Скифаг уацайраг

Иу дуджы скифтæм тыхгæнджытæ ныббырстой. Хæсты фыццаг бон сæм уацары бахауд скифаг лæппу Амизок. Уыцы хабар æрцыд, Амизок æмæ скифаг хæстон Дандамид кæрæдзийæ æрдхорд æфсымæртæ куы загътой, уымæй цалдæр боны фæстæ. Дандамид куыддæр йе рдхорды хабар базыдта, афтæ комкоммæ бацыд знæгтæм, бахатыд сæ балхонмæ, цæмæй йын йе ’рдхорды уацарæй суæгъд кæна. Тыхгæнджыты балхон æй куы бафарста, æмæ де рдхорды сæрмæ цы ратдзынæ, уыйбæрц хъæздыгдзинад дæм цы ис, зæгъгæ,  уæд ын Дандамид дзуапп радта:

«Мæн йæ бæсты айсут уацары. Сымахæн цы уæлдай у, æз уæм уон уацары æви Амизок?».

«Кæд барвæндонæй сразы уай, дæ цæстытæ дын скъахæм, ууыл, уæд дын сæрибар кæнæм де рдхæрды»,-загъта йын балхон.

Дандамид сразы, йæ цæстытæ йын скъахой, ууыл… Афтæмæй ссæрибар кодта йе ’рдхорды…

Уыцы хабар фенгæйæ тыхгæнджытæ бамбæрстой, сæ ныфс цахæм  адæмимæ схæцынмæ бахастой, уый, æмæ æмæхсæвæджы лидзæг фесты…

 

 

Бонвæрнон – Миты бардуаг

Рагæй фæстæмæ йæ бирæтæ бæттынц рухсимæ, фæлæ рухсимæ баст у уый тыххæй, æмæ йе ссæрибары размæ мит нæма уарыд æмæ бæстæ сæрдæй-зымæгæй хаста саузым. Таурæгъмæ гæсгæ йæ  Гуырдзыхан дардта, алчи дæр ын кæй зыдта, уыцы авд чырыны уæлдай ма йæм цы æстæм чырын уыдис, уым æмбæхстæй. Иу хатт балцы куы цыд, уæд йæ дæгъæлтæ къæбицы хицаумæ ныууагъта, уыцы дæгъæлтимæ йын аирвæзт æстæм чырыны дæгъæл дæр. Къæбицы хицау бацымыдис кодта, ам та цы ис, зæгъгæ, æмæ куыддæр чырын байгом кодта, афтæ Бонвæрнон уæларвмæ афардæг æмæ урс-урсид мит уарын райдыдта ставд тъыфылтæй. Уæдæй фæстæмæ алы зымæг дæр уары мит.

 

Ирæттæ немыцаг ахуыргонды цæстæнгасæй

Кавказы цы адæмтæ цæры, уыдонæй уæлдай размæдзыддæр адæм сты ирæттæ, кæцытæ цæрынц тæккæ дæр хæхты хсæн, митæмбæрзт сæйраг  хохрагъы фæйнæфарс. Уыдон се взаг æмæ сæ цæсгомæвæрдæй хицæн кæнынц Кавказы иннæ адæмтæй…

Ирæттæн сæ фылдæр асæй сты рæстæмбис, сты æлвæст, хъæддых æмæ фидар адæм. Ирæттæ нард не сты, фæлæ – нуарджын æмæ сæвджын. Уыдон сæ сыхæгты хсæн бæрæг дарынц æрмæст сæ цæсгомы æвæрдæй нæ, фæлæ сæ цæстытæ æмæ сæрыхилы хуызæй дæр, кæцытæ сты европæйæгты хуызæн. Ирæтты хсæн арæх ис фембæлæн æрвгъуыз цæстытæ æмæ мыдгъуыз сæрыхил кæмæн ис, ахæмтыл…

Хъæуæй искæдæм цæугæйæ алыхатт дæр вæййынц гæрзифтонг, алкæмæ дæр хъуамæ уа хорз æхсæнгарз (топп), æхсаргард, дамбаца æмæ дыууæкомон фæтæн хъама…

Æхсæнгарзæй æхсын ахуыр кæнынц фæсфæд ран, сæхи хъахъхъæнынц иугай æхстытæй, фæлæ иумæ никуы æхсынц, банхъæлмæ кæсынц, цалынмæ сæ алчи дæр йæ хотых ногæй сифтындза, уæдмæ.

Уыдон кæрæдзи фæстæ æрлæууынц цалдæр къахдзæфы дæрддзæгæн,  фæстæмæ алæугæйæ фыццаг æхст кæны, разæй чи уа, уый, стæй балæууы æппæты фæстейæ, цæмæй йын рæстæг фæуа йе хсæнгарз  ногæй сæфтиндзынæн.

Ахæм рæстæджы уыдон хъавынц къулаив бынатмæ, цæмæй лæууой кæрæдзийы сæрмæ. Уыдон афтæ тынг арæхсынц къуыбыртæй пайда кæнынмæ æмæ дæс лæджы бон бауыдзæн сæдæ лæджы ныхмæ фæлæууын. Фыццаг ныхмæлæуды рæстæджы сæ туг уайтагъд сæхсиды, фæлæ тагъд æруазал вæййынц. Хи хъахъхъæнгæйæ сты хъæддых, сæхи иумæ бадзургæйæ  хъахъхъæныны рæстæджы та – хивæнд. Æрхъулайы куы бахауой, уæд та тох кæндзысты фæстаг сулæфтмæ.

Генрих Клапрот, немыцаг академик, 1807 аз

 

Нырыккон цитатæ

Дунейыл хъуыстгонд археолог, Оксфорды университеты профессор Барри Канлифф загъта:

«Кæд ма искæй фæнды скифты æмæ уыдон фæдонтæ аланты фенын, уæд уый зын нæу, уый тыххæй хъæуы Цæгат Кавказмæ, Ирыстонмæ ацæуын, цы ран нырма дæр дзурынц скифты æвзагыл».

 

Рохгонд ирон дзырдтæ

 

*Хадзы – дины фæдыл-иу Мысырмæ чи ацыд, ахæм адæймаг

*Хæлвиан – бæрæгбон хуымы куысты размæ

*Хæрсæн – цавæрдæр уаргъхæссæн хайуан

*Хæтæлы хуаллаг – топпыхос

*Хомамæхст – ссад æмæ цыхтæй касгонд

*Хуандон – хатт æмцæдисон дæр чи суа, ахæм знаг

*Хуысар хъуымац – тынг зынаргъ чи у, ахæм хъуымац

*Хъабахъ – марды номыл мысан кæуыл уыди, ахæм сагъд хъил

*Хъан – искæмæ-иу хъомыл кæнынмæ кæй радтой, ахæм адæймаг

*Хъæддзарв – бæласы сой

*Хъонц – æнкъард адæймаг

*Хъоргъ – арф уæрм

*Хъулхъасхан – лыгъд цагъайраг

*Хъуытаз – къаннæг дзæнгæрæг

*Цардахъ – кувæндоны раз бинонтæ хицæнæй кæм æрбадой, уыцы бынат

 

 

 

Зымæгимæ баст æмбисæндтæ-фæдзæхсæнтæ

*Майрæмыкуадзæн æрцыди – уæд зымæг йæ кæрц æрбакодта, халас æрбадти – уæд та йæхи хъæццулы æрныуæрста

*Зымæгон судзины хуынкъæй дæр галы комытæфы йас уазал цæуы, галы комы тæф та сæгъы цæсты дзаг дæр нал вæййы

*Зымæгон хурхæтæны дон цæйбæрц сабуза, сусæны цъитидоны ивылд дæр уый æрфæн у

*Зымæджы æрцыд, артмæ бадын чи уарзы, фыццаг уыдон фæхатынц

*Хъæбæр зымæг кæрцуарзаг у, уазал пец та – сугуарзаг

*Сæрд дæ къахы фындзæй цы аппарай, уый дæр зымæг дæ уæлæ скæндзынæ

*Зымæг къуыдиппы цардæй цæры, уыйау йæ гуыбынмæ хъусаг у

*Зымæг дæ лæппуйы ауæй кæн æмæ йæ сæрды балхæн

*Зымæгон æхсæв афæдзы дæргъæн у, йæ боныл та æууæнк нæй

*Комахсæн дæр æмæ куадзæн дæр хæд-зымæджы æфсымæртæ сты

 

 

Хъæлдзæг хабæрттæ

ХОРЗ ЧЫНДЗ

Иу хъæуы сылгоймæгтæ хуры хъæрммæ бадтысты æмæ сæ алчи дæр йæ чындзæй хъаст кодта, алывыдтæ дзырдта. Æрмæст дзы иу сылгоймаг бадт мадзурайæ, йæ дзыхæй иу сыбыртт нæ хауд.

Иу афон æм иннæ сылгоймæгтæ фæкомкоммæ сты:

-Ды цæмæннæ исты дзурыс дæ чындзæй? – афарстой йæ.

-Æмæ дзы цы дзурон – сымах иууылдæр хъаст кæнут уæ чындзытæй, фæлæ мæнæн хорз чындз ис æмæ дзы куыд рахъаст кæнон, – йæхи сæм бакъултæ кодта сылгоймаг.

-Цæмæй хорз дын у? – афарстой йæ æмдзыхæй.

– Сыгъдæгдзинад бирæ уарзы æмæ уымæй. Нырма нæм иу мæйы йедтæмæ нæй æмæ мын пъолтæ фондз хатты ныххафын кодта…

 

ÆГЪДАУДЖЫН УАЗÆГ

Иу цæлуарзаг лæг кæдæмдæр уазæгуаты бахауд. Фынг ын æрæвæрдтой, уазæгæн куыд æмбæлы, афтæ йын лæгкад кæнынц. Уазæг уæлибыхы  карст райсы, мыдæй йæ байсæрды æмæ йæ бахæры, иннæ карст райсы, еугæфæй йæ байсæрды æмæ та йæ адæлæмæ кæны. Фысым æм фæкаст, фæкаст, æрæджиау йæхи нал баурæдта æмæ йын афтæ зæгъы:

-Кæд уыцы æгъдау дæ мад æмæ дæ фыдæй райстай, уæд дæ цæрæнбон бирæ, кæд æй мæ хæдзары æрымысыдтæ, уæд та дæ мад æмæ дæ фыдæн хæрæг аргæвд!

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.