ИРОН ПАДДЗӔХТӔ

Иры паддзæхты истори райдыдта, Картлийы паддзахад куынæма уыд, уæд. Мцхетайаг лæппу Парнаоз бахатыд Иры паддзахмæ, цæмæй йын баххуыс кодтаид Александр Македонскийы урæд лæг Язоны Мцхетайæ арвитынæн. Иры паддзах Уобос баххуыс кодта Парнаозæн. Язон цы тохы быдыры фæмард, уыцы хæсты фæстæ Парнаоз ссис Картлийы фыццаг паддзах. Обос ын ахæм стыр лæггад кæй бакодта, уымæ гæсгæ йын Парнаоз йæ хойы усæн радта («Картлис Цховреба», фыццаг том). Уым ма 45-46 фæрстыл фыст ис, æфсымæртӕ Базыг æмæ Æмбазыг кӕй уыдысты Иры паддзӕхтæ. Уыдон фæмард сты Гуырдзыстоны сæрыл тохты рӕстӕджы. «Картлис Цховреба»-йы цыппæрæм томы сты ирон паддзах Перош æмæ йе фсады раздзог Кафцийы хабæрттæ. V æнусы Ос-Бæгъатыр фæмард гуырдзиаг паддзах Вахтанг Горгасалы къухæй. «Картлис Цховреба»-йы 1-аг томы дзырдӕуы, 980 азæй 1020 азмæ Ирыстоны Дургулел кæй паддзахиуæг кодта, кӕцыйӕн йӕ хо Борена уыдис гуырдзиаг паддзах Баграт VI æмкъай. «Картлис Цховреба»-йы фыццаг томы сты Иры паддзах Урдуры хабӕрттæ дӕр. Куыд зонӕм, афтӕмӕй Иры паддзах Худаны чызг Бурдухан уыд Тамар-паддзахы мад, кӕцыйы гуырдзиаг азфыссæг хоны «Хурты хур».  Дауыт-Сосланы та хоны Гуырдзыстоны паддзæхты паддзах æмæ Ирыстоны паддзах.

 

КАРД – ТАБУЙАГ ХОТЫХ

УАЦАМОНГÆ

Скифтæ куывтой Кард-Хуыцауæн, Нартæ дӕр кувынц кардæй, хъамайæ. Цикл «Уырызмæджы æнæном лæппу»-йы æппæт сюжеттæ дӕр рæзынц ацы фæткæй. Уыимæ ацы мотив æмхуызон у Ирыстонӕн йӕ хуссары дӕр ӕмӕ йӕ цӕгат хайы дӕр. «Уыцы рæстæджы-иу хъамайы фындзæй куывтой» – зæгъы иу кадæг. Кӕнӕ: «Нарт кусарты сгуы хъамайыл кодтой æмæ дзы афтæмæй куывтой». Дыгургомы нырма дӕр арӕх ис фехъусӕн: «Уырызмæг ковæггаг гъолгун хъæмай финдзбæл бакодта…». Ацы фæтк уыди фидар æмæ бындурон традици.

Æгъдау уыди закъон, нæ йын уыд халæн. Кувæггаг лæвæрдтой æрмæст нæлгоймагмæ, кæстæрмæ. Рагон сюжетты куыд уынӕм, афтӕмӕй иунæг сылгоймаг кувæггаг райсынмæ авдæнæй сисы йæ сывæллоны, хæдзары æндæр нæлгоймаг кæй нæ ис, уымæ гæсгæ. Стыр диссагӕн баззад авдæны сывæллон йæхæдæг дæр нарты кадджыты: «Уый куы айхъуыста, физонæгæй аходæг нæй, уæд авдæны бæттæнтæ атыдта, базгъордта Уырызмæджы размæ. Æгæр згъорд ын фæци, цирхъыл скъуырдта йæхи æмæ ууыл фелвæста йæ уд».

Ацы трагикон цау ирдæй æвдисы æгъдауы тых. Кард иу кæны зæхх æмæ арв, адæм æмæ хуыцæутты. Кардæй куывд æхцондӕр уыд æрвон цӕрджытæн.

 

Рагон ӕмбисӕндтӕ-зондамонӕнтӕ

*Дæ сæр кæм нæ уа, уым дæ къæхтæ ма ’вæр, кӕннод дӕ сӕрӕн дӕр бынат никуыуал ссардзынӕ.

*Цӕйнӕфӕлтау адӕмы хсӕнӕй ӕгадӕй цӕуинаг фӕуай, фӕлтау ахӕм ран сбад, «уӕлдӕр абад» зӕгъын дӕр дын куыднӕ бахъӕуа ӕмӕ – «дӕлдӕр абад» дӕр.

*Дӕхи цас уӕлдӕр бынатмӕ ӕппарай, уый бӕрц дыл дӕлӕрдӕм тынгдӕр хӕцдзысты.

*Адæймаг йӕ ном хъахъхъӕнӕг йӕхӕдӕг у, фӕлӕ йын ном адӕм кӕнынц.

*Фырдзытӕй дӕр хъӕстаг куы уай, ӕмӕ ӕдзытӕй дӕр, уӕд дын мӕлӕты йедтӕмӕ ницыуал баххуыс кӕндзӕн.

*Адӕм дæ хох куынӕ хоной, уæд дӕхи мӕсыг дӕр макуы схон, кӕннод дӕ дурцӕнд дӕр ничиуал схондзӕн.

*Кад-кад кӕнгӕйӕ ӕгадӕй баззайдзынӕ, цытмӕ бӕлгӕйӕ – ӕдзытӕй.

*Дӕ мады арм фынгӕн кӕмӕн дарай, уыдон дӕр дӕ никуы фӕбузныг уыдзысты, дӕхи удӕй куы ницы цӕуа, уӕд.

 

Худскъӕфӕг

Иу мӕгуыр лӕгӕн чидӕр йӕ худ йӕ сӕрӕй аскъӕфта. Лӕг иу дзӕвгар йӕ фӕстӕ ӕдзынӕгӕй фӕкаст, стӕй ацыд ӕмӕ уӕлмӕрдмӕ бахизӕны сбадт.

– Ам цӕмӕн бадыс, хорз лӕг? – фӕрсы йӕ иу ӕнӕзонгӕ лӕг.

– Чидӕр мын мӕ худ аскъӕфта, мӕ къона ӕмӕ уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын.

– Дӕ худ дын чи аскъӕфта, уый далӕ базары куы смидӕг, уӕд ӕм ды та ам ӕнхъӕлмӕ кӕсыс? – дисгӕнгӕ йӕ афарста лӕг.

– Базарӕй алырдӕмыты бирӕ фӕндӕгтӕ цӕуы ӕмӕ, цӕмӕйзон, кӕуылты афардӕг уыдзӕн. Ардӕм та йын ӕрмӕстдӕр иунӕг фӕндаг ис… – дзуапп ын радта мӕгуыр лӕг.

 

РАГОН-НЫРЫККОН ÆНÆФÆТДЖИÆГТÆ

*Марды чырыныл (табæтыл), марды цыртыл бадын, лæууын, æнцой йыл кæнын, исты сыл æвæрын. Афтид марды чырын (табæт) уæлгоммæ сæвæрын.

*Мард скъахын, йæ цырт ын сæфтауын. Марды дзаумæттæ, кæд мæрдджынты лæвар не сты, уæд сæ хи бакæнын кæнæ сæ искæмæн раттын.

*Мард адæймагæн фыдми бакæнын, маст дзы исын, ралгъитын æй, æлгъаг исты йын фæлдисын. Мардæн йæ кой кæнгæйæ, истæмæй йæ азымджын кæнгæйæ та зӕгъын хъӕуы: «мæрдты ма схъæрзæд».

*Марды фæстæ цæуæг мæрддзыгойæн сæ фæндаг алыг кæнын.

Удæгас адæймагæн кæнæ мардæн йæ уæлæдарæс, йæ чырын æмæ чырыны дзаумæттæй уæлдай (цалынмæ уæлæуыл ис, уæдмæ) йын исты фæлдисын (хæлар кæнын).

*Удхъуаг (сахъат) адæймагæн йæ сахъатдзинадыл бахудын, фидис ын æй бакæнын, маст дзы бауадзын, къух æм сисын.

*Балцы цæугæйæ, къæсæрыл фæстæмæ бахизын (кæд æнæ бахизгæ нæй, уæд та хъуамӕ дӕ дзыхмæ исты схæссай – дон, хæринаг).

*Хæдзармæ бацæугæйæ кæнæ хæдзарæй рацæугæйæ, къæсæры сæрты къух исын – æгасцуай кæнын. Балцы цæуæгæн йæ къух райсын.

*Хæдзармæ (бинонтæм), кæд дзы нæлгоймаг цæрæг ис, уæд сылгоймаджы номæй бадзурын (хæдзармæ дзырдæуы кæстæр нæлгоймаджы номæй, уыцы кæстæр нæлгоймаг хæдзары ис, нæй, уый нæ хынцгæйæ).

 

Хъæлдзæг хабæрттæ

АМЕРИКӔ, ЧИКАГО…

Кӕддӕр иу америкӕйаг къуыдипп нӕ бӕстӕм ӕрхауд. Ома, хъал лӕг кӕй дӕн, уый равдисон ӕмӕ йыл уынджы чи амбӕлы, уымӕн та йӕ къӕхты бынмӕ дамбацайӕ ныффӕздӕг кӕны ӕмӕ сӕрыстырӕй фӕзӕгъы:

– Америкӕ, Чикаго!

Афтӕ – иуӕн, инӕмӕн, аннӕмӕн… Уалынмӕ дын кӕсы ӕмӕ уӕртӕ иу мызыхъытӕ арӕзт лӕг нымӕтхуды рацӕуы. Америкӕйаг ын йӕ къӕхты бынмӕ нӕ, фӕлӕ йӕ худмӕ ныхъавыд. Гӕрах ӕмӕ лӕгӕн йӕ худ йӕ сӕрӕй атахт.

– Америкӕ, Чикаго! – хъӕр кӕны америкӕйаг.

Лӕг йӕ дамбаца систа ӕмӕ йӕ америкӕйагмӕ ныдардта:

– Чъребайаг Михакъо! – загъта ӕмӕ америкӕйаджы ных ныффӕздӕг кодта…

 

ЙӔ ФЫДЫ ФӔЗМГӔЙӔ

Иу ног сиахс йӕ каистӕм уазӕгуаты ныццыд ӕмӕ йын ӕхсӕвы йӕ бӕх адавтой. Дыккаг бон сиахс бӕхы давд куы базыдта, уӕд йӕ къухтӕ йӕ синтыл сӕвӕрдта, афтӕмӕй дыууӕрдӕм мӕсты рацу-бацу кӕнгӕйӕ ӕрдхъирӕн кӕны:

– Мӕ бӕх мын ссарут, науӕд мӕ фыд йӕ каистӕм куыд бакодта, афтӕ бакӕндзынӕн!

Афтӕ ӕнӕхъӕн бон. Иуӕрдӕм ацӕуы ӕрдхъирӕнгӕнгӕ, иннӕрдӕм дӕр – афтӕ… Йӕ каистӕ дӕр старстысты ӕмӕ йын йӕ бӕх ӕрбакодтой.

Сиахс йӕ бӕхыл куы сбадт ӕмӕ цӕуыны фӕнд куы скодта, уӕд ма йӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ афарстой:

– Æмӕ дӕ фыд куыд бакодта, куынӕ нын ӕй загътай…

– Куыд, куы ӕмӕ уымӕн дӕр йӕ кистӕ йӕ бӕх адавтой. Уый бавдӕлд, ӕмӕ йӕ саргъ йе ккой акодта, афтӕмӕй нӕхимӕ къахӕй ӕрфардӕг…

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.