Хуссар Ирыстоны Сывæллæтты сфæлдыстады галуан рæзгæ фæлтæрæн сси сæ уарзон уагдон. Уырдæм ныййарджытæ сæ сывæллæтты кæнынц уæлæмхас зонындзинæдтæ райсыны тыххæй. Ам сæ профессийыл иузæрдион æмæ хæларзæрдæ ахуыргæнджытæ алыгъуызон къорд сывæллæтты ахуыр кæнынц кафтыл, зардыл, шахмæттæй хъазыныл æмæ бирæ æндæр цæуылдæрты. Кæй зæгъын æй хъæуы, уæлæмхас ахуырад  хорзæрдæм æндавы сывæллоны иумийаг рæзтыл, къордты архайыны фæрцы рæзынц сæ зонындзинæдтæ æмæ цымыдисдзинад, ахуырмæ сæ фæндондзинад.

Æрæджы Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны хистæркъласонтæн бафæлвæрды хуызы байгом æрцыд пресс-центр.

Галуаны директор Джиоты Арянæ радзырдта, зæгъгæ-иу раздæр алы скъолайы дæр куыста редакцион коллеги. Уыдон-иу рæстæгæй-рæстæгмæ сарæзтой къулын газеттæ.

«Уыцы куыст сног кæныны тыххæй мах ацы аз бафæлвæрды хуызы сарæзтам скъолайон пресс-центртæ. Махмæ галуанмæ графикмæ гæсгæ æрбацæуынц нæ горæты скъолатæй хистæркъласонтæ. Уыдон бынаты ахуыр кæнынц журналистон  дæсныйадыл æмæ, сæйраджыдæр, сты хистæркъласонтæ, уымæ гæсгæ сæ разылæууæг хæстæ дæр сты фылдæр. Скъолатæн баххуыс кæныны нысанæн  æмæ ацы куыст срæвдз кæныны тыххæй мах ныхас кодтам скъолаты организатортæ æмæ директортимæ æмæ уыдон дæр нæ   хъуыдыйыл сразы сты. Уый фæахъаз уыдзæн æрмæст галуанæн нæ, фæлæ скъолатæн се ‘ппæтæн дæр», – банысан кодта Галуаны директор.

Йæ ныхæстæм гæсгæ-иу сывæллæттæ бацæттæ кодтой ахæм æрмæг, кæцыйы равдисæн уыдаид нæ телеуынынады. Уыцы хъуыддаг-иу, нæ хъомылгæнинæгтæм сæвзæрын кодта цымыдисдзинад. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, цæмæй телеуынынады экраныл зынай, уымæн та хъæуы фылдæр зонындзинæдтæ. «Хорз уаид алы скъолайы дæр иу къуым рахицæн кæнын, цыран конд цæуид къулын газет. Уадз æмæ сывæллæттæм дæр цымыдисдзинад æвзæра æмæ-иу ног хабæрттæ бакæсынмæ уырдæм арæх æрбацæуой, ома, алæма, абон та цы ис ногæй фыст скъолайы царды тыххæй. Сывæллæттæ фыссынц куыд ирон, афтæ уырыссаг æвзагыл дæр. Нæ фыццаг къахдзæфтæй ныридæгæн тынг райгонд стæм. Дарддæр бæрæг уыдзæн куыд рæздзæн ацы пресс-центр, уый æмæ архайдзыстæм сывæллæтты дæр кæрæдзиимæ зонгæ кæныныл, цæмæй сæ бон уа кæрæдзийæн информаци дæдтын. Ацы ног программæйыл дарддæр дæр куыст цæуы, уымæн æмæ нырма бафæлвæрдон у. Кæд ын дарддæр дæр хорз фæстиуджытæ уа, уæд ыл кусдзыстæм», – загъта Джиоты Арянæ.

Кокайты Заринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.