О, Стыр Хуыцау, ды дæ æвдисæн дæ быны цы тæригъæдтæ æмæ фыдракæндтæ арæзт цæуы, æппæт уыдонæн æмæ сын тæрхонгæнæг дæр ды фæу! Рахæсс сын карз тæрхон сабыр цæрджытæн, хæстонтæн чи хъизæмар кæны, уыцы æнæадæймæгтæн. 21-æм æнусы с абыр цæрджыты куынæг кæнынц, сæ фашистон туг кæмæн райхъал уыцы Бандерайы фæдонтæ, кæцытæ адæймаджы цардæн  иу сау каппеччы аргъ дæр нал кæнынц æмæ удхарæй марынц æнæаххос адæмы.

24-æм февралæй фæстæмæ æнæхъæн дунейы хъусдард здæхт у Украинæйы цæуæг цаутæм. Иу мæй æмæ иу къуыримæ Украинæйы Бандерайы фæдонты къухæй бирæ æвзонг лæппутæ бацарæфтыд сты, фæлæ цы гæнæн ис, хæст, хæст у. Æрмæст Цæгат Ирыстонæй дзы фæмард 40 æфсæддон службæгæнæджы бæрц, кæцытæн сæ фылдæр сты ирæттæ. Сæрмагонд хæстон операцийы рæстæджы украинæйаг фашисттæм амынæты бахаудтой уæрæсейаг дæсгай æфсæддон службæгæнджытæ. Фашист Бандерайы фæдонтæ уыдонæн цы фыдмитæ кæнынц, уыдон диссагæн дзуринаг сты, сæ хъизæмæрттæм адæймаджы бон кæсын нæу. Ау, мады гуыбынæй чи рацыд, уымæн йæ къух куыд хъуамæ батаса ахæм æнахуыр хъизæмæрттæ адæймагæн саразынмæ. Видеойы уыдонмæ кæсгæйæ зæрдæ ныккæрзы, цæссыгтæ рустыл æруайынц, æндæр сын цы нæ бон у. Æмбисонд афтæ куы у, зæгъгæ, сылгоймагыл куыдз дæр нæ рæйы, уæд украинæйаг нацисттæн сæ бон куыд ссис æвзонг сылгоймагæн алы хъизæмæрттæ фæкæнын. Ау, кæнæ сын мæдтæ нæй кæнæ хотæ, кæнæ хъæбултæ.  Мариуполы скъолатæй сæ иуы ссардтой сылгоймаджы мард буар, кæцыйæн æгæрыстæмæй йæ гуыбыныл тæвд æфсæйнагæй сныв кодтой свастикæ. Сылгоймагæн йæ гуыбын куы сыгътой, уæд цы хъизæмæрттæ, цы рыстытæ бавзæрста, уыдоныл ахъуыды кæнгæйæ сæры зонд фæхæццæ вæййы. Фашизм алы ран дæр фашизм у. Ацы æнамонд сылгоймаджы мард буармæ Интернеты кæсгæйæ, мæ цæстытыл ауад зынгæ ирон фыссæг Букулыты Алыксийы иунæг бындар Маиры мард буар. Уый дæр гуырдзиаг-ирон хæсты райдианты Чъехы хъæуы афтæ басыгътой гуырдзиаг фашисттæ. Уацайраг уæрæсйеаг салдаттæй иуæн æнахуыр фыдмитæ кодтой æмæ йын афтæмæй дзурын кодтой, «Слава Украине», зæгъгæ. Фæлæ уый не сразы нацистты домæныл кæд ын сырдон æгъдауæй хъизæмар кодтой, уæддæр. Ацы нывмæ кæсгæйæ та мæ зæрдыл æрбалæууыд Ирыстоны æвзонг хъайтар Санахъоты Гришик. Уымæн дæр гуырдзиаг фашисттæ алыгъуызон фыдмитæ кодтой, йæ буарæй фыднадæй ницыуал зынд, фæлæ, уæддæр хъæр кодта, «æз ирон дæн, ирон», зæгъгæ.

Мариуполы скъолатæй сæ иуы фыдмардæй цы сылгоймаджы амардтой, уый ныв систа америкæйаг æфсæддон уацхæссæг Патрик Ланкастер æмæ афтæмæй апарахат Интернет хызæгты, æниу æй украинæйаг лæгхортæ сæхæдæг дæр сæвæрдтой Интернеты, зæгъгæ, тæрсут, чи нæм æрбахауа, ууыл дæр акæндзæн ахæм  бон. Уац-айрæгтæн æнахуыр сырдон фыдæвзарæнтæ чи кæны, уыдонæй дыууæ сты Украинæйы æмбæстæгтæ Сергей Величко (йæ фæсномыг Чилли» æмæ Константин Немичев. Æрæджы Турчы Стамбулы уыд уæрæсейаг-украинæйаг баныхæстæ æмæ уым  Уæрæсейы делегацийы сæргълæууæг Мединский протест загъта украинæйаг делегацийæн. Уыдон ын баныфсæвæрдтой, æфсæддон фыдракæнды аххосджынтæ æфхæрд кæй баййафдзысты, уымæй,  фæлæ уыцы ныхæстæ бауырнинаг не сты. Уымæн æмæ уыдон иууылдæр æмхуызон фашисттæ сты. Нацисттæн украинæйаг къухдариуæгад афтæ нæ загъта, зæгъгæ, æфсæддон фыдракæндтæ ма аразут, фæлæ сæ бандтиттæм æрсидт, зæгъгæ, ахæм кадртæ Интернет хызæджы мауал æвæрут.

Бандерайы фæдонтæ уацайрæгтæн сæ къæхтæ фехсынц, æрдæгбæгънæг сæ скæнынц, сбæттынц сæ æмæ сын афтæмæй алыгъуызон тухитæ  æвзарын кæнынц æмæ сæм уый фæстæ кæсынц салдаттæ сæ туджы мæцгæйæ фыррыстæй куыд хъæрзынц æмæ куыд мæлынц, уымæ. Ацы видеомæ кæсгæйæ та цæстыты раз слæууыдысты гуырдзиаг лæгхортæ Ереды хъæуы удæгасæй цы 12 нæлгоймаджы баныгæдтой, уыдонæн сæ амæлæты размæ цы хъизæмæрттæ бавзарын кодтой, уыдæттæ. Омæ, куыд æмхуызон сты гуырдзиаг æмæ украинæйаг лæгхор фашисттæ. Куыд æмхуызонæй райхъал сæ фашистон туг. Хъизæмарæй чи мæлы, æмæ ма æнæбары сæ буар кæмæн змæлы, уыдонмæ кæсгæйæ садисттæ кæл-кæл худт кæнынц. Кæд æмæ украинæйаг цæф æфсæддон уацайрæгты, уæрæсейаг æфсæддон службæгæнджытæ медицинон уагдæттæм æрвитынц, бахæрын сын кæнынц æмæ, сын, æгæрыстæмæй, баххуыс кæнынц сæ хæдзæрттæм фæдзурынын дæр, уæд Бандерæйы фæдонтæ адæмы хъизæмæрттæм кæсгæйæ æхцондзинад исынц. Немыцаг рауагъд Bild æнæнхъæлæджы европæйаг прессæйæн фехъусын кодта уырыссæгты ныхмæ украинæйаг æфсæддон фыдракæндты тыххæй. «Кæд æмæ видеойы цы кадртæ ис, уыдон æцæгæй сты, æмæ уымæн та ис бындур, уæд уый у æфсæддон фыдракæнд украинæйаг æфсæдты ‘рдыгæй. Æгæрыстæмæй, нæ кæд  ацы цауы тыххæй фехъусын кæнын нæ фæнды, уæддæр æнæмæнгхъæуæг у фехъусын кæнын», – комментаритæ сарæзта немыцаг рауагъд Das Bild-ы æфсæддон афæлгæсæг Юлиан Репке.

Грекъаг дзыллон информацийы фæрæзтæ дæр ацы ролик схуыдтой бæлвырдгæнæн Киевы æфсæддон фыдракæндты тыххæй. Китайы социалон хызæг Weibo-йы ацы роликы бын фæзынд мингай комментаритæ. «Уый у нацистты уагахаст. Æмæ уый фæстæ ноджы дзурынц, зæгъгæ, Украинæйы нæй нацисттæ?», – дзырдæуы комментаритæй сæ иуы, кæцы æрæмбырд кодта иууыл фылдæр лайктæ. Фæлæ кæд Китайы блогфадыджы Украинæйы цæуæг цаутæм нейтралон ахаст ис, уæд европæйаг медиа та стæмтæй дарддæр сты киеваг режимы æвварс. Немыцаг рауагъд Bild фыццæгтæй сæ иу фенын кодта украинæйаг нацистты æфсæддон фыдракæндты тыххæй. «Сæрмагондæй, мæхæдæг æрвыстон ацы видеосюжет», – радзырдта газет «Взгляд»-æн парти «Альтернатива для Германии»-йæ Бундестагы раздæры депутат Вальдемер Гердт. Уырны мæ, ахæм сюжеттæ европæйæгтæн кæй бакæндзысты сæ цæстытæ ахæм тæссаг цаутæм кæсгæйæ æмæ сын анализ кæй сараздзысты. Теман голладжы нæ бамбæхсдзынæ», – загъта уый.

«Æмбæлттæ, курæг уæ дæн максималонæй апархат кæнут ацы видео, уый тынг ахсджиаг у. Нæ уацайраг хæстонты нын украинæйаг бандиттæ куыд æхсынц, куыд сæ хынджылæг кæнынц, уый хъуамæ фена æнæхъæн дуне, цæмæй бамбарой, Уæрæсе Украинæйы ныхмæ кæй нæ хæцы, кæцыйы фарс сты НАТО-йы бæстæтæ, фæлæ  хæст кæй цæуы фыдæхдзинады ныхмæ. Видеойы украинæйаг лæгмартæ уырыссаг салдаттæн фехсынц сæ къæхтæ, уый фæстæ сæ фыднад фæкæнынц. Видеойы райдианы зæххыл хуыссынц уырыссаг уацайрæгтæ æхст къæхтимæ, иуæй-иутæн дзы се стæджытæ сты цъæл. Ахæм цæфты фæстæ æмæ ахæм уавæрты сæрæгасæй аирвæзынæн шанс нæй. Бирæтæ сæ кадры амæлынц фыррыстæй. Афтæ арæзтой нацисттæ 8 азы дæргъы Донбассы хъахъхъæнджытæй-иу сæм амынæты чи бахауд, уыдонæн дæр. Уадз, æмæ æнæхъæн дуне фена, Украинæ ИГИЛ кæй у, уый», – фыссы йæ Телеграм-каналы æфсæддон уацхæссæг Юрий Котенок.

2014 азы 2-ӕм майы Одессӕйы цы ӕбуалгъ фыдракӕнд арӕзт ӕрцыд, уый дæр диссагæн дзуринаг у, фæлæ абоны онг дæр йæ саразджытæ æфхæрд нæ баййæфтой. Уæд дæр уыцы трагикон цау нынкъуысын кодта ӕппӕт растхъуыдыгӕнӕг адӕмты зӕрдӕтӕ. Уый ӕцӕг фашизм у, удӕгас адӕймӕгты бакодтой профцӕдисты хӕдзары ӕмӕ сӕ удӕгасӕй басыгътой, чи ма дзы раирвӕзт, къахыл ма дзы чи лӕууыд, уыдоны та цавтой лӕдзгуытӕй, бырын сӕ кодтой сӕ гуыбыны цъарыл, ӕхстой сӕ фӕстийӕ. Уӕдӕ ма фашизм ӕндӕр цахӕм вӕййы. Истори алыхатт дӕр фӕлхаттгонд ӕрцӕуы, уымӕн та ӕвдисӕн сты Украинӕйы цӕуӕг цаутӕ. 75-азы размӕ гитлерон фашистты уидӕгтӕ кӕронмӕ не стыдтой, кӕронмӕ куынӕг не ‘рцыдысты ӕмӕ абон уыдоны цӕуӕт ногӕй сӕ сӕртӕ сдардтой ӕмӕ фӕлхатт кæнынц Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты рæстæджы  ӕрцӕугӕ трагикон цаутӕ. Уыцы хæсты рæстæджы дæр Бандерайы фæдон украинæйаг фашисттæ хъизæмар кодтой куыд хæстонтæн, афтæ сæхи сабыр цæрджытæн. Уый фæдыл сусæггонд документтæ ацы бонты æргом æрцыдысты.

Одессӕйы профцӕдисты хӕдзармӕ адӕмы куы батардтой ӕмӕ сыл дуӕрттӕ куы сӕхгӕдтой, уæд сыл ӕхсын райдыдтой Молотовы коктейлтӕ, кӕцыты сцӕттӕ кодтой хӕрз ӕвзонг чызджытӕ, фашистты цъаммар уидӕгтӕ. Адӕм сӕ фыртыхстӕй рудзгуытӕй гӕппытӕ кодтой ӕмӕ-иу сӕ рудзынгыл чи фӕзынд рагӕпп кӕныны охыл, уыдоны та ӕхстой автоматтӕй. Ацы стыр фыдракæнды рæстæджы фæмард сты 46 адæймаджы æмæ 200 адæймагæй фылдæр та цæфтæ фесты. Нацисттæ профцæдисты хæдзары дыууæ æвзонг адæймаджы – чызг æмæ лæппуйы мард буартæ куы ауыдтой, уæд хынджылæг кодтой, зæгъгæ, мæнæ Ромео æмæ Джульеттæ хуыссынц. Куыд зыны, афтæмæй фашистты фӕдонтӕй бирӕтӕ бынтондæр ферох кодтой историйы уроктӕ.

Ацы ӕнамонд цаутӕм кӕсӕгӕйӕ, адӕймаджы зӕрдӕ скъуыдтӕ кодта сӕ тӕригъӕдӕй.  Уыцы адӕмы мах, хуссарирыстойнаг адӕмы хуызӕн чи ӕмбары, уыдоны разӕй хуссарирыстойӕнгтӕ рацыдысты, ахӕм сындзджын фӕндӕгтыл, уыдоны разӕй гуырдзиаг фашисттӕ ӕнӕаххос ирон адӕмы сыгътой ӕмӕ ныгӕдтой удӕгасӕй. Зæгъгæ, ахæм сырдон фыдракæндтæ аразынц уæрæсейаг æфсæддон службæгæнджытæ, уæрæсейаг адæм, уæд та АИШ æмæ НАТО-йы бæстæтæ хъæр кодтаиккой алырдæм, фæлæ 2014 азы дæр æмæ ныр дæр сæ дзыхы дон бакодтой æмæ сæхи ницыуынæг скодтой. Фашизмы закъӕттӕ сты адӕмы фыдмардӕй марын, адӕмы удӕгасӕй судзын ӕмӕ сӕ фашисттӕ ӕххӕст дӕр кӕнынц сӕ ныгуылӕйнаг  фарсхӕцджыты ӕххуысӕй.

Фæлæ Стыр Уæрæсейыл йæ историйы нырма никуы ничи фæтых. Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ йыл фæтых уыдзæн фашистон Украинæ дæр, кæд ын финанстæ æмæ алыгъуызон хæцæнгæрзтæй стыр æххуыс кæнынц Ныгуылæны бæстæтæ, уæддæр. Стæй дæр рæстдзинад алыхатт дæр фæуæлахиз вæййы…

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.