Ирон æрдхорддзинады рагистори

Рагон бердзенаг фыссæг Лукианы (цард 120-180 азты) уацмыс «Токсарид кæнæ æрдхæрдтæ»-йы Токсарид бердзенаг ахуыргонд Минессиппæн афтæ зæгъы: «Мах, скифтæ, æрдхорддзинад, кæнгæ æфсымæрдзинад сымахау дзаг фынджы уæлхъус бадгæйæ нæ кæнæм, фæлæ хъæбатырдзинады цытæн. Адæймаг нæм хъæбатыр, лæгдзинадæй æххæст куы разыны, уæд алчи дæр фæтырны уымæй йæхицæн æрдхорд æфсымæр скæнынмæ. Æмæ дзы искæй куы равзары, уæд йемæ ард бахæры, иумæ хæларæй кæй цæрдзысты, куы бахъæуа, уæд сæ кæрæдзийы сæрвæлтау сæ цард дæр кæй рауæлдай кæндзысты, уый тыххæй. Æмæ сæ ардбахæрд кадимæ фæхъахъхъæнынц мæлæты бонмæ. Ард чи фæхæры, уыдон сæ къухæнгуылдзтæй туг рауадзынц, сæнимæ йæ схæццæ кæнынц, сæ дыууæ дæр сæ цирхътæ кæрддзæмтæй сласынц æмæ сæны къус иумæ баназынц. Æрдхорд скæнæн ис æрмæстдæр æртæ адæймагæй. Махмæ, бирæ æрдхæрдтæ дын уа, уый æгад у, уымæн æмæ мах афтæ нымайæм, дæ æрдбахæрд æгæр бирæтимæ куы дих кæнай, уæд дзы тых нал уыдзæн».

 

Цæрцойы мыггаг

Рагон таурæгъ куыд зæгъы, афтæмæй Хуыцау зæххон сыджытæй армыдзаг систа, йæ æрмтты йæ лыстæг мур æркодта, ракалдта йæ зæххыл, æмæ уыцы муртæй равзæрдысты хилджытæ, бырджытæ. Фæлæ Хур æмæ Мæйы зæрдæмæ нæ фæцыдысты. Уæд Хуыцау йæ æрмтты стырдæр тулатæ систа æмæ сæ стыр къуыбæрттæй ракалдта. Уыдон фестадысты сырдтæ æмæ мæргътæ. Адон дæр Хур æмæ Мæйы зæрдæмæ нæ фæцыдысты, кæрæдзи кæй хордтой, уый аххосæй. Уый фæстæ ма Хуыцау сфæлдыста, адоныл уæлахиз чи кодта, уыдоны: еугуыппырты, гуымирты, уæйгуыты. Фæлæ дзы иутæ дæр Хур æмæ Мæйы зæрдæмæ нæ фæцыдысты. Уæд Хуыцау зæхмæ æрхызти, æлыгæй лæджы ныв скодта, къæдзæхты фæрчытæй йын фæрсчытæ скодта, суадон æм бауагъта, баарфæ йыл кодта. Æлыг фыды мур фестади, къæдзæхы фæрчытæ  стæг фæрсчытæ фестадысты, суадон та – туг. Уд та дзы бауагъта Уастырджи. Галæгон ын баарфæ кодта, æмæ лæг йæ къахыл слæууыд. Фæйнæрдæм акасти, дуне йæ зæрдæмæ фæцыдис. Зæххыл цæуæг сси. Мæй æмæ йæм Хур дзурынц: «Ацы Зæхх нæ рафæлдисгæ у, æмæ нырæй фæстæмæ Зæххæн хицау уыдзынæ махæй. Цæугæ цард кæндзынæ æмæ дæ ном Цæрцо фæуæд.

Цæрцо усæн Бонвæрноны æрхаста, æмæ уæд ныууагъта йæ цæугæцард, æрбынат кодтой æхсидгæ цады был, сырддзæрмттæй агъуыст сарæзтой, уæларвæй æрхаугæ дурæй та – æрцъыккæхсон. Цæрцо цуаны цыд, саджы мæрдтæ хаста æмæ артыл физонæг кодта, Бонвæрнон та хæдзармæ касти. Цот сын рацыд, æмæ Цæрцойы номæй равзæрд мыггаг Царциатæ.

 

Мæй æмæ зæххон фыдбылызхæссæг

Раджы заманы зæххыл цард адæмæн фыдбылызхæссæг Самели. Никæуыл ауæрста, адæммæ сфыдæх æмæ сын рахаста ныццæгъдыны тæрхон. Йæ фыдмитæ Хуыцаумæ хардзау куы æркастысты, уæд æй арвмæ систа æмæ йæ мæймæ бабаста æфсæн рæхыстæй – мæйыл цы сау æндæргтæ ис, уыдон сты Самелийы ауæттæ. Самелийæн йæ фырттæ къæбылатæ фестадысты æмæ уæдæй фæстæмæ сæхи раппар-баппар кæнынц арвæй зæххы хсæн, бæрæг афæтты  фæархайынц сæ фыды суæгъд кæныныл. Сæхи мæйыл куы ныццæвынц, уæд æй хæрын райдайынц æмæ мæй уый тыххæй баталынг вæййы.

Уæдæй фæстæмæ ирон адæм тæрсын райдыдтой Самелийæ, куы, дам, раирвæза, уæд, дам, адæм иууылдæр хæрджытæ фестдзысты, аирвæздзысты ма, дам, æрмæстдæр, Самелийæн йæхи мыггагæй чи у, уыдон. Уæд бирæ ирон мыггæгтæ сæхи райдыдтой Самелийы байзæдтаг хонын, кæд аирвæзиккам, зæгъгæ. Æрвылаз дæр ын райдыдтой куывд кæнын. Фæлæ уыцы куывды ма хъуамæ уыдаид ма дæр чъиритæ, ма дæр – æхсырфæмбал, ма дæр – карз нозт. Кувынц æм æрмæстдæр луаситæй. Бинонты хистæр ракувы, бинонтæй алчи йæ хай расæтты æмæ сæ хæйттæ иумæ бахæрынц æнæдзургæйæ.

 

Рагон-нырыккон æнæфæтджиæгтæ

*Цины хъуыддаджы цы хæринæгтæ æмæ нозтæй скуывдæуыд, уыдонæй  мардæн рухс зæгъын, кæнæ, мардæн фæлдыст цы хæринæгтæ æрцыдысты, уыдонæй скувын.

*Æнæхсад къухтæй кувинагмæ кæнæ фæлдисинагмæ ’вналын æмæ  кувын, фæлдисын.

*Нывонд фосы æлгъитын, нæмын, баивын, ауæй кæнын, кæнæ йæ хуыснæггагæй хæссын, хуыснæггаг фосимæ иу дарæны дарын.

*Хуыснæггаг, тыхтона æмæ гæртамæй райст æхцайæ мысайнаг скæнын, мысайнаг æхца æндæр хъуыддагæн сфæлхас кæнын, баивын æй кæнæ йæ фæкъаддæр кæнын, æндæр зæдæн (дуагæн) æй сæвæрын.

*Хор, хойраг, урсаг æмæ фыдызгъæлæй «æвзæр», «нæ бæззы», «нæй», «нал и» зæгъын. Хойрагмæ карды кæнæ æндæр цыргъаджы фындзæй æвналын, зæххмæ йæ æппарын кæнæ амæрзын, йæ уæлæ лæууын кæнæ бадын, къухы саггомæй йæ исын. Куывды, кæнды кæрдзынтæ (чъиритæ) бадгæйæ дих кæнын, разил-базил сæ кæнын.

*Кусæрттаг карды бæсты æндæр исты цыргъагæй æргæвдын, топпæй йæ æхсын, æндæр исты хуызы йæ амарын, кæд уавæр нæ домы, уæд. Кусарт кæнгæйæ цалынмæ сæр бæрзæйæ ахицæн уа, уæдмæ ныхас кæнын.

Сылгоймаг уæвгæйæ кусарт кæнын кæнæ æндæр исты аргæвдын, кæд удхосæн хъæуы, уæд – Хуыцауæй хатыр ракургæйæ.

 

Хъæлдзæг хабæрттæ

САБÆТТАГ

Хисты фынгыл сабæттагисджытæ куы разылдысты, уæд иу хистхор йæ ныхмæбадæгмæ бадзырдта, иу туман ма мæ номæй дæр ныффыссын кæн, стæй фынгæй куы сыстæм, уæд дын æй ратдзынæн, мæ къухтæ æгæр сой сты æмæ мæ дзыппмæ куыд нывналон, зæгъгæ. Фынгæй куы сыстадысты, уæд, лæг йæ фæстæ рацу-бацу кæны, æнхъæлмæ кæсы йæ туман ын кæд ратдзæн, уымæ. Хистхор йæ хъустыл куынæ æмæ куынæ хæцыд, уæд ын комкоммæ загъта, æри-ма мын мæ туман, зæгъгæ.

– Цавæр у, цы мæ суынгæджы кодтай, куыд бадзырдтам, уый дæ рох фæцис?..

– Афтæ мын нæ загътай, фынгæй куы сыстæм, уæд дын ратдзынæн дæ туман зæгъгæ?

– Æмæ дын æз ацы фынгæй загътон! – йæхи схылгæнаг кодта хистхор. – Æз дын, ацы мæгуырæн йæ ус куы амæла, уæд уый хисты фынгæй куы сыстæм, гъеуæд загътон…

 

УАЗАЛГÆНÆН

Иу ус йæ мойы срæуæг кодта, кæмæдæрты уазалгæнæнтæ фæзынд æмæ дзы мах дæр балхæнæм, зæгъгæ, кæмæй къаддæр стæм. Куы нал æй уагъта, уæд лæг дæр горæтмæ ацыд æмæ иу дынджыр уазалгæнæн æрбаласта. Уазалгæнæн хæдзары сæвæрдта, фæлæ йæхæдæг фæтары, никуыуал зыны. Ус æй цасдæр фæцагуырдта, фæлæ лæг никуыуал разынд. Уæд ус бацыд æмæ уазалгæнæны дуар бакодта.

– Дуар сæхгæн, дæ хæдзар фехæла, æнæуый дæр дзы уазалæй мæлгæ кæнын! – уазалгæнæнæй йæм, йæ дæндæгтæ кæрæдзийыл хойгæ, рахъæр кодта лæг.

 

Рагон къамтæ дзурынц: Ирон скъолаты ахуыргæнджыты фыццаг съезды делегаттæ, 1914 аз.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.