Стыр Фыдыбæстæйон хæст куы райдыдта, уæд мыл бæрцæй цыд дыууадæс азы. Мæ мадыфсымæр Пелиты Месторæн сывæллæттæ кæй нæ уыд, уый тыххæй мæ астаздзыдæй акодта Плауы хъуамæ – уым цард æмæ мæ хъомыл кодта. Хъæлдзæг уыд мæ цард. Уырдæм дæр æнкъардтон мæ мад æмæ мæ фыды рæвдыд, цух нæ уыдтæн мæ кæнгæ хъомылгæнджыты рæвдыдæй дæр. О, фæлæ иу бон цард фæивта бынтондæр æмæ адæмæн ахсджиаг цы хъуыддæгтæ уыдысты, уыдон сæ бирæбæрцæй рох дæр æрбаисты. Сæ мæт æмæ сæ аразинаг хъуыддаг ссис сæ Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнын. Хæстмæ цыдысты иугæйттæй, къордгæйттæй. Хæстмæ акодтой Месторы дæр æмæ мæм цалдæр боны фæстæ мæ фыд Хуриты Шаликъо ныццыд æмæ мæ фæстæмæ ракодта Цхинвалы районы Дменисы хъæумæ. Дменисмæ куы æрбацыдтæн, уæд та мын кæрæдзийы фæдыл акодтой ме ‘фсымæртæ Дзамболат æмæ Сосыкъойы. Сосыкъойæн хæстмæ цæуын афон кæй нæма уыдис, уый тыххæй йæ Гурæй раздæхтой фæстæмæ. Колхозы фос чи хызтаид æмæ сæм чи кастаид, уый нал уыд æмæ кусын райдыдта фыййауæй. Фæстæдæр, хæстмæ цæуынхъом куы фæцис, уæд дæр æй нал акодтой. Уымæн æмæ иуæй хъæуы нал уыд, фосмæ чи кастаид, ахæм адæймæгтæ, аннæмæй та йæ бæрны уæвæг фосмæ каст хорз.  Дзамболат та знаджы ныхмæ фæхæцыд кæронмæ æмæ хæст куы фæцис, уæд цæфтæй æрыздæхт йæ райгуырæн хъæумæ. Æркодта бинонтæ, сарæзта хæдзар, схъомыл кодта кæстæртæ, федта кæстæры кæстæртæ дæр æмæ цалдæр азы размæ йæ цардæй ахицæн.

Хæстмæ ма мын акодтой мæ фыдыфсымæртæй æртæйы – Гриша, Лаврент æмæ Шакройы. Уонгджын æмæ цардуарзаг уыдысты, æрмæст бинонтæ, мыггагæн нæ, фæлæ стыр ныфс уыдысты хъæубæстæн дæр. Хæстæй хъуыстысты се сгуыхтдзинæдтæ, фæлæ сæ фæстæмæ ничиуал æрыздæхт – баззадысты хæсты быдыры.

           ХУРИТЫ Маня                                                                                           

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.