Зынаргъ скъоладзаутæ, студенттæ, ахуыргæнджытæ!

Арфæ уын кæнын Зонындзинæдты боны цытæн.

Ахуырад у адæймаджы, æхсæнады æмæ паддзахады рæзты æмæ размæцыды сæйраг хай.  Уымæ  гæсгæ 1-аг сентябрь канд ахуырады зын процесы райдиан нæу, фæлæ ма у зонындзинæдты бæрæгбон. Зонындзинæдтæ нæм куынæ уа, уæд нæ бон не суыдзæн нæ Райгуырæн бæстæйы, Республикæ Хуссар Ирыстоны хуыздæр фидæн аразын.

Ахуыры азы райдиан у алы ахуырдзауæн дæр йæ разы ног хæстæ, ног нысæнттæ æрæвæрыны рæстæг, цæмæй уыдонмæ тырна. Ацы бон уын æз зæгъын мæ фæндиæгтæ, цæмæй цымыдис кæнат зонындзинæдтæм, ног  æнтыстытæ æмæ уды хъаруйæ уат хайджын.

Уæлдай арфæтæ кæнын фыццаг-къласонтæн. Абоны бонæй сымахæн байгом уыдзысты ног фæндæгтæ æмæ фадæттæ, ног зонд æмæ цай-дагъдзинæдтæ, æмæ уыдоны хицау сымах суыдзыстут уæ ног хæлæрт-тимæ иумæ. Уадз æмæ макуы бамынæг уа уæ цымыдис ахуырмæ, æмæ уын алы бон дæр хæсса циндзинад.

1-аг сентябры мын ис диссаджы фадат, цæмæй зæгъон бузныджы ныхæстæ ахуыргæнджытæн. Мæ цæст уын уарзы фæразондзинад æмæ тых, уадз æмæ уæ куысты хуыз-дæр фæстиуæг уа, уæ хъомылгæнинæгты ахадгæ æмæ ирд æнтыстытæ.

Уадз æмæ уæ ног ахуыры аз уа амондæй дзаг!

 Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент

Бибылты Анатоли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.