Уæгъдибар хъæбысхæст

Радон æнтыст бафтыд хуссарирыстойнаг богал Дзæгъиаты Сосланы къухты. Уый ныр та бронзæ майдан рамбылдта уæгъдибар хъæбысхæстæй Поддубныйы къорды дыккаг раунды. 97 кг уæзы категорийы уый æртыккаг бынат бацахсыны сæраппонд тохы 6:0 хыгъдæй рамбылдта Таугазты Ирбеджы. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ тренер Коцты Тамерланы хъомылгæнинаг æрæджы та кæй ссис 23 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ’хсæн Уæрæсейы чемпион.

Иумæйагæй сисгæйæ Поддубныйы къорды дыккаг раунд æнтыстджын рауад ирон богалтæн. Йæ уæлахиздзаутæ систы Сидахъты Зауырбег (74 кг), Найфонты Артур (86 кг), Козырты Сергей (97 кг) æмæ Хынцæгты Сослан (125 кг). Æвзист призертæ та систы Уалыты Эльбрус (65 кг), Уалыты Радик (79 кг), Уалыты Владислав (86 кг), Багаты Алан (92 кг), Джиоты Жорик (97 кг) æмæ Коцты Знауыр (125 кг). Дзæгъиаты Сосланæй дарддæр ма бронзæйон хорзæхты рамбылдтой Зигойты Зауыр (70 кг), Чертхъоты Гурам (92 кг) æмæ Голойты Витали (125 кг).

Ерысты чызджыты хъæбысхæстæй та фæуæлахиз Кæсæбиты Алинæ (62 кг). Грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй та 60 кг уæзы бронзæ майдан рамбылдта Тыбылты Георги.

Футбол

Дзæуджыхъæуы футболон командæ «Алани» Уæрæсейы фыццаг дивизионы фæд-фæдыл фæуæлахиз æртыккаг хъазты. Ныр та рамбылдта «СКА-Хабаровск»-ы. 6-æм минутыл алайнæгты размæбырсæг Ислам Машуков спайда код-та уазджыты кулдуаргæсы рæдыдæй æмæ бакъуырдта хъазты фыццаг пурти. Фембæлды фыццаг æмбисы кæрон та хыгъд 2:0 скодта Николай Гиоргобиани. 74-æм минутыл дзæуджыхъæуккæгтæй æртыккаг пурти бакъуырдта Багаты Алан. Уымæй чысыл фæстæдæр хабаровскаг футболисттæн бантыст иу пурти бакъуырын. Бæргæ хъавыдысты сæ æнтыст ноджы сфæлхатт кæнынмæ, фæлæ сын 81-æм минутыл сæ ныфс асаста Хæбæлаты Алан, кæцы хыгъд скодта 4:1. Хъазт дæр фæцис ахæм хыгъдимæ. Ныр «Алани» æрæмбырд кодта 28 очкойы æмæ турнирон таблицæйы дарддæр дæр цæуы фыццаг бынатыл.

Радон туры дзæуджыхъæуккæгтæ уазæгуаты хъаздзысты «Краснодар −2»-имæ.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.