Зын у, йæ адæм æмæ Фыдыбæстæйыл æдзух чи хъуыды кодта, сæ цæрайæ чи цард æмæ фæллой кодта, уый тыххæй ивгъуыд рæстæджы дзурын. Фæлæ хатт хъыс-мæт æгъатыр разыны æмæ йын йæ бирæ хорз фæндтæ кæронмæ сæххæст кæнын нæ бауадзы.

Хатт дис дæр фæкæнæм, йæ раттæг адæм, йæ уарзон Фыдыбæстæйы тыххæй æдзух уырдыг чи фæлæууы, исты хæрзиуæгон хъуыддаг йæ иубæстон адæм æмæ æхсæнадæн саразыныл йæ уд чи фæхъары, уыцы намысджын æмæ цæстуарзон адæймæгтыл. Раст у, уыцы раппæлинаг миниуджытæ сын æрдзæй лæвæрд вæййынц, уый сын сæ ныххæлар кæны. Фæлæ сæ алчи нæ бахъахъхъæны, нæ сæ радæтты йæ адæмы хæрзæбонæн. Бирæ раппæлинаг миниуджытæй фæхайджын Гуыбеты Хазби дæр æмæ йæ адзалы бонмæ йæ адæмы ‘хсæн тыдта хорздзинад. Уый райгуырд Цхинвалы районы Хъуыриайы хъæуы 1929 азы. Сæ ныййарджытæн уыдысты æртæ лæппу æмæ дыууæ чызджы, æмæ æппæт сæ тыхтæ дæттой, цæмæй царды раст фæндæгтыл цæуой ныфсджынæй, уой адæмы рæгъыдзыд. Бонзонгæ уыдысты уæды кæстæртæ, æмбæрстой, сæ ныййарджыты фарсмæ куы æрбалæууой, уæд сын цæрыны амæлттæ фенцондæр уыдзысты. Уымæ гæсгæ Гуыбеты зæнæг дæр сæхи никуы атигъ кодтой хъæууонхæдзарадон куыстытыл. Уыимæ се ‘ппæт дæр æрлæууыдысты ахуыры фæндагыл æмæ фæстæдæр намысджынæй фæллой кодтой адæмон хæдзарады алы къабæзты.

Хазби Уанаты астæуккаг скъола каст куы фæци, уæд ахуыр кæнын райдыдта Сталиниры педтехникумы. Æххæст дзы дыккаг курс дæр нæ бакаст, афтæ йæм æрсидтысты Советон Æфсады рæнхъытæм. Уыд коммæгæс, æнæзивæг салдат, йæ командирты бардзырдтæ æххæст кодта дырысæй æмæ дзы уыдысты бузныг. Гуыбейы фырты фæллойадон фæндаг райдыдта Сталиниры районы фæскомцæдисон комитеты инструкторæй. Фæлæ цардбæллон лæппуйæ уæддæр рох нæ уыд йæ ахуыры хъуыддаг æмæ 1957 азы ссис Хуссар Ирыстоны пединституты филологон факультеты студент. Зонындзинæдтæм тырнæг кæстæр нæ ауæрста йæхиуыл æмæ йæ каст фæци хорз бæрæггæнæнтимæ 1962 азы. Уыцы аз кусын райдыдта партийы Цхинвалы райкомы инструкторæй. Районы сæргълæууæг ын фæхатыд йе взыгъддзинад, йæ зæрдæ дардта, хъæууон лæппу колхозы сæрдары хæстæ кæй æххæст кæндзæн æнтысгæйæ æмæ йæ уымæ гæсгæ арвыстой Джеры хъæумæ сæрдарæй. Уым дæр цæсгомджынæй бакуыста цалдæр азы. Фæлæ уæддæр Гуыбейы фырты зæрдæ йæхимæ æлвæста скъола, хъомыладон куыст, æвзонг фæлтæр йæ цæстытæй нæ цух кодтой. Уымæ гæсгæ 1965 азы кусын райдыдта Ортъеуы 8-азон скъолайы æмæ дзы æнæзæрдæхудтæй бафæллой кодта 1969 азмæ. 1970 азы та йæ снысан кодтой областы адæмон ахуырады хайады инспектор-методистæй. Дзæвгар азты уыд Знауыры районы Мугуты хъæуы астæуккаг скъолайы директор. Хорз æвæрд уыд уыцы рæстæджы ахуыр-хъомыладон куыст ацы скъолайы, бирæ хорз рауагъдонтæ сæ ахуыр адарддæр кодтой уæлдæр ахуыргæнæндæтты, æмæ уымæй буц уыдысты се скъолайы директорæй. Хазби ма цалдæр азы намысджынæй фæкуыста Цхинвалы районы адæмон ахуырады хайады дæр. Ам дæр йæ хæстæ æххæст кæнынмæ каст бæрндзинады цæстæй, ахуыргæнджытæн цæстуарзонæй кодта методикон æххуыс, амындтытæ. Йæ намысджын куысты тыххæй йын хорз аргъ кодтой йе ‘мкусджытæ. Мæнæ цы зæгъы, йемæ цалдæр азы чи фæкуыста, уыцы æмкусæг Хетæгкаты Анатоли:

– Хазби Григолы фырт нæм кусынмæ куы æрбацыд, уæд æй коллектив тынг айстой. Æвæццæгæн, ахæм уæзбын, адæймагуарзон æмæ фæлмæнтæ адæймæгтæ стæмтæ вæййынц. Йæ куыстыл уыд тынг иузæрдион, мах-иу æм арæх бахатыдыстæм, цæмæй нын иу кæнæ иннæ фарст рафæлгъауыны баххуыс кодтаид. Æххуысмæ кæддæриддæр уыд цæттæ, зивæг никуы бакодтаид.

Хазбийæн ахуыр-хъомыладон куысты стыр æнтыстытæ кæй уыд, рæзгæ фæлтæры зонындзинæдтæй кæй хотыхджын кодта, уый тыххæй йын 2003 азы лæвæрд æрцыд РХИ-йы сгуыхт ахуыргæнæджы кадджын ном. Æндæр æмæ æндæр рæстæджыты хорзæхджын æрцыд майдантæ æмæ риуылдарæн нысæнт-тæй дæр.

Фарн. Æрмæст иунæг дзырд, фæлæ у мидисджын, ис дзы кад æмæ цыт, æгъдау, æфсарм, хъæбатырдзинад, иудзырдæй, адæймаджы хуыздæр миниуджытæй у дзаг. Фæрнджын адæймагыл нымад уыд Гуыбеты Хазби æмæ уыцы фарн ныууагъта йæ бинонтæ, хиуæттæ, Ирыстонæн. Адæймаджы уд, зæгъ, дыууиссæдзæм бонмæ уæлион царды вæййы, ныр та дзæнæттаг баци. Тынг фæмаст кодтаид, йæ иунæг нæлгоймаг бындар Юри цæрынхъуагæй йæ адзал кæй ссардта, ууыл. Цардбæллон кæстæр нæ бафæрæзта уарзæгой ныййарæг фыды мæлæт æмæ йæм атагъд кодта.

Рухс дзæнæты бадæт!

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.