Дзауы астæуккаг скъолайы ахуыргæнинæгтæ уæлахизимæ æрæздæхтысты æппæтцæдисон фестиваль-конкурсы æвзарæн турæй. 5 майæ 10 маймæ Геленджикы горæты уагъд цыдис æвзæнгты æмæ сывæллæтты сфæлдыстад «Курдиæтты арвырон»-ы Ӕппæтцæдисон фестиваль-конкурсы æвзарæн тур. Хуссар Ирыстонæй фестивалы иунæг минæвар уыдис Дзауы астæуккаг скъолайы хореографион ансамбль «Скиф»-ы коллектив, кæцыйæн разамынд кæны скъолайы ахуыры хайы сæргълæууæг æмæ ансамблы аивадон къухдариуæггæнæг Санахъоты Альбинæ.

Банысан кæнын хъæуы, фестивалы хайад кæй истой 150 бæрц хайадисджытæ æмæ сфæлдыстадон коллективтæ алыгъуызон номинациты, куыд зæгъæм вокал, хореографи, инструменталон сфæлдыстад.

«5 майы фестиваль гом кæныны рæстæджы мах ралæууыдыстæм хи презентаци кæнынæй. Конкурсон бон уыдис 7 майы, 9 майы та уагъд æрцыд гала-концерт. Ӕппæт нæ ралæудтытыл сæмбæлдысты иттæг зæрдиагæй», – радзырдта Дзауы скъолайы ахуыргæнæг Цъæритты Анжелæ.

Хореографийы номинацийы æдæппæт уыдис 30 кафты номыры. Санахъоты Альбинæйы ныхæстæм гæсгæ хайадисджытæ иууылдæр ралæууыдысты бæрзонд æмвæзадыл, фæлæ «Скиф»-ы коллектив æппæт йæ арæхстдзинад равдыста æххæстæй æмæ тырныдта фыццаг бынат бацахсынмæ.

«Ӕмæ уый сæ къухты бафтыд, – сæрыстырæй зæгъы уый. – Фестивалы фæстиуджытæм гæсгæ ацы номинацийы фыццаг бынат бацахста ансамбль «Скиф». Дыккаг бынат бацахста гуырдзиаг кафты ансамбль «Арагви» Новороссийскæй. Ӕртыкаг бынат та фæцис ансамбль «Арцах»-ы Ростовæй. Ансамбль «Скиф» фестивалы акафыд дыууæ кафты – «Хонгæ», кæцыйы тыххæй райстой дыккаг къæпхæны диплом адæмон кафты дисциплинæйы æмæ «Симд»-ы кафт, кæцыйæн лæвæрд æрцыд фыццаг къæпхæны диплом адæмон кафты дисциплинæйы. Дипломæй ма хорзæхджын æрцыд ансамблы къухдариуæггæнæг Санахъоты Альбинæ дæр.

Уымæй дарддæр ма ансамбль «Симд» райста сертификат дунеон фестиваль-конкурс «Ног нæмттæ»-йы æвзарæн туры æнæаргъæй хайад райсыны тыххæй. Фестиваль-конкурс уагъд цæудзæн горæт Ростовы ацы аз 20-21 октябры.

«Цæмæй конкурсмæ ацыдаиккам, уый тыххæй нын финансон æххуыс бакодта Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Чилæхсаты Владимир æмæ йын уый тыххæй зæгъæм стыр бузныг», – кæронбæттæны загъта Санахъоты Альбинæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.