Адæймаг куы райгуыры, йæхи дзæбæх куы бамбары, уæд райдайы æвзарын йæ  сомбоны царды фæндæгтæ. Царды фæндæгтæ та сты алыхуызон. Уыцы равзæрст фæндæгтæ дæр алкæмæн æмхуызон рæсугъд нæ вæййынц: кæмæн йе ‘взæрст фæндаг вæййы рæсугъд æмæ амондджын, кæмæн – уæззау, гакъон-макъон, кæмæн та  – трагикон.

Сывæллон йæхи дзæбæх куы бамбары æмæ йæ исчи куы афæрсы, зæгъгæ, куы байрæзай, уæд дæ цы суæвын фæнды, уæд чи фæзæгъы милиционер, чи – инженер, чи – тæхæг, чи – дохтыр. Лæппутæй ахуыргæнæджы дæсныйад стæмтæ равзарынц. Ахæм дæсныйад фылдæр равзарынц чызджытæ. Æмæ уый практикон æгъдауæй зынгæ дæр кæны. Нæ университеты педагогон дæсныйад цы факультетты исынц, уым, иу стæмтæй дарддæр, ахуыр кæнынц æрмæстдæр чызджытæ. Фæлæ уыцы рагацау равзæрст професситæ кæронмæ иууыл алкæмæн хъахъхъæд не ‘рцæуынц. Фæстаг, рауагъдон къласы дзы бирæтæ сæ равзæрст дæсныйæдтæ фæивынц.

Ацы чысыл уацы кæй кой кæнынмæ хъавын, уый уыд Остъаты Шалва. Шалвайы чысылæй ничи фарста, цы суæвын æй фæнды, уымæй. Æмæ æвзаргæ дæр ницы ракодта, цалынмæ иуæндæсæм къласы нæ ахуыр кодта, уæдмæ. Куыд мæ хорз сыха-джы лæппу, афтæ йæ афарстон, цы дæсныйад æй фæнды райсын, уымæй. Уый бахудти, иу чысыл ахъуыды кодта æмæ мын афтæ зæгъы: «Мæн фæнды ахæм дæсныйад райсын, адæмимæ арæх кæм æмбæлон, семæ куыд кусон æрмæст ам нæ, фæлæ ма æндæр рæтты дæр». Уæд ын æз загътон, зæгъгæ, уæд бацу мах университетмæ, ис дзы, педагогон дæсныйад кæм райсай, ахæм факультеттæ, фæуыдзынæ йæ æмæ ахуыр кæндзынæ чысыл сывæлæтты, куыд дæ фыды мад Дуня, афтæ. Нæ фæцыд мæ хъуыды йæ зæрдæмæ æмæ афтæ зæгъы, зæгъгæ, хорз у ахуыргæнæджы куыст дæр, фæлæ мæ зæрдæмæ нæ цæуы æдзух чысылтимæ кусын. Ахъуыды та кодта æмæ та мæ афарста, нæ университеты цы факультеттæ ис, уымæй. Куы йын сæ ранымадтон, уæд æрлæууыдис юридикон факультетыл.Чысыл паузæйы фæстæ афтæ зæгъы: «Ме ‘фсымæр Зуро уым ахуыр кæны æмæ нæ хæдзары иууыл хъуамæ юристтæ уæм? Стæй уым та фыдгæнджытимæ хъуамæ кусон æмæ мæ уый дæр нæ фæнды». Уый фæстæ мæм бахатыд, цæмæй йын радзурон лыстæггай, журналист цахæм хъуамæ уа, цы хъуамæ араза, йæ куыст цы уыдзæнис, уымæй. Бамбарын ын кодтон, цæмæй бакæса Уæрæсейы телеуынынады ралæвæрдтæм, уæлдайдæр та – ног хабæрттæм. Уым кусынц профессионалон журналисттæ, бакæса бынæттон телеуынынадмæ дæр, уым та кусынц ацы факультеты рауагьдонтæ, сты тынг хорз журналисттæ, кæс, нæ газетты цы æрмæг вæййы, уый, æмæ мæм иу къуырийы фæстæ æрбацу æмæ мын дæ хъуыды зæгъ.

Цасдæр рæстæджы фæстæ мæм æрбацыд æмæ мын загъта, йæ зæрдæмæ кæй фæцыд журналисты дæсныйад æмæ кæй равзæрста журналистикæйы факультет. Йæ фæнд загъта йæ ныййарджытæн дæр. Уæд мæм йæ фыд Эдуард æрбацыд æмæ мын бамбарын кодта йæ фырты хъуыды. Загътон ын, тынг хорз факультет кæй равзæрста, зонын æй, æнæзивæг, сæрæн лæппу кæй у, фæлæ йæ бирæ кусын кæй бахъæудзæнис йæхиуыл, цæмæй райса алыварсон зонындзинæдтæ. Шалва æнтыстджынæй радта фæлварæнтæ æмæ сси нæ университеты журналистикæйы факультеты студент. Йæ ныййарджыты цинæн кæрон дæр нал уыд, цин кодтой сæ хъæбулы равзæрст фæндагыл, фæлæ хъысмæтæн цы загъдæуа, сæ цин бирæ нæ ахаста.

Остъаты Шалва Эдуарды фырт райгуырд 1973 азы 22 октябры Цхинвалы. Каст фæцис Цхинвалы фæндзæм астæуккаг скъола æмæ райдыдта йæхи цæттæ кæнын журналис-тикæйы факультетмæ. Шалвайы фыдæн йæ фыд Шаликъо уыд зæхкусæг, уæздан æмæ æгъдауджын адæймаг, ирон рæсугъд æгъдæуттыл фидар чи хæцыд, ахæм.   Йæ мад Къæбысты Дуня, Цхинвалы цæрæг, каст фæцис Цхинвалы педагогон институты физикæ æмæ математикæйы факультет æмæ йæ арвыстой  Хъемултайы астæуккаг скъоламæ математикæйы ахуыргæнæгæй. Ам базонгæ ис Шаликъоимæ. Бауарзтой кæрæдзи æмæ сæ цард баиу кодтой. Райгуырд сын дыууадæс сывæллоны – авд лæппу æмæ фондз чызджы. Сæ хистæр- Шалвайы фыд Эдуард. Дуня-Мад Хъайтар йæ рæстæджы хъæддых сылгоймаг уыд, хъомыл кодта дыууадæс сывæллоны, афтæ-мæй нæ уагъта ауыргæнæджы куыст дæр æмæ ма-иу сæ хæдзаргæрон зæххы фады-джы дæр архайдта.

Æнцон нæ уыд хъæууон зын уавæрты дыууадæс сывæллон хъомыл кæнын, фæлæ Мад-Хъайтар Дуня йе ‘мкъай Шаликъоимæ нæ тарстысты зындзинæдтæй, хъомыл сæ кодтой сæхиау куыстыл, хæрзæгъдауыл. Афтæмæй се ‘ппæт дæр рацыдысты куыстуарзаг, æгъдауджын; хæдзардзин, адæмæн уарзон. Фæлæ сын хæххон зын уавæрты куыд хъомыл кодтой, афтæ цард нал фаг кодта, æмæ сæ алчи дæр хуыздæр цардагур ацыд  чи  Дзæуджыхъæумæ, чи – Мæскуымæ, чи та – Цхинвалмæ. Зæнæджы хистæр Эдуард æрбынат кодта Цхинвалы. Куыстуарзаг лæппу бацыд Хеиты асфальтгæнæн заводмæ. Хеиты хъæуы фембæлд иу рæсугъд уæздан, куыстуарзаг, хæрзæгъдау чызг Докадзе Нанаимæ. Баиу кодтой сæ цард, райгуырд сын дыууæ лæппуйы – Зураб æмæ, нæ ныхас кæуыл у, уый – Шалва. Куыстуарзаг æмкъæйттæ райгонд уыдысты сæ амонд æмæ цардæй. Эдуард ахæм куыстуарзаг разынд, æмæ мæнæ куыд фæзæгъынц, дуры цъуппыл дæр йæхи фæдардтаид. Адæймаджы хорз миниуджытæй æппæтæй дæр æххæст разындысты Шалвайы мад æмæ фыд, уæздан ахаст сыхæгтимæ, лæггадгæнæг, тыхст адæймагмæ йæ къух чи фæдаргъ кæна, ахæмтæ разындысты. Цыбыр дзырдæй, сæ цардæй сæ зæрдæ рухс кодта, уæлдайдæр та сын куы фæзындис дыууæ фырыхъулы хуызæн фырты, уæд.

Хорз хъомылгонд уыдысты сæ фырттæ Зураб æмæ Шалва, сæ ныййарджытау – уæздан æмæ æгъдауджын, æнæзивæг, фæкæсынмæ – цæрдæг. Цыбыр дзырдæй, фау æрхæссæн сæм нæ уыд. Хистæр фырт Зураб æнтыстджынæй каст фæци Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты юридикон факультет, йæ амонд ссардта, ис ын æртæ хъæбулы, бацыд Дзæуджыхъæуы арæнхъахъхъæнджыты хаймæ æмæ амондджын цард кæны. Кæстæр фырт, Шалвайы амонд æндæрхуызон рауад. Мæнгæй нæ фæзæгъынц, адæймаг, дам, куы райгуыры, уæд, дам, йæ амонд йæ ныхыл фыст вæййы.

Шалва, йæ фыд Эдуардау, чысылæй фæстæмæ æвзыгъд уыд алцæмæ дæр, æнæзивæг, цæрдæг. Кæд нырма чысыл уыд, уæддæр æм уыд æмбаргæ ас лæджы миниуджытæ. Рæхсти алцæмæ дæр, уæдæ монтеры куыстытæм, уæдæ – электротехникæимæ архайын æмæ цалцæг кæнынмæ, уæдæ музыкалон техникæимæ архайын æмæ цалцæг кæнынмæ, куыд фæзæгъынц, сыгъзæрин къухты хицау уыд. Цыбыр дзырдæй, æнæхъæн сыхы сывæллæттæй бæрæг хицæн кодта йæ уагахаст, зонд æмæ архайдæй. Сывæллæтты ‘хсæнмæ-иу ыл æддагон цæст уайтагъд андæгъд. Шалва журналистикæйы факультеты студент куы сси, уæд-иу мæм йæхи æввахс кодта æмæ-иу мæ цæмæй нæ бафарстаид. Йæ фарстытæ-иу уыдысты æмбаргæ, хъуыдыджын, ас, фæлтæрд лæджы фарстыты хуызæн, лæвæрдта-иу сæ худæндзастæй. Иуахæмы та мæ фæрсы, зæгъгæ, хъайтар суæвæн куыд ис гæнæн, æрмæст хæсты? Æвæццæгæн, йæ хъæуккаг, йæ хæрзæрвад Остъаты Алыкси фыццаг ирон Хъайтар кæй уыд, уымæ цымыдис кодта. Æз ын бамбарын кодтон, алы уавæры дæр кæй ис Хъайтар суæвæн æмæ йын цæвиттонæн æрхастон Кучиты Юри æмæ Сагкаты Григолæй. Уæд афтæ бакодта: «Шалва лæппу ма уæд,  æз куынæ схъайтар уон». Æз бахудтæн æмæ йын загътон: «Хуыцау зæгъæд». Чизоны, цы нæ вæййы. Адæймагмæ ахæм тырнындзинад куы вæййы, уæд ын хатт йæ сæххæст кæнын дæр бантысы.

Ирон æмбисонд зæгъы: «Гайлаг родæй бæрæг вæййы». Зындис Шалвайыл, хорз, æмбаргæ лæг дзы кæй рацæудзæнис, фæлæ цы загъдæуа хъысмæтæн. Уымæн йæ фæнд конд вæййы, фæлæ йæ йæхи йедтæмæ ничи фæзоны, цалынмæ нæ сæххæст вæййы уыцы хъуыды, уæдмæ. Хъысмæт йæ хъуыдытæ, йæ фæндтæ æрдæг фæндагыл нæ уадзы, нæдæр сæ ивгæ кæны, æгъатыр у.

Хæст цынæ фыдбылызтæ хæссы адæмæн: мæлæт, хæццæдзинад, дæрæн, кæрæдзи нал æмбарын, зыд æмæ кæрæфдзинад. Цыбыр дзырдæй, царды цыдæриддæр мæгуыр-аудзинæдтæ ис, уыдон сæ сæр схъил кæнынц, раргом вæййынц. Нæ адæм амондджын, сабыр цард бæргæ кодтой, фæлæ нæ «сыхæгтæ» кæй хуыдтам, уыдон ныл гадзрахатæй, сайдæй рацыдысты. Уый адыл нæ сабыр, амондджын цард сзыгъуыммæ ис. Уыцы æнамонд хъуыддæгтæй иу уыд, фæсивæдæй иутæ кæй слæууыдысты рæдыд фæндагыл, кæрдзи кæй нал æмбæрстой, уый фæстиуæгæн кæй цыд, алыхуызон фыдбылызтæ. Уымæн йæ сæйраг аххосаг уыд, цард сын кæй нал фаг кодта, уый.

Бирæ æппæрццаг миниуджытæ фæзынд фæсивæдæй иуæй-иутæм, фæлæ Шалва йæхи бахызта уыцы мæгуырау, зианхæссæг  хъуыддæгтæй. Кæд нырма æрыгон уыд, уæддæр слæууыд Ирыстоны, йæ Райгуырæн зæхх, йæ адæмы хъахъхъæнджыты рæнхъыты æмæ йæ хæстæ æххæст кодта цæсгомджынæй.

Шалва, йæ ныййарджытау, уыд куыстуарзаг æмæ сфæнд кодта исты куыст ссарын  æмæ сын сæ къух фæрогдæр кæнын. Боны хайады дыккаг курсы студент уæвгæйæ, бацыд органтæм (СОБР-мæ.) Æз уый куы базыдтон, уæд æм фæдзырдтон мæхимæ (уæд куыстон факультеты деканæй) æмæ йын бамбарын кодтон, боны хайады студенттæн кæй нæй гæнæн  æмæ кусой. Уымæн  æмæ хъуамæ лекцитыл бадай, хъусай, дæ ахуырæй фæсте  ма аззайай. Уый бахудт æмæ афтæ зæгъы: «Тæрсгæ мын ма кæн, æз тыхджын дæн, алцæуыл дæр аххæсдзынæн. Уæдæ цы бакæнон, мæ фыд дæр ныл кæм аххæсдзæнис ацы уæззау дуджы». Цы ма йын хъуамæ загътаин, зыдтон æй, сæрæн лæппу, куыстуарзаг кæй у, æмæ ницыуал сдзырдтон. Æмæ æцæгдæр афтæ рауад, æххæссыд куыстыл дæр æмæ ахуырыл дæр.

Шалва аудиторийы бадт раст кафедрæйы фæстæ партæйыл æмæ кафедрæйы чъылдымыл ныффыста стыр дамгъæтæй ШАЛВА, йæ быны та йын бафыста: «Уадз, мæ номыл баззайæд». Уыцы фыст федтон, йæ амæлæтыл иу къуыри куы рацыд, уый фæстæ. Мæ беседæ йемæ та уыд йæ трагикон бонæй иу мæйы размæ. Æвæццæгæн, адæймагæн йæ царды бонтæ кæронмæ куы бахæццæ вæййынц, йæ адзал куы æрбаввахс вæййы, уæд ын йе ‘взаджы бавæрынц йæ фыдбылызтæ, ныййарджытæн, йæ хиуæттæн зæрдылдарæн, зæрдæ-риссæн хъуыдытæ, фразæтæ.

Шалвайы йæ хъысмæт органты бирæ кусын нæ бауагъта. Фæлæ цы чысыл рæстæг акуыста, уым ын бантыст егъау авторитет саразын, рæхстис йæхи бауарзын кæнынмæ йæ цæвиттойнаг ахасты руаджы. Куыд фæзæгъынц, уд æмæ цæст уыд алы ран дæр, йæ хæрзæгъдау ыл цæстæвæ-рæнтæ кодта. Иу ахæм миниуæг æм уыд – нæ зыдта мæсты кæнын, куы-иу хъуыдис, уæддæр. Уыцы миниуæг æй ноджы тынгдæр æлвæста, чи йæ зыдта, уыдонмæ.

Иуахæмы органты бахъуыд цыдæр фыдгæнæджы æрцахсын. Уыцы фыдгæнæг æр-бынат кодта горæты иу хæдзары. Арвыстой йæм ахсынмæ цалдæр лæппуйы, уыдонимæ Шалва дæр. Фыдгæнæг базыдта, йæ ахсынмæ кæй æрбацыдысты, уый, æмæ йæхи æрцæттæ кодта семæ тохмæ. Шалва, йæ тых, йæ хъаруйыл йæ зæрдæ даргæйæ, фæмидæг уыцы бынатмæ, фыдгæнæг скусын кодта йæ хæдæхс  æмæ бабын кодта цардбæллон, æрыгон уды. Шалвайыл уьщы бон  сæххæст ис дыууын азы, йæ райгуырæн бон куы банысан кодта, уымæй æртæ боны фæстæдæр. Куыд рабæрæг, афтæмæй операци нæ уыд, куыд æмбæлы, афтæ цæттæгонд. Нæ бахынцыдтой фыдгæнæджы фадæттæ. Уымæй дарддæр ма не ‘рцыд хынцыдгонд операци аразджыты иуæй-иуты æвæлтæрддзинад.

Ацы уæззау хъуыддаг нæ фæрæзтой Шалвайы ныййарджытæ. Йæ фыды фыд Шаликъо, дыууадæс сывæллоны фыд, уæлдай уарзт кодта Шалвайы. Асаст йæ хъару. Мæнгæй нæ зæгъы ирон æмбисонд: «Зæнæг – сæры магъз, зæнæджы зæнæг – зæнджы магъз». Шаликъойæн асаст йæ хъару, йæ тых, нал æй хастой йæ хъæддых уæрджытæ дæр æмæ бирæ нал ахаста. Хъæбулы мард, дам, арс дæр нæ урæдта. Нана дæр йæ уарзон хъæбулы фесæфт нæ урæдта, (нырма дæр æй нæ уромы, кæд дзæвгар рæстæг рацыд, уæддæр). Нал хызт йæ уатæй æддæмæ. Æдзух йæ уарзон хъæбулы къамтæ дардта йæ къухы æмæ судзгæ цæссыгтæй йæхи æхсадта. Фыд ма-иу йæ куысты йе ‘мгæрттимæ йæхи аирхæфста, фæлæ-иу уымæн дæр йæ цæстытæ нæ сур кодтой. Уæддæр уый нæлгоймаг у, мастæн – фидардæр. Бантыст ын Шалвайы мады хуыйæн фабрикæмæ бакæнын. Куыст Нанайы йæ хъуыдытæй чысыл фæиппæрд кодта. Уый адыл ын бæрæг фенцондæр ис, кæд дзы йæ уарзон хъæбул нæ рох кæны, уæддæр.

Рухсаг у, Шалва.

ХУЫГАТЫ Илья

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.