Зæрдæ рухс кæны нæ республикæйы æрыгон фæлтæры æнтыстытæй, куыд ахуыры, аивады, афтæ спорты дæр.

Ӕппӕтстилон каратэйӕ ерыстæ цыдысты 25-27 февралы Цӕгат Ирыстоны Октябры хъӕуы. Хуссар Ирыстоны фæсивæды цæттæ кæны тренер Созаты Владимир. Нæ чызджыты командæ цы спорты хуызæй архайынц, уый нымад цæуы каратэйы иууыл вазыгджындæр хуызыл.

«Ӕвзонг каратисттӕ   равдыстой иттӕг хорз фӕстиуджытӕ РЦИ-Аланийы чемпионат ӕмӕ фыццагады, уыдон рамбылдтой дыууадӕс майданы», – фехъусын кодта спортсменты тренер Созаты Владимир.

Уый банысан кодта, ерысты нысан уыд хъуыздӕр каратистты сбӕрӕг кӕнын ӕмӕ ко-мандӕ саразын Уӕрӕсейы фыццагадмӕ, кӕцы ацӕудзӕн 2-5 апрелы Орелы.

«Дудайты Доннæ ӕмӕ Тедеты Аннæ рам-былдтой сыгъзӕрин майдантӕ, Тадтаты Софья ӕмӕ Джиджджойты Аннæ – ӕвзист майдантӕ, Гаглойты Дианæ райста бронзӕ», – загъта Созаты Владимир.

Тренер банысан кодта, спортсментӕ сӕхи хорз кӕй равдыстой ӕмӕ ныр кæй бахызтысты РЦИ-Аланийы командӕмӕ.

«Афтӕ ма сӕхи хорз равдыстой дебютанттӕ дӕр: Цыбырты Анастасия ӕмӕ Лалыты Джер бацахстой фыццаг бынӕттӕ. Ортъаты хотӕ Аланӕ ӕмӕ Диана та сӕ кары къордты райстой бронзӕйон майдантӕ», – радзырдта тренер. Ерысты уыд стыр конкуренци, фæлæ, уымæ æнæкæсгæйæ, хуссарирыстойнаг спортсментæ райстой фыццаг бынæттæ, банысан кодта Созаты Владимир.

Дудайты Доннæ 2016 азы рамбылдта ЦКФЗ фыццаг бынат æмæ сыгъзæрин майдан, «Кубок восходящей надежды» – фыццаг бынат æмæ сыгъзæрин майдан, Æппæтуæрæсейон фестиваль «Мирный кавказ»-ы фыц-цаг бынат æмæ сыгъзæрин майдан. 2017 азы та ЦКФЗ фыццаг бынаты ерысты – сыгъзæрин майдан. 2017 азы ма хайад райста Самарæйы уагъдцæуæг Уæрæсейы фыццаг бынаты ерысты æмæ уым дæр ссис сыгъзæрин майданы хицау. 2018 азы Краснодары уагъдцæуæг Æппæтуæрæсейон ерыстæ «Кубок Кубанийы» фыццаг бынат æмæ сыгъзæрин майдан æмæ бирæ æндæртæ. Ныртæккæ Доннæйы уæлахизты къæбицы ис 24 сыгъзæрин, 2 æвзист æмæ 1 бронзæ майданы…

«Чысылæй æнæуæндон уыдтæн æмæ мæ ныййарæджы фæндыд цæмæй фæкъæйныхдæр уыдаин. Æмæ мæ мæ мад бакодта спортмæ. Йеныр цалынмæ æппæт хорзæхтæ дæр мæ къухты бафтой, уæдмæ дзы нæ фæхицæн уыдзынæн», – загъта Доннæ.

Дианæ кекусин-кан каратэимæ йæ цард сбаста раздæр, цæттæ кæны йæхи фылдæр рæстæг. Уæдæй нырмæ чызг йæхи хизы йæ спортивон цæттæдзинад æмæ физикон тыхæй татамийæ дарддæр ма спайда кæнын, фæлæ, æвæццæгæн, æнæ уæлвæтк фæткæвæрд нæй. Чызджы иу хатт бахъуыд ныххойын цалдæр лæппуйы басæттын.

«Зыдтон æй, мæнæн мæ тыхæй татамийæ дарддæр пайда кæнын раст нæу, фæлæ мын æндæр гæнæн нæ уыд. Рцæугæ лæппутæ нæм ныхасæппарæнтæ кодтой, канд нæхицæн нæ дзырдтой æфхæрæн ныхæстæ, фæлæ ма нæ бæстæ æмæ не ʻвзаджы тыххæй дæр. Мæхи нал баурæдтон», – радзырдта Гаглойты Дианæ.

Кекусин-кан каратэйæ нæ республикæйы хуыздæр спортсментыл нымад сты Павел Швец (90 кг.), Дудайты Доннæ (55 кг.), Лолоты Артур (72 кг.), Бестауты Азæмæт (69 кг.) æмæ Пухаты Алан (90 кг.).

Дриаты Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.