Ирон фарасттигъон стъалы

Адæмы истори азтæй баргæ нæу. Адæм сæ фæстæ цы фæд ныууадзой, уый у сæйрагдæр. Ирон адæмæн цыфыддæр зын уавæрты дæр бантыст сæ ариаг фыдæлты æвзаг æмæ дин бахъахъхъæнын. Æмæ абон скифты, сæрмæтты, аланты æвзаг  зæлы дунейы, ис ын йæхи фыссынад æмæ мыхуыры фæрæзтæ. Нӕ фыдæлты динӕн ӕндæр динты тæфаг фæивта йæ хуыз: Уастырджийы хонын райдыдтам Уасгеорги, Мадызæды – Мады-Майрæм æмæ афтæ дарддæр. Фæлæ сын ирон адæм сæ миниуджытæ æмæ хæстæ нæ аивтой. Ӕрмӕст иу кæнæ иннæ динон æгъдауы фæдыл фæзыны алыгъуызон ног æрхъуыдыгонд таурæгътæ. Зæгъæм, Джеоргуыбайы тыххæй чидӕр йе ‘нæзондæй ацарæзта лæг æмæ усы нæмттæ Джеор æмæ Гуыба. Афтæмæй та хорз зындгонд у, Джеорг-Георги кæй у чырыстон дины сыгъдæг удтæй иу, «уыба» (оба) та гуырдзиагау амоны бæрæгбон. Зæгъæм, Тбилисоба. Джеоргуыбайы фынгтыл æцæг ирон кувæг лæг дыккаг сидт рауадзы Уастырджийы тыххæй, æртыккаг та вæййы Джеоргуыбайы фæдыл сидт. Уый ууыл дзурæг у, æмæ кӕд ацы бæрæгбонæн чырыстон дины тæваджы аххосæй йæ ном ивд æрцыд, уæддæр нӕ ирон туджы баззад йе ‘цæг мидис æмæ фæтк. Фӕлӕ цæмæн афтæ кæнӕм, уымæн фылдæр хатт дзуапп радтын нæ фæзонӕм. Ирон адæмæй бæлвырд ничи зæгъдзæн, дзуары бынмæ æртæдзыхонтæ цæмæн хæссынц, стæй æртæдзыхон цы амоны, уый. Чырыстон дин æртæйыл – Хуыцау-фыд, Хуыцауы-фырт æмæ Сыгъдæг Удыл – кæй æнцой кæны, уый дæр бæлвырд у. Троица иронау хонынц æртæ иуоны. Ӕртæкъахыг фынг. Æртæ кæрдзыны. Æртæ нуазæны. Æртæ Нарты. Хуыцау дæр Батрадзыл æртæ цæссыджы æрæппæрста. Нарты сыгъзæрин фæткъуы давынмæ дæр æртæ æхсинæджы тахтысты. Цы амонынц æртæ æртæдзыхоны? Æртæ чъирийæ, стæй, дыууæ чъирийæ дæр Хуыцауы ном арæм, фӕлӕ искуы исчи фынгыл федта дыууæ æртæдзыхоны?.. Чъири хурæнгæс кæй у, хурыл æй кæй барæм, уый бæлвырд у. Æртæдзыхон та? Геометрион æмиасфæрсджын æртæкъуымоны хуызæн. Ахæм дыууæ æртæкъуымонæй конд у дзуттæгты æхсæзтигъон стъалы. Æхсæз у къайон нымæц. Къайон нымæц та ирон адæммæ кадджын нæу. Дыууæ сæм баст у мæрдтимæ. Дыууæ чъирийы, дыууæ мыдадзын цырагъы, дыууæ дидинæджы… Хуымæтæджы нæ фæзæгъынц: иу – æлгъыст, дыууæ – фæлдыст, æртæ – æнтыст. Гъе, уымæ гæсгæ æртæдзыхонтæ дæр сты æртæ. Фынгыл сæ кувгæ-кувын кæрæдзийæ нæ хицæн кæнæм, фæлæ сæ æрзилæм, сæ тигътæ иууылдæр куыд разыной, афтæ. Æмæ сӕ рауайы фарасттигъон, нæ фыдæлты стъалы. Сæрджын саджы нæ адæмон сфæлдыстады æстдæссион цӕмӕн хонынц? Уымӕн ӕмӕ йыл иуæрдыгæй дӕр ис фараст сыкъайы æмæ – иннæрдыгæй дæр.

 

Уастырджийы лӕвӕрттӕ

Иу хатт Уастырджи сфæнд кодта мæгуыр лæджы хуызы адæммæ фæцæуын, адæм зæххыл куыд цæрынц, уый йæхи цæстæй фенын. Фембæлдысты йыл æртæ æфсымæры æмæ сæм уазæгуаты бацыд. Æфсымæртæ цардысты тынг мæгуыр, фæлæ уазæджы райстой зæрдиагæй. Уастырджи сæ райгондæй баззад æмæ сын уымæ гæсгæ сæххæст кодта сæ бæллицтæ: хистæрæн радта бирæ хор, астæуккагæн – бæхы рæгъæуттæ, ставдкъах æмæ лыстæгкъах фос, кæстæрæн та – хорз æфсин. Æфсымæртæ цæмæ бæллыдысты, уыдон сæ къухы куы бафтыдысты, уæд цæрынтæ райдыдтой амондджын æмæ зæрдæрухсæй. Афæдзы фæстæ та Уастырджи сфæнд кодта æртæ æфсымæрмæ мӕгуыр лæджы хуызы фæцæуын. Дыууæ хистæры афтæ схъал сты æмæ уазæгыл сæхи атигъ кодтой. Кæстæр æфсымæр хæдзары нæ разынд, фæлæ йе ‘фсин хæдзары уыд æмæ уый мæгуыр лæджы хæдзармæ бахуыдта, гогыз ын аргæвста æмæ уазæджы хорз райста. Цæмæй уазæджы зæрдæ ма фæрыстаид, уый тыххæй æфсин не схъæр кодта, уазæджы ‘рбацыды размæ йæ кæстæр хъæбул кæй амард, уый. Уастырджийы зæрдæ барухс, куыд æй райстой, уымæй, райгас сын кодта сæ сывæллоны æмæ сæ алы хорздзинад æмæ бæркады бын фæкодта. Хистæр æфсымæрты та ралгъыста æмæ сын афæдзы размæ цы балæвар кодта, уыдон дӕр байста.

 

ӔНУСÆЙ-ÆНУСМÆ ХИЗÆГ ИРОН ÆГЪДАУ

Раджы кӕддӕр Алайнаг балхон Пуладамæ ӕрфысым кодта монголты эмир Утрука. Тимур уыцы хабар куы базыдта, уӕд карзӕй æрдомдта, цæмæй йын Пулада радта йе знаг Утрукайы. Пулада монгойлæгты карз ханæн дзуапп радта:

«Утрука мæ уазæг у æмæ цалынмæ мæ уд мæхимæ уа, уæдмæ йæ нæ ратдзынæн, æмæ цалынмæ мæ бон уа, уæдмæ йæ хъахъхъæндзынæн».

Уый уыд иууыл фидардӕр ӕгъдау ирон адӕмы рагфыдӕлтӕм, кӕцы нӕ фесӕфт рӕстӕджы цыдимӕ ӕмӕ цӕры абон дӕр. Зӕгъӕм, ивгъуыд ӕнусы райдайӕны Сӕриттататы хъӕуы цӕрӕг Багатӕй иу лӕг фӕцӕйцыд фӕндагыл. Кӕмдӕр ыл Гуфтӕмӕ хӕстӕг амбӕлд ӕртӕ расыг лӕджы. Баййардтой йӕ, хынджылӕг дзы кӕнынц. Багаты лӕг быхста, быхста, фӕлӕ йыл ӕппынфӕстаг бӕхбадт скӕныны фӕнд куы скодтой, уӕд йӕ масты дзӕкъул атыдта ӕмӕ йе фхӕрджыты кардӕй барӕхуыста. Сӕ иу уайтагъд йӕ уд систа. Багаты лӕгӕн ӕндӕр гӕнӕн нал уыд ӕмӕ йӕхи бааууон кодта кӕйдӕр хӕдзары. Чысыл фӕстӕдӕр уыцы хӕдзармӕ бахастой, йӕ къухӕй чи фӕмард, уыцы лӕджы. Афтӕ рауад ӕмӕ лӕг йӕхи бааууон кодта, лӕг кӕмӕй амардта, уыдоны хӕдзары… Адæм мæстыйæ домдтой, цæмæй сын марæджы радтой. Фæлæ фысымтæ, чи фӕмард, уый ныййарджытæ сӕ марӕджы нӕ радтой, йӕ сӕр сыл кӕй бафтыдта, уый тыххӕй…

 

Ӕмбисӕндтӕ-хабӕрттӕ

*Иу лӕг, йӕ цӕст кӕйонг ӕххӕст, уырдӕм къухӕй ӕвнӕлдта, йӕ кух кӕдӕм ӕххӕст, уыйонг та къухӕй хураууон аразгӕйӕ касти.

*Сурӕг лидзӕгмӕ хъӕр кӕны: «Ӕрлӕу дын, зӕгъын!». «Дӕу ничи суры ӕмӕ ды ӕрлӕу», – фӕстӕмӕ йӕм дзуры лидзӕг.

*Иу ӕнӕуаг фырт йæ мады надта ӕмæ йын мад афтæ зæгъы: «Уæртæ лæдзæг райс æмæ мæ уымæй цæв, кæннæуæд дæ къух фæрисдзæн».

*Мады мардæй – сидзæргъуыз, фыды мардæй – мæгуыргъуыз;

мадæй сидзæр – æцæг сидзæр, фыдæй сидзæр – æрдæг сидзæр.

 

Рагон къамтӕ: Чындзӕхсӕв Хуссар Ирыстоны, 1900 азы ист къам.

 

Хъæлдзæг хабæрттæ

ХОРЗ ФЫН

Дыууӕ бӕлццонӕн дард фӕндагыл цӕугӕйӕ сӕ фӕндаггаг хӕринӕгтӕ фесты ӕмӕ тынг сӕххормаг сты. Иу ран ссардтой, цавӕрдӕр фӕндаггонӕй чи ахауд, ахӕм хызын, йӕ мидӕг дзадджын уӕливых ӕмӕ нард карк.

– Ӕрбадӕм ӕмӕ хӕргӕ, – загъта сӕ иу.

– Ӕмӕ иу карк ӕмӕ иу уӕлибых дыууӕ ӕххормаг фӕндаггонӕн цы фаг сты, – загъта иннӕ. – Фӕлтау бафынӕй кӕнӕм, ӕмӕ нӕ дыууӕйӕ хуыздӕр фын чи фена, уый сӕ бахӕрӕд.

Иннӕ бӕлццон дӕр сразы уыцы фӕндоныл ӕмӕ ӕхсӕвиуат ӕркодтой. Сӕ иу банхъӕлмӕ каст ӕмӕ йе мбал куы бафынӕй, уӕд карк ӕмӕ уӕлибыхӕн сӕ бынӕй рухс суагъта.

Райсом куы райхъал сты, уӕд кӕрӕдзийы фӕрсынц, хуыздӕр фын сӕ чи федта, уымӕй.

Раздӕр чи бафынӕй, уый дзурын райдыдта:

– Дысон цыма иу горӕты уынгты фӕцӕуын. Иу ран цавӕрдӕр куывд уыд ӕмӕ мӕ уырдӕм бахуыдтой, мӕ разы мын уый бӕрц хӕрд, нозт ныккалдтой, ӕмӕ ма дӕ хъӕуы – цы…

Уӕд иннӕ фӕцырд ӕмӕ афтӕ зӕгъы:

– Ӕз дӕр уыцы тӕккӕ раст уыцы уынгыл рацӕйцыдтӕн. Куы дӕ федтон, уӕд ахъуыды кодтон, зӕгъын, ай ницыуал бахӕрдзӕн ӕмӕ уӕлибых ӕмӕ карк мӕхӕдӕг бахордтон…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.