Уанеты Владимиры райгуырдыл сæххæст 90 азы

Зæгъынц, зæгъгæ, алы адæймаг дæр райгуыры йæхи стъалыйы бын, йæхи ныхыфыстимæ. Гъе, фæлæ адæймагау стъалытæй дæр алкæмæн йæхи амонд ис. Иутæ дзы дун-дунейы æгæрон тыгъдады се ‘нусон фæндагыл æнæрынцойæ тæхынц æндæр стъалытимæ, иннæтæ та æрхауын, ахуыссын дæр зонынц.

Зынгæ ирон драматург, филологон зонæдты кандидат, дзæнæттаг Уанеты Владимир бынтон амондджын съалыйы бын чи райгуырд, уыдонмæ нæ хаудис. Раст у, уыдис ын йæхи стъалы, æмæ кæд йæ цард гакъон-макъон рауад, кæд æй дуджы уадтымыгътæ æгъатырæй хастой, уæддæр æй  æрхауын нæ бауагъта, цардис йæ быны æмæ ма йе стъалыимæ, æппæт стъалытимæ дзурын дæр зыдта. «Ахæм у алы сфæлдыстадон кусæгæн дæр йæ амондджын хъысмæт. Уый хъуамæ æнкъара бæлас цæуыл сагъæс кæны, дойнаг дур цæуыл хъуыды кæны, стъалытæ сæ цæстытæ цæмæн фæныкъулынц. Æрдзы сконды æцæг сфæлдыстадон кусæгæн æцæгæлон ницы вæййы. Æмæ сæм хъуысы, сæ хъуыдыты сын æмбары æмæ семæ ныхас кæнын фæразы», – дзырдта-иу Владимир.

Уанеты Владимир царды кæд зындзинæдтæ бирæ федта, уæддæр рæсугъд фæндагыл рацыд. Хорз  бинонтæ скодта, йæ кæстæрты та раст фæндагыл сæвæрдта. Цы ма хъæуы адæймаджы амондæн æндæр? Вла-димир йæ рацæргæ азты цытæ бавзæрста, цард æй куыд цъист кодта, стæй йын зонадон архайды цытæ бантыст, уыдæттыл дзырд цæуы, мыхуыры йын чи рацыд, уыцы чиныг «Мæлæтæй тыхджындæр»-ы æмæ сыл æз лæмбынæг нæ дзурдзынæн. Чиныджы мыхуыр æрцыдысты куыд йæхи мысинæг-тæ, афтæ æндæр авторты уацтæ дæр Вла-димиры тыххæй. Ацы уацтæ бакæсгæйæ, æнæмæнг дæ зæрдыл æрлæудзысты стыр уырыссаг критик Белинскийы ныхæстæ: «Царды хи фæндаг равзарын æмæ дзы хи бынат ссарын адæймагæн у иууыл сæйраг-дæр хъуыддаг, – уымæн æмæ уыцы проб-лемæ куы алыг кæны, уæд уый свæййы, цы суинаг уыди, уый», – ома, ссары йæхи. Ацы ныхæстæ, раст цыма Владимиры тыххæй загъдгонд сты, афтæ мæм фæкаст.

Уанеты Владимир райгуырд 1930 азы Знауыры районы Чъециаджы хъæуы. Цыппар азы йыл куы сæххæст, уæд фæзиан йæ фыд æмæ æртæ æнахъом сабийæ баззадысты сæ мады æвджид. Уæд дуг уæззау уыдис, æмæ сидзæр лæппу цы уавæрты хъомыл кодтаид, уый нæ цæстытыл уайы, уымæн æмæ уыцы дуджы цардцух æййæфтой, сæ ныййарджытимæ чи хъомыл кодтой, уыцы сабитæ дæр.

1937 азы Владимир ахуыр кæнынмæ бацыд ирон скъоламæ. 1944 азы та гуырдзиаг шовинисттæ сæхгæдтой ирон скъолатæ æмæ æрбакъуындæг кодтой ирон æвзаджы рæзты фадæттæ. Уæд райдыдта ирон адæмы ассимиляци. Æмæ 1949 азы фондз ирон лæппуйы – Габуты Хазби, Гасситы Лев, Джиоты Зауыр, Бекъойты Гоги æмæ Уанеты Владимир сарæзтой сусæг партион къорд «Рæстдзинад» æмæ гуырдзиаг шовинистты ныхмæ парахат кодтой прокламацитæ, цæмæй бахъахъхъæд æрцыдаид ирон æвзаг. Владимир уыцы рæстæджы ахуыр кодта нæ горæты пединс-титуты, æрцахстой йæ æмæ йын стæрхон кодтой 25 азы ахæстоны фæбадын. Уыцы хъизæмæртты фæндаг дыууыназдзыд лæппуйы фæхаста дард Сыбырмæ, каторгæмæ… Фæлæ дзы æртæ азы йеддæмæ нæ фæбадт. Ссæрибар æй кодтой иннæтимæ иумæ 1954 азы Цæдисы Сæйраг тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ. Фæлæ абон уыдоныл нæ дзурдзынæн, уымæн æмæ-иу сæ йæхæдæг дæр арæх æрымысыд нæ газеты фæрстыл «Рохгæнæн кæмæн нæй, уыцы тугуарæн рæстæг», зæгъгæ, ахæм сæры бын. Фæлæ абон мæн сæрмагондæй банысан кæнын фæнды, царды уадтымыгътæн сæттын чи нæ бакуымдта, ахæм хъизæмæрттæ бавзарыны фæстæ дæр царды раст фæндагæй, йæ хъарутæ, æппæт йæ зонындзинæдтæй чи нæ фæиртæст, йæ курдиат райгуырæн Ирыстонæн чи снывонд кодта, уыцы ныфсджын адæймаджы сфæлдыс-тадон æмæ зонадон архайды тыххæй.

Фыццаджыдæр уал, ахæстæй æрыздæхгæйæ уый йæ ахуыр адарддæр кодта. Ссис филологон зонæдты кандидат. Цъус рæстæг бакуыста ахуыргæнæгæй, стæй йæ профессортæ Гæбæраты Сослан æмæ Цхуырбаты Зелим æрбахуыдтой, зонад-иртасæн инсти-тутмæ кусынмæ æмæ йæ амæлæты бонмæ фæкуыста уым хистæр зонадон кусæгæй.

Ацы институты кусгæйæ, уый цæстуарзон куыст бакодта фыццаг ирон сылгоймаг-фыссæг Кочысаты Розæйы сфæлдыстад æрæмбырд кæнын æмæ йæ хицæн чиныгæй рауадзыныл. «Иры номдзыд чызг» рацыд рауагъдад «Ирыстон»-ы 1990 азы. Розæйы уацмыстæй дарддæр ма чиныгмæ хаст æрцыдысты, Розæйы тыххæй ирон периодикон мыхуыры цы уацтæ рацыдысты, уыдон, иуæй-иу ахуыргæндты уацтæ Розæйы сфæлдыстады тыххæй, стæй Розæйы цардæвдисæг къамтæ, Уанеты Владимирæн йæхи иртасæн уац æмæ æндæр æрмæджытæ. Чиныг стыр ахъаз у, ирон литературæ чи ахуыр кæны, уыдонæн.

Иттæг цымыдисон сты Уанеты Владимир цы уац ныффыста «Нарты цардæй», уыдон: «Кæд фæзынд таурæгъ», «Сатана æмæ Борæты чызг», «Нарты Уырызмæджы æнæном лæппу: историон æви мифологи?» Автор æмных кæны Нарты эпосы фæдыл дунейы стырдæр ахуыргæндты хъуыдытæ æмæ аразы хатдзæгтæ эпосы иуæй-иу фарстаты фæдыл. Уый фыссы:

«Цымыдисаг у иу хабар, æмæ стыр францаг ахуыргонд Ж. Дюмезиль Нарты эпосмæ кастис æрмæстдæр мифологийы цæстæнгасæй, нæ дзы уыдта, хъыгагæн, истори, реалон цард, кæд эпосæн йæ хъайтартæ реалон сты, уæддæр. Ардыгæй Владимир сарæзта ахæм хатдзæг, зæгъгæ, Нарты эпосмæ æрмæст мифологийы цæстæй кæсын нæ хъæуы, фæлæ æмныхгонд хъуамæ цæуа реалон цардимæ, цæмæй дзы фендæуа нæ рагфыдæлты царды æцæг историон цаутæ. Ахæм историон гоймаджы прототип, авторы хъуыдымæ гæсгæ у, æвæццæгæн, Нарты Уырызмæджы фæлгондз. Дарддæр Владимир рагфыдæлты æгъдæуттыл дзургæйæ, нысан кæны уыдон æнгæс-дзинад абоны иуæй-иу ирон æгъдæуттимæ.

Уæдæ уыцы æнгасдзинад дæр цæуы мифологийæ нæ, фæлæ реалон цардæй. Уый у ног ныхас нартзонынады æмæ уый мидæг ис авторы ацы куыстыты нысаниуæг – куыд зонæм, афтæмæй, зонадон быцæуты рабæрæг вæййы æцæгдзинад.

Ирон аив прозæйы дæр къаддæр не сты йæ хуынтæ Владимирæн. Йæ радзырдтæ æмæ уацаутимæ чиныгкæсджытæ зонгæ кодтой периодикон мыхуыры. Фæстæдæр хицæн æмбырдгæндтæй рацыдысты йæ чингуытæ: «Фæндæгтæ, фæндæгтæ»…, «Сылгоймаджы бонæг», «Цардиппæрд», æмæ æндæртæ. Сæ рæстæджы авторы про-заикон уацмыстæн литературон критикæ скодта æмбæлон аргъ.

Кады аккаг систы авторæн йæ пьесæтæ. Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны театры сценæтыл æвæрд æрцыдысты спектаклтæ: «Хъуыбадты чындз», «Хилачъы фидар», «Аланты успаддзах Зæринæ», «Къулбадæг усы фырт», «Шахмæттæ», «Ацæмæз», «Нæртон уадындз», «Æнусон цырт». Ацы спектаклтæ сценæйыл чи федта, уыдонæй никуы ферох уыдзысты автор æмæ актерты саразгæ реалон фæлгæндзтæ. Сценæмæкæсджыты зæрдæмæ хъарынц сæ рæстдзинад æмæ сæ аивдзинадæй, æвдыст сæ цæуы, куыд Ирыстоны ивгъуыд, афтæ йæ нырыккон царды нывтæ дæр. Иуныхасæй, Уанеты Владимиры литературон сфæлдыстадæн ис йæхи бынат ирон аив дзырды хæзнадоны.

Æнæкъæмдзæстыгæй цæстуарзон ныхас зæгъæн ис Владимиры публицистон архайды тыххæй дæр. Периодикон мыхуырмæ йæ хъус чи дары, уыдон ын газеты фæрстыл арæх кастысты йæ уацтæ. Бирæ, тынг бирæ проблемæтыл дзырдта Владимир йæ хъуыдытæ. Уый йын уартæ рагбæллицтæй баззад – Райгуырæн Ирыстоны хæрзиуæгæн йæ цард нывонд кæнын.

Уанеты Владимирæн йе ‘нусон бæллиц та уыд, дыууæ Ирыстоны иумæ, иу паддзахады фенын. Ууыл хъуыды кодта йе ‘взонджы бонты дæр, кæд æй уыцы хъуыддагыл хъуыды ахæстонмæ æркодта æмæ йын стыр хъизæмæрттæ бавзарын кодта, уæддæр.

Уанейы фырт кæд зын цард фæкодта, уæддæр фæсмон ницæуыл кодта, йæ ныхас уыд: «Бузныг хъысмæтæн, кæд мын райгуырæн Ирыстонæн хорзы бацæуын истæмæй бантыст, уæд».

Ныр, Уанеты Владимирыл сæххæст уыдаид 90 азы. Фæлæ йын, хъыгагæн, нал бантыст йæ уарзон адæмы ‘хсæн рацæрын, æгъатыр низ æй аскъуыдта не ‘хсæнæй. Фæлæ йæ чи зыдта, уыдонæй рох никуы уыдзæнис йæ рухс ном.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.