты радав, афтæ мæгуырæй кæдмæ хъуамæ цæрæм… Лæг дзы куы нал фæрæзта, уæд ын иу изæр сразы. Æхсæвы ацыд къæрныхы. Кæмдæр рæстæгсафæн бадт фæкодта, стæй æмбисæхсæв сæ хъуджы скъæтæй ракодта æмæ йæ усы сыхъал кодта, мæнæ хъуг радавтон æмæ йæ аргæвдæм, зæгъгæ. Ус ын хъуджы къæхтыл фæхæцыд æмæ йæ лæг æрбаргæвста. Ныр та йæ цырагъ хæссынмæ арвыста лæг, цæмæй йæ бастъигъой. Ус цырагъы рухсмæ сæ хъуджы куы базыдта, уæд нырдиаг кодта æмæ йæ уæрджытæ хойынмæ фæцис.

– Уæдæ куыд æнхъæлдтай, усай, æндæр искæй хъуг куы радавтаин, уæд уый хицау худгæ кодтаид?..

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.