Ацы куыстуат ма фæлхасгæнджыты хæрзиуæгæн йæ хæстæ æххæст кодта æртæ азы размæ дæр æмæ йæ рауадзгæ профнастил продукцийæ райгонд уыдысты нæ республикæйы цæрджытæ. Фæлæ фæстæдæр æрлæууыд йæ кусынæй æмæ тыхстысты, ног цæрæн хæдзæрттæ æмæ æндæр бæстыхæйттæ чи арæзта, уыцы хицæн организацитæ æмæ хисæрмагонд цæрæн хæдзæртты хицæуттæ дæр. Фæлхасгæнджыты тыхстдзинад æмбаргæйæ, ацы æнæмæнгхъæуæг продукци ногæй уадзын сæ ахсджиаг хæсыл банымадтой Уалыты Ибрагим æмæ Бекъойты Сæрмæт æмæ Цхинвалы завод «Эмальпровод»-ы раздæры бæстыхайы иу хатæн февралы мæйы райстой арендæйы.

Нæ уыд хорз уавæры ног кусæн бынат æмæ уал райдианы æрæвнæлдтой уым алыхуызон æфснайæн куыстытæ æххæст кæнынмæ æмæ сын æнтысгæ дæр бакодта. Фæткмæ æркодтой, хъæуæг хомыс цы бынаты æфснайдзысты, стæй продукци кæм уадздзысты, уый дæр. Фæстæдæр Уалыйы фырт бацархайдта продукци уадзынæн æнæмæнгхъæуæг хомыс бынатмæ æрласыныл. Куыд радзырдта, уымæ гæсгæ йæ бынатмæ æрæввонг кæнынц Уæрæсейы горæттæ Волгоград, Липецк æмæ Ростовæй æххуырсгæ транспорты фæрцы. Зæгъын хъæуы, уæлхæдзары куыстытæ кæронмæ æмæ æххæстæй бамбæрзынæн æрмæст профнастил нæ хъæуы, фæлæ ма æнæмæнгхъæуæг сты донцæуæн хæтæлтæ, цыхцырджытæ æмæ æндæр ахæмтæ. Цæмæй бæстыхайы аразджытæ æмæ йæ хицау ма фæтыхсой сæ самал кæныныл, уый тыххæй зестимæ иумæ бынатмæ ласынц уыдон дæр. Нæ республикæмæ цы профнастил ласынц, уыдон сты дыууæ хуызы, куыстуатæн та йæ хорздзинад уый мидæг ис, æмæ  фæлхасгæнджытæн кæй уадзынц, цас сæ хъæуы, уыцы бæрцыл. Ноджы ма зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ, æргътæ Цæгат Ирыстонимæ абаргæйæ, ацы цехы кæй сты бирæ асламдæр. Рулонæй профнастил уадзын æмæ фæлхасгæнджыты домæнтæ æххæст кæныныл кусынц Хъоцыты Роланд, Гогинов Мераб æмæ Уалыты Ибрагим йæхæдæг.

                                                 ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.