Кæцыфæнды тыхон структурæйы кусджытæ дæр регуляронæй хъуамæ бæрзонд кæной сæ физикон æмæ профессионалон цæттæдзинад. Стæй ма сæм цы табелон æхсæнгæрзтæ ис, уыдонæй дæр арæхстджынæй архайой, цæмæй сæ сæр куы бахъæуа, уæд ма фæтыхсой, сæххæст кæной сæ разы лæууæг хæстæ. Уымæ гæсгæ Мидхъуыддæгты министрады дæр радон хатт ведомствойы сæргълæууæджы бардзырдмæ гæсгæ управлениты æмæ службæты рæнхъон скондæн уадзынц ахуыртæ табелон æхсæнгарзæй.

Милицийы кусæджы сæйрагдæр хæстæй иу у – табелон æхсæнгарзæй арæхстджынæй архайын. Æмæ Мидхъуыддæгты министрадмæ та ис алыгъуызон хæцæнгæрзтæ, кæцытæй пайдагæнæн ис сæрмагонд уавæрты. Зæгъæм, гранатæхсæны сæр милицийы кусæджы тынг стæм хатт бахъæуы, фæлæ пистолет та æдзух йемæ хъуамæ хæсса. Фæлæ уый нæ нысан кæны, æмæ гранатæхсæнæй æмбæлонæй архайын ма хъуамæ зона. Милицийы алы кусæг дæр хæсджын у, цæмæй æппæт табелон æхсæнгæрзтимæ дæр архайа арæхстджынæй.

Инструктортæ алы урок дæр райдайынц æдасдзинадæй, хихъахъхъæнынæй, уымæн æмæ кæцыфæнды æхсæнгарз дæр у фыдбылызхæссæг. Фæдзæхсынц сæ, цæмæй сæхи афтæ ахуыр кæной æмæ æхсæнгарз макуы дарой адæймагмæ. Стæй ма хъуамæ иттæг хорз зоной сæ къухты уæвæг æхсæнгарзы тактикон-техникон характеристикæтæ.

Мидхъуыддæгты министрады арсенал ахъаз у службæйон хæстæ æмбæлонæй сæххæст кæнынæн. Кæцыдæртæй дзы спайда кæнынц бынтон стæм хатт, фæлæ уæддæр æнæмæнгхъæуæг сты. Уæлдайдæр та нæ республикæ гуырдзиаг фашистты дзæмбытæй бынтон æрæджы раирвæзтис æмæ нырма дæр нæхи бынтон æдас нæ хатæм. Уымæ гæсгæ, нæ тыхон структурæтæ хъуамæ ифтонг уой табелон æхсæнгæрзты æппæт хуызтæй дæр.

ДЖИОТЫ Алыксандр

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.