Ханты-Мансийскы уагъд цæуы 23 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионат уæгъдибар хъæбысхæстæй. Ерысты сæ цæттæдзинад фæлварынц хуссарирыстойнаг спортсментæ дæр. Ерысты 97 кг уæзы категорийы сыгъзæрин майдан рамбылдта Дзæгъиаты Сослан. Уый акодта 4 тохы æмæ сæ алкæцыйы дæр фæуæлахиз. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ йæ ныхмæлæуджытæ иууылдæр кæй уыдысты Ирыстоны хъæбысхæсты скъолайы хъомылгæнинæгтæ. Ахæм уавæр та ерысты стæм хатт вæййы.

Сослан йæ фыццаг тохы 3:2 хыгъдæй рамбылдта Джиоты Жорикы. Дарддæр 4:0 хыгъдæй тыхджындæр уыд иннæ цхинвайлаг богал Къæбысты Дэвидæй. Æрдæгфиналы та фæуæлахиз Джыгкайты Тамикыл – 3:0.

Финалы Дзæгъиаты Сосланы ныхмæлæууæг уыд Коцойты Тамерлан. Ам дæр цхинвайлаг богал йæхи равдыста тынг хорз. Рамбылдта 7:0 хыгъдæй æмæ ссис ерысты уæлахиздзау. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ Сослан раздæр та Уæрæсейы чемпионаты уæлахиздзау кæй ссис нырма 18 азы онг спортсменты ‘хсæн, уый фæстæ та 21 азы онг кæуыл цæуы, уыцы богалты ‘хсæн.

Тренер Коцты Тамерланы иннæ хъомылгæнинаг Бестауты Андрей та бронзæйон призер ссис 125 кг уæзы категорийы. Æртыккаг бынат бацахсынмæ ма æввахс уыд Дзеранты Эрик. Фæлæ йæм 97 кг уæзы  бронзæ майдан рамбулыны сæраппонд тохы спортивон амонд нæ бахудт. Эрикы тренер дæр у Коцты Тамерлан. Чемпионаты ма йæ тыхтæ фæлвæрдта Тамерланы иннæ хъомылгæнинаг Зассеты Арсæмæг.

Ерысты байгом кæныны церемонийы хайад райста хуссарирыстойнаг специалист, 24 азы онг кæуыл цæуы, уыцы хъæбысæйхæцджыты ‘хсæн Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы тренер, УФ-йы сгуыхт тренер Мæргъиты Анатоли.

 

СПОРТИВОН ХЪÆБЫСХÆСТ

Тывайы столицæ Кызылы уагъд æрцæудзæн спортивон хъæбысхæстæй УФ-йы хъахъхъæнынады министры V Кубок. Ерысты хайад райсдзысты 8 командæйы. Алы командæйы сконды дæр архайдзысты уæгъдибар хъæбысæйхæстæй цыппар æмæ грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй та фондз  спортсмены. Фавориттыл нымад цæуынц ÆЦСК æмæ 41-æм æфсады командæтæ.

ÆЦСК-йы скондмæ бахаудтой Тусхъаты Азæмæт (57 кг), Хæдæрцаты Алик (65 кг), Уалыты Чермен (74 кг) æмæ Уалыты Владислав (86 кг). 41-æм æфсады командæйы сконды та архайдзæн Хъотайты Тимур (86 кг).

Хуриты Батрадз

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.