Спорты фадыджы нæ республикæйы фæсивæдæн ис ахадгæ æнтыстытæ. Уыдоныл бындуриуæггæнгæйæ ис зæгъæн, нæ фæсивæд кæй  сты æвзыгъд æмæ сæм кæй ис спорты бæрзæндтæм тырнындзинад. Æмæ уыдон се ‘нтыстытæй кад кæнынц нæ райгуырæн бæстæйæн дунейы адæмты цæсты.

Ныртæккæ мæ уацы хъайтар, æвзонг чызджыты ‘хсæн хъæбысхæстæй бирæ хæттыты уæлахиздзау æмæ ныридæгæн æнтыстджын спортсменкæ Дудайты Кристинæ дæр у хуссарирыстойнаг чызг. Уый кæд нæу нæ республикæйы æппынæдзух цæрæг, йæ сабибонтæ нæ арвыста ам, уæддæр йæ зæрдæ никуы сивта йæ рай-гуырæн бæстæйыл, арæх æрцæуы, йæ зæрдæйæн æхцондзинад кæм банкъары, уыцы райгуырæн хъæу Цъинагармæ.

Кристинæйæн йæ  ныййарджытæ хуыздæр цардагур алыгъдысты горæт Косторомамæ. Уым райгуырд Кристинæ дæр. Кæстæр кълæсты ахуыркæнгæйæ, цыдис спорты цалдæр хуызмæ. Цыд ма кафынмæ дæр, фæлæ йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй уымæй йæ чысыл зæрдæ æппындæр æхцондзинад нæ иста. Фæндыд æй спорты уæззаудæр хуызты йæхи бафæлварын. Раст уыцы рæстæджы скъоламæ æрбацыд уæгъдибар хъæбысхæсты тренер Мария Белова, скъоладзау-чызджытæй спорты ацы хуызмæ кæй фæндыд, уыдон цæттæ кæнынмæ райсыны тыххæй. Кристинæ æнæ рахъуыды-бахъуыдыйæ бацыд Беловамæ цæттæ кæнынмæ.

Кристинæйы ныййарджытæ нæ уыдысты разы сæ чызджы фæндонимæ, нымадтой, зæгъгæ, хъæбысхæст сылгоймаджы спорт нæу. Фæлæ Кристинæ никæмæ хъуыста, дарддæр йæхи цæттæ кодта æмæ цыбыр рæстæгмæ равдыста йе ‘нтыстытæ. Цалдæр мæйы фæстæ хайад райста æвзæнгты ‘хсæн Уæрæсейы Фыццаг бынаты ерысты æмæ рамбылдта бронзæ майдан. Æхсæз мæйы фæстæ та ссис ацы ерысты æвзист майданы хицау. 2014 азы хайад райста Дунейы Фыццаг бынаты ерысты æмæ уым дæр ссис бронзæ майданы хицау. 2016 азы йæ кары студентты ‘хсæн ерысты рамбылдта бронзæ майдан, 2017 азы 21 азы категорийы спортсменкæты ‘хсæн ссис Уæрæсейы фыццаг бынаты уæлахиздзау. Уыцы аз ма ссис Финляндийы уагъдцæуæг æхсæнадæ-мон турнир «Helsinki Open»- ы уæлахиздзау.

2019 азы бæрæг фæфылдæр сты æрыгон спортсменкæйы хорзæхтæ æмæ ноджы æргомдæрæй разынд йе ‘взыгъддзинад. Апрелы мæйы хайад райста Испанийы уагъдцæуæг уæрæхмасштабон æппæтдунеон турнир «Torneo Internaci-onal Sub Jovenes Promesas 2019»-ы æмæ сси сыгъзæрин майданы хицау, афтæ ма нымад æрцыд турниры æппæты тыхджындæр спортсменкæйыл.

Хъæздыг у æрыгон спортсменкæйы уæлахизты къæбиц ныридæгæн, кæд ыл 21 азы йедтæмæ нæма цæуы, уæддæр. Спорты уагæвæрдмæ гæсгæ, Кристинæйыл 23 азы куы сæххæст уа, уæд бахиздзæн хистæр кары спортсменты категоримæ. Ныр та уал, йæ кармæ гæсгæ ис æвзæнгты категорийы, фæлæ йæ, йе ‘нтыстытæ æмæ арæхстдзинад хынцгæйæ, Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы тренерты штаб бахастой хистæр кары командæйы номхыгъдмæ. Ныртæккæ командæ цæттæ кæны Æппæтуæрæсейон кубок рамбулыны ерыстæм, кæцы уагъд æрцæудзæн ацы аз, ноябры мæйы кæрон Японы. Ацы ерыстæм цæттæ кæныны фæлгæтты Кристинæ дæр иннæ спортсментимæ æрвыст æрцыд Сочимæ цæттæгæнæн сбортæм. Кристинæйы ныфс ис, кæй йын уыдзæн æнтыстытæ. Дудайты чызг куыд зæгъы, афтæмæй кæддæриддæр ерыстæм йæхи фæцæттæ кæны йæ уæлахизыл æууæндгæйæ. «Aдæймаг цы хъуыддаджы балæууа, уым æй хъуамæ уа ныфс, кæй йын уыдзæн æнтыстытæ. Ерыстæм цæттæгæнгæйæ мæн æрвылхатт дæр вæййы, кæй рамбулдзынæн, уый ныфс æмæ мын æнтысгæ дæр бакæны», – загъта Кристинæ. Æвзонг спортсменкæйæн йæ фидæны бæллицтæй иу у Олимпион хъæзтыты уæлахиздзау суæвын. Йæхи цæттæ кæны, цæмæй  2020 азы уырдæм бахауыны тыххæй путевкæ бафта йæ къухты.

Спортæй дарддæр ма Кристинæ ацы аз æнтыстджынæй каст фæцис Санкт-Петербурджы аэрокосмикон æрмæгарæзтады университеты эконимикон факультеты бакалавры къæпхæн æмæ йæ ахуыр дарддæр кæны магистратурæйы. Ахуыргæнæндоны нымад у хуыздæр студенттæй сæ иуыл. Куыд ахуыры фадыджы, афтæ университеты æхсæнадон царды дæр у активон архайæг.

Кристинæйы хъуыдымæ гæсгæ «спортсменæн йæ къухты цы æнтыст бафты, ууыл нæй æрлæууæн. Уыйхыгъд, райдианы æнтыстытæ хъуамæ суой адæймаджы разæнгардгæнæг ноджы фылдæр æмæ бæрзонддæр æнтыстытæм. Уый цæмæй къухты бафта, уый тыххæй хъæ-уы хиуыл æнауæрдгæйæ кусын». Кусы йæхиуыл Кристинæ дæр æмæ ныридæг у уæгъдибар хъæбысхæсты спорты мастер, Европæйы чемпион æмæ бирæ хорзæхты хицау.

Уæд дын дарддæр дæр æнтыстытæ æмæ дæ къухты бафтæд дæ бæллицтæ.

ХУЫГАТЫ Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.