12-14 июны Назраны уагъд æрцыд Уæрæсейы чемпионат уæгъдибар хъæбысхæстæй. Ерысты Ирыстоны хъæбысхæсты скъолайы хъомыл-гæнинæгтæ рамбылдтой 3 сыгъзæрин, 1 æвзист æмæ 2 та бронзæ майданы. Турниры сæхи хорз равдыстой куыд фæлтæрдджын богалтæ, афтæ æвзонг спортсментæ дæр. Бæстæйы чемпионтæ систы Гогаты Алан (65 кг), Цæболты Хетик (74 кг) æмæ Уалыты Владислав (86 кг). Æвзист майдан рамбылдта Байцаты Владислав (97 кг) æмæ бронзæйон призертæ та систы Байты Давид (70 кг) æмæ Зассеты Алан (74 кг).

Ерысты фыццаг бон тох кодтой 61 кг æмæ 70 кг уæзты категорийы архайæг спортсментæ. Фыццаг сенсаци сарæзта æвзонг богал, æвзæнгты ‘хсæн 2016 азы Европæйы чемпион Байты Давид. Уый финалы ¼ хайы рамбылдта дунейы чемпион Магомед Курбаналиевы.

Ерысты дыккаг бон  та фæбæрæг сты 57, 86 æмæ 125 кг уæзы категориты уæлахиздзаутæ. Финалмæ цæугæйæ, йæ ныхмæлæуджытæй бæрæг тыхджындæр уыд Уалыты Владислав. Уый нырма 13:2 хыгъдæй рамбылдта Хуымарты Сосланы, уый фæстæ Магомед Курбановы 8:2, финалы ¼ хайы – Алихан Жабраиловы 11:0, ½ хайы Арсенали Мусалиевы 2:1. Финалы Владислав тох кодта дунейы чемпион Шамиль Кудиямагомедовимæ. Уалыйы фырт тыхджындæр уыд 4:1 хыгъдæй.

Ерысты размæ дзырдтой, зæгъгæ, ацы уæзы категорийы иууыл тыхджындæр сты дагъыстайнаг богалтæ. Владиславы та фавориттæм ничи хаста.

«Тырныдтон Уæрæсейы чемпионат рамбулынмæ. Хæлттæ æппæрстмæ кæсгæ дæр нæ кодтон. Уымæн æмæ йæ æмбæрстон тыхджын хъæбысæйхæцджытæ дзы бирæ кæй ис, фæлæ мæ тыхтыл нæ дызæрдыг  кодтон», – загъта Уалыты Владислав.

Ацы уæзы категорийы Даурен Круглиев куы фæхæрд, уæд сæйраг фаворитыл нымад цыд Шамиль Кудиямагомедов.

«Кудияимæ гауызыл арæх фембæлæм. Хъуыды дæр сæ нал кæнын цал хатты мæ рамбылдта, – бахудтис Владислав.  «Фæлæ мын ацы аз Шамилы рамбулын бантыст ныр дыккаг хатт».

Призон бынæттæ бацахсын нæ бантыст 2010 азы Европæйы чемпион Кцойты Сослан (86 кг) æмæ Гран-при «Иван Ярыгин  2017»-ы уæлахиздзау Хуыгаты Аланæн (125 кг). Дыууæ богал дæр фæхæрд сты 3-аг бынæттæ бацахсыны тохты.

Чемпионаты фæстаг бон гауызмæ рахызтысты 65, 74 æмæ 97 кг уæзты категориты архайæг хъæбысæйхæцджытæ.

65 кг финалы 1/16 хайы цымыдисон тох равдыстой Олимпион чемпион Джамал Отарсултанов æмæ æвзонг богал, Гран-при «Иван Ярыгин  2017»-ы æвзист призер Уалыты Чермен. Ам фæуæлахиз Чемрен 10:7 хыгъдæй. Фæлæ фæстæдæр фæхæрд Начыну Кууларуйæн.

Ацы уæзы фаворит уыд Гогаты Алан: финалы 1/16 хайы рамбылдта Алексей Боровицкийы , 1/8 хайы – Арсен Гусбановы, 1/4 хайы  Абдулгаджи Магомедовы, 1/2 хайы тыхджындæр уыд Имам Аджиевæй. Æмæ финалы та рамбылдта Муршид Муталимовы.

«Æппæт ацы азты цыдтæн уæлахизмæ. Куы-иу фæхæрд дæн, уæд-иу ахъавыдтæн хъæбысæхæст ныууадзынмæ, – зæгъы Гогаты Алан.  «2012 азы Лондоны Олимпион хъæзтыты куы фæхæрд дæн, уæд хъавыдтæн мæ спортивон карьерæ ныууадзын æмæ тренировкæ дæр нал кодтон. 2014 азы та райстон  фæрскы травмæ æмæ та ноджы иу аз нæ зындтæн».

74 кг уæзы категорийы Уæрæсейы чемпион ссис Цæболты Хетик. Йæ тохтæ иууылдæр фæцис æмгъуыдæй раздæр. Тыхджындæр уыд Тимур Бижоев, Муса Базиев, Расул Шапиев æмæ Никита Сучковæй. Финалы та рамбылдта Гаджи Набиевы.

Ацы уæзы бронзæ майданыл та тох кодтой Хуыбецты Каха æмæ Зассеты Алан. Ам арæхстджындæрæй архайдта Зассеты Алан æмæ фæуæлахиз.

97 кг уæзы финалы фембæлдысты Байцаты Владислав æмæ Олимпион чемпион Абдулрашид Садулаев. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Садулаев финалмæ цæугæйæ иу бал дæр кæй никæмæн фæхæрд. Уымæ гæсгæ тохы размæ специалистты фылдæр хай хъуыды кодта,  Садулаев та æнцонтæй кæй рамбулдзæн. Фæлæ Владислав уыцы хъуыдыимæ разы нæ уыд. Фембæлд рауад тынг цымыдисон. Тохы фыццаг период Владиславæн хорз уавæр фæзынд йæ ныхмæлæууæджы йе уæхсджытыл авæрынæн, фæлæ уымæн бантыст тæссаг уавæрæй рахизын. Æвæццæгæн уым Владислав бахардз кодта бирæ тыхтæ æмæ афæллад. Тох фæцис 8:7 Садулаевы пайдайæн. Бирæ специалисттæ куыд банысан кодтой, уымæ гæсгæ, зæгъгæ, Владислав нæ афæллад, уæд æнæмæнгæй  рамбылдтаит.

Чемпионаты тыххæй йæ комментаритæ загъта Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы сæйраг тренер Тедеты Дзамболат. «Райгонд дæн чемпионат ахæм бæрзонд æмвæзадыл кæй ацыд, уымæй. Дунейы чемпионатмæ бацæттæ кæндзыстæм иууыл тыхджындæр командæ. Нæхи цæттæ кæндзыстæм Приэльрусе, Кисловодск æмæ Сочæйы. Польшæйы уагъдцæуæг турниры фæстиуджытæм гæсгæ сбæрæг кæндзыстæм бæстæйы æмбырдгонд командæйы скондмæ чи бахаудзæн, уыдоны», – банысан кадта Тедеты Дзамболат.

Хуриты Батрадз

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.