Дзеранты æфсымæртæ Эрик æмæ Арик финалы фембæлдысты, 21 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн уæгъдибар хъæбысхæстæй РЦИ-Аланийы чемпионаты. Ерыстæ уагъд цыдысты Октябрыхъæуы. Эрик æмæ Арик финалмæ ахызтысты 97 кг уæзы категорийы. Фыццаг бынат бацахста хистæр æфсымæр Эрик. Арик та ацыд дыккаг бынатыл. Спортсменты тренер у Коцты Тамерлан.

 

СТЪОЛЫ ТЕННИС

Хуссарирыстойнаг спортсментæ РЦИ-Аланийы командæйы сконды хайад райстой стъолы теннисæй Цæгат Кавказы Федералон зылды чемпионаты. Уый тыххæй хъусын кæны Уæлдæр спортивон дæсныйады скъолайы тренер Джиоты Мириан. Ерысты РЦИ-Аланийы æмбырдгонд рамбылдта 10 майданы. Уыдонæй цыппары хицæуттæ баисты хуссарирыстойнаг теннисисттæ. Къæйтты ‘хсæн ерысты чемпионаты уæлахиздзау ссис Елбачиты Иринæ. Ахæм æнтыст йæ къухты бафтыд цæгат-ирыстойнаг спортсменкæ Елена Тузоваимæ иумæ хъазгæйæ. Иринæ æвзист призер та ссис индивидуалон ерысты. Дыууæ бронзæ майдан та рамбылдта Бекъойты Эдвард. Уый командон ерысты РЦИ-Аланийы кмандæимæ иумæ схызт пьедесталы æртыккаг къæпхæнмæ. Ноджы ма иу хатт пьедесталмæ схызт къæйтты ‘хсæн ерысты æртыккаг бынат бацахсыны фæдыл. Уым та хъазыд Артем Вноковимæ иумæ.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.