Хуссар Ирыстоны рагондзинад официалон фыстӕджыты

Кӕд гуырдзы Хуссар Ирыстоны фӕзынд Октябры революцийы ӕрбалӕудимӕ бӕттынц, уӕддӕр сыл комдзог цӕуынц, куыд сӕхи историон гуырӕнтӕ, афтӕ раджы кӕддӕр Гуырдзыстоны уӕвӕг уырыссаг ӕфсӕддон министрады уӕнгты докладты ӕвдыст ӕрцӕуӕг факттӕ дӕр:

Зӕгъӕм, Гуырдзыстоныл сӕйраг хистӕриуӕггӕнӕг инӕлар Кноррингы доклады дзырд цӕуы, Ирыстоны рӕстӕгмӕ тӕрхондӕттӕ арӕзт кӕй ӕрцыд, уый тыххӕй – Дзауы,  Уанаты ӕмӕЧеселты.

Гуйраг капитан-исправник та инӕлар Коваленскимӕ йӕ рапорты фыссы, зӕгъгӕ, бынӕттон цӕрджыты афыст саразыны тыххӕй Ирыстоны куы уыдтӕн,  уӕд мӕм Чысыл Леуахийы зылды цӕрӕг ирӕттӕ ӕрбахастой сӕ хъӕстытӕ.

1838 азы 22 июлы Гуырдзыстоныл сӕйраг хистӕриуӕггӕнӕг инӕлар Головин ӕфсӕддон министр Чернышевмӕ йӕ рапорты куыд фыста, афтӕмӕй, кӕд Ирыстон къухдариуӕгады центрмӕ хӕстӕг,  уӕддӕр ыл нӕ бон ӕххӕстӕй ӕндавын нӕма у, зӕгъгӕ…

 

Магкоты мӕсыг

Иурӕстӕджы Мацабел ӕлдӕрттӕ сфӕнд кодтой Магкоты басӕттын,  сӕхицӕн сӕ хъаллондартӕ скӕнын. Сӕхӕдӕг сӕм сӕ ныфс нӕ бахастой ӕмӕ сӕм арвыстой Лекъы ӕфсад.  Магкотӕ уый куы базыдтой,  уӕд авд хӕстонӕй сӕ цӕнгӕтӕй ӕмбӕрзт мӕсыгмӕ бацыдысты. Сӕ хистӕр Магкоты Беро сӕ фӕдзӕхсы, зӕгъгӕ, хорз хъавут, науӕд мӕсыг куы сисой, уӕд уыдон махӕй мин-мин хатты фылдӕр сты ӕмӕ нӕ бындзагъд фӕкӕндзысты. Лекъы ӕфсад уыйбӕрц уыдысты,  цыма кӕмтты сау мигъ ӕрбацӕйлӕст.  Ӕрхъула кодтой мӕсыгыл, ӕхсынц ӕй алырдыгӕй, фӕлӕ йын сӕ бон ницы у – сӕ нӕмгуытӕ фӕстӕмӕ схъиуынц фидары къултӕй. Магкоты авд хӕстоны та сӕ цӕгъдӕн кӕнынц, мӕрдтӕй азмӕлӕн нал уыдис мӕсыгы алыварс.

Куы баизӕр, уӕд Магкотӕм Дасетӕй иу лӕг бацыд ӕмӕ сын афтӕ зӕгъы:

  • Мауал хӕцут, мӕнӕн ме сиахс Лекъы ӕфсадимӕ ис, уый уын ӕхсӕны лӕгӕй ныллӕудзӕн, ӕмӕ уӕ хъуыддаг ӕнӕхӕстӕй аскъуыддзаг кӕндзыстут. Магкотӕ йыл баууӕндыдысты, ӕхсӕвы ныууагътой сӕ мӕсыг хъахъхъӕнын. Лекъӕгтӕ сӕм бабырстой ногӕй, сӕ мӕсыгыл сын арт бафтыдтой. Магкотӕ ма сӕ ныхмӕ фидар бӕргӕ фӕлӕууыдысты, фӕлӕ, иуӕн дыууӕ – ӕфсад. Ныццагътой сӕ лекъӕгтӕ. Иу ма дзы, Магкоты Куыти, зӕгъгӕ, уӕззау цӕфтӕй аирвӕзт. Йӕхи бааууон кодта йе рдхордмӕ, фӕлӕ йӕ уый банымыгъта Мацабел ӕлдармӕ ӕмӕ уый дӕр амардтой…

 

ИРОН НӔМТТӔ

Галилейы топонимикӕмӕ лӕмбынӕг куы ӕркӕсӕм, уӕд нӕм дызӕрдыггаг нӕ фӕкӕсдзӕн, уый скифтӕ-аланты зӕхх кӕй уыдаид: Авдон, Мадон, Сидон, табуйаг дон Иордан (Ирыдон).

Галилейӕгтӕн сӕхи тыххӕй куы дзурӕм, уӕд ӕнцон базонӕн уыдысты сӕ зарӕг аиувазгӕ ныхасы хъӕд, кӕнӕ, арийаг ӕвзӕгтӕн характерон чи у, сӕ уыцы ивӕзаг зӕланггӕна гхъӕлӕсы уагӕй.

 

Сланты сӕрӕн лӕппуйы низ

Слантӕй иу сӕрӕн лӕппуйӕн уыдис ӕндӕр коймаг уарзон чызг. Йӕхи хъӕубӕстаг чызг дӕр ӕй кодта сусӕг уарзт, фӕлӕ йӕ куы бамбӕрста, лӕппуйы зӕрдӕйы ӕндӕр чидӕр ӕрцард, уӕд смӕсты ӕмӕ йыл хинтӕ ӕмӕ кӕлӕнты фӕрцы хӕлмагниз бафтыдта. Лӕппуйӕн йӕбуар афтӕ ныффыдуынд, ӕмӕ йын адӕммӕ равдисӕн нал уыд. Уӕд лӕппу йӕ сӕр фесӕфта тар хъӕдмӕ ӕмӕ уым лӕгӕты ӕрцарди. Йӕ иунӕг хо йӕ бирӕ уарзта ӕмӕ йыл йӕ зӕрдӕ не сивта, тархъӕды лӕгӕтмӕ йын хаста хӕринӕгтӕ, фӕлӕ-иу сӕ лӕппу нӕ бахордта, цӕмӕй тагъддӕр амӕла, уый тыххӕй. Иу рӕстӕджы лӕгӕты хуынкъӕй калм рабырыд, лӕппуйы хӕринӕгтӕй бахордта ӕмӕ фӕстӕмӕ алӕст. Фӕлӕ йын ӕгӕр хӕрд фӕцис ӕмӕ йӕ хуыггомы нал цыд. Уӕд калм, цы бахордта, уыдоны фӕстӕмӕ скалдта ӕмӕ алӕст йӕ хуыггомы. Лӕппу, калм кӕй скалдта, уыцы хӕринӕгтыл йӕхи ныццавта ӕмӕ сӕ зыдӕй ахордта, кӕд тагъддӕр амӕлин, зӕгъгӕ, фӕлӕ райсом куы райхъал, уӕд йӕ буармӕ кӕсы ӕмӕ, цыма ногӕй райгуырд, афтӕ фестад…

Рагон къамтӕ: Хетӕгкаты Къоста (дыккаг рӕнхъыл галиуӕрдыгӕй – фыццаг) ӕмӕ Тугъанты Махарбег (ӕртыккаг рӕнхъыл галиуӕрдыгӕй –  фыццаг. Ацы къам разынд Гуырдзыстоны парламентон библиотекӕйы архивы, ист ӕрцыд Терчы облӕсты, XX ӕнусы райдайӕны.

 

НӔ ФЫДӔЛТЫ ЗОНДЫ НЫХӔСТӔ ӔМӔ  ФӔДЗӔХСТЫТӔЙ

*Цалынмӕ къӕссайӕн йӕ ком бабӕдтай, уӕдмӕ уалын йӕ хуынкъ бампъуз.

*Рӕстӕгӕн ныццауазӕн нӕй, донӕн – бадыдагъгӕнӕн.

*Ӕнӕмастӕй дон куы баназай, уӕд дурры уӕлӕ дӕр схуысс.

*Судзин куы адавай, уӕд дӕ галл цы ӕрбауыдзӕн, уымӕн зонгӕ дӕр ницы бакӕндзынӕ.

*Ӕгӕр адджын ма хъуамӕ уай – ӕнӕзӕгъинаг дӕ бахӕрдзӕн.

*Нӕ фыдӕлтӕ стӕг састӕй хъӕрзгӕ нӕ кодтой, сауфыдыцӕф та хъӕр нӕ кодтой.

*Удисӕг адӕймаджы цур хъарӕг кӕнын не мбӕлы.

*Мадимӕ хъӕбысӕй хӕцӕн нӕй, куы рахӕцай, уӕд та ма хъуамӕ фӕбынӕй уай.

*Уазӕджы цур дӕ куыдзы дӕр ма хъуамӕ ныццӕвай.

*Фӕдис куы хъӕр кӕнай, уӕд дӕхӕдӕг фӕдисӕттӕн сӕ разӕй хъуамӕ уай.

*Кӕд хауыс, уӕд –  хорз бӕхӕй, кӕхыл кӕныс, уӕд – лӕджы хуызӕн лӕгимӕ.

 

 

Хъæлдзæг хабæрттæ

КУЫРМ, МӔГУЫР ӔМӔ ӔНӔКЪАХ

Иуран фынгыл бадынц, йӕ цард, йӕ цӕрӕнбонты рухсы цъыртт чи никуы федта, ахӕм куырм лӕг, йӕ уӕлӕ хӕдон скӕнынхъом чи никуы бацис, ахӕм мӕгуыр лӕг, ӕмӕ, йӕ дыууӕ къахы дӕр рӕбыныл хауд кӕмӕн уыдысты, ахӕм лӕг. Бадынц, нуазынц. Иу афон куырм лӕг йӕ къухмӕ сӕны агуывзӕ райста ӕмӕ афтӕ зӕгъы:

– Цӕй диссаджы рӕсугъд у ацы нозт!

Ӕнӕкъах лӕг фӕцырд ӕмӕ йын афтӕ зӕгъы:

– Ныр дын уыцы гӕды ныхасы тыххӕй мӕ къахӕй дӕ хӕмхудтӕн иу куы февӕрон, уӕд дын нӕ хъӕуы!..

– Цӕв ӕй, цӕв, – ӕнӕкъахмӕ дзуры мӕгуыр лӕг. – Кӕд амӕла, уӕд ын хист ӕз скӕндзынӕн…

 

АККАГ ДЗУАПП

Иу мӕгуыр лӕгыл хъӕздгуытӕ ӕрӕмбырд сты, хынджылӕг дзы кӕнынц, йӕ дарӕсы бызгъуыртӕ йын райвазынц.

– Исты лӕг дӕ? – фӕрсынц ӕй хынджылӕгӕмхасӕн.

– Уадиссаг нӕ, фӕлӕ сымахӕй ницӕмӕй цауддӕр дӕн, – дзуры сӕм  мӕгуыр лӕг.

-Уӕртӕ уыцы мӕсыг де ккой ахӕсдзынӕ? – хынджылӕг дзы скъӕрынц.

– Ахӕсдзынӕн ӕй, цӕмӕннӕ йӕ ахӕсдзынӕн, уымӕй ӕнцондӕр цы ис, – разыгъуызӕй сӕм дзуры мӕгуыр лӕг. – Ме уӕхскыл ма мын ӕй авӕрут!

– Ау ӕмӕ дын ӕй куыд хъуамӕ авӕрӕм де уӕхскыл, куыд ӕй сфӕраздзыстӕм?..

– Кӕсут, сымах утӕппӕтӕй уӕ ныфс йӕ сисынмӕ нӕ хӕссут, фӕлӕ ӕз мӕ ныфс хӕссын иунӕгӕй йӕ ахӕссынмӕ…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.