Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы бæрæгбоныл 77 азы сæххæсты цытæн æфсæддон парад традицимæ гæсгæ уагъд æрцыд нæ горæты Театралон фæзуаты. Ам рæнхъæй æрлæууыдысты æфсæддон парады хайадисæг æфсæддон дæлхæйттæ. Фæзуатмæ бæрæгбонвæлыстæй уыцы бон тындзыдтой не ‘мбæстæгтæ стырæй, чысылæй.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ацы бæрæгбон кæй фæрцы нысан кæнæм ныр 77 азы, уыдоны рæнхъытæ бынтон скъуындæг сты. Æрвыл 9 май уыдонæн уыд сæрмагонд бынат бæрæгбонон æфсæддон парадмæ кæсынæн. Фæлæ ацы бон немæ цы дыууæ ветераны нысан кæнынц, уыдон дæр се ‘нæниздзинадмæ гæсгæ нал рацыдысты фæзуатмæ.

Хæстон зарæджы зæлтимæ фæзуатмæ рахастой Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон тырыса æмæ Уæлахизы тырыса.

Цытджын трибунæйæ парадмæ сæ хъус дардтой бæстæйы Президент Бибылты Анатоли, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, бæстæйы раздæры къухдариуæггæнджытæ Цыбырты Людвиг æмæ Тыбылты Леонид, хицауады бæрнон кусджытæ, ветерантæ, тыхон структурæты къухдариуæггæнджытæ, министрадтæ æмæ уагдæтты сæргълæуджытæ æмæ уазджытæ.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы цытæн Æфсæддон парадыл командæ кодта Гарзджын тыхты Генералон штабы къухдариуæггæнæг, хъахъхъæнынады министры хæдивæг Виктор Федоров. Парад иста Хъахъхъæнынады министр Пухаты Владимир.

Бæрæгбонон парады рæстæджы бæстæйы сæргълæууæг арфæ ракодта Стыр Фыдыбæстæйон хæсты советон адæмы уæлахизыл 77 азы сæххæсты бæрæгбоны цытæн. Абон, зæгъгæ, мах ногæй нысан кæнæм стыр мысæн бон, кæцы дард 1945 азы нысаниуæгджын уыд тæссаг хæсты кæрон æмæ Советон Цæдисы æфсымæ-рон адæмтæ æмæ æппæт адæймагады мæлæтхæссæг тæссагдзинадæй куы фервæзтысты, уыцы бон. Банысан кодта, Уæлахизы кадджын бæрæгбон нысангæнгæйæ, ацы мысæн бон мах ноджыдæр кæй кад кæнæм советон хæстонты хъæбатырдзинадæн. Сæ хъæбатырдзинадæй, сæ туг, сæ уды тых æмæ Фыдыбæстæйыл иузæрдиондзинадæй уыдон тохты айгæрстой уæлахизы фæндаг суанг нацистон Германы столицæмæ. Уыцы тæссаг хæсты бæстæйы сæрвæлтау чи фæмард, уыдоны раз ныры фæлтæртæ сты стыр хæсджын.

«Уæлахизы бæрæгбон махæн у лæгдзинад, хъæбатырдзинад æмæ удуæлдайдзинады мысынад, Уæлахизы аргъы мысынад. Ирыстоны фырттæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты тохы быдырты дæрæн кодтой знаджы тыхты, уæлахизы тыххæй нæ ауæрстой сæ цардыл, афтæмæй», – дзырдта бæстæйы сæргълæууæг.

Йæ ныхæстæм гæсгæ дыккаг дунеон хæсты рæстæджы иу бæстæ дæр абаргæйæ, уыйас хæстонтæ нæ фесæфта, Хуссар Ирыстон цас фесæфта. Уымæн æвдисæн сты нæ хæстонты сгуыхтдзинæдтæ æмæ бирæнымæц хорзæхтæ æмæ Советон Цæдисы Хъайтартæ цы ирон хæстонтæ систы, уыцы хъуыддаг дæр.

Бæстæйы сæргълæууæг дарддæр йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, нацистон фыдгæнджытæ æмæ се ‘мхъуыдыгæнджыты героизаци, адæймагады ныхмæ цы æфсæддон фыдракæндтæ аразынц, уыдоныл кæй нæ сæттынц, уый фактон æгъдауæй æркодта, диктатурæ æмæ Украинæйы зæххыл нацистон тыхтæ кæй сфидар сты, уымæ. Украинæйы къухдариуæгад нацизмы дарддæргæнджытæ кæй бацахстой, уый фæстиуæгæн райтынг æгъатыр террор, сæ фæндтыл чи нæ разы кодта, уыдоны ныхмæ. Донбассы адæмы ныхмæ æфсæддон агресси фæсарæйнаг спонсортæ кæй ифтонг кæнынц æмæ нацистты æмхъуыдыгæнджытæ, уый ссис æцæг трагеди. Нацистты амæттæгтæ баисты мингай æнæаххос адæймæгтæ – сылгоймæгтæ, ацæргæтæ, сывæллæттæ.

Уый нæ, фæлæ ма ныгуылæйнаг бæстæтæ ифтонг кæнынц Украинæйы нырык-кон æхсæнгæрзтæй, фæсарæйнаг æфсæддон инструктортæ та сын се ‘фсад цæттæ кодтой НАТО-йы стандарттæм гæсгæ.

«Уæрæсейы ныхмæ цæттæ цыд агрессивон архайд – бактериологон æхсæнгарзыл бакусыны фæдыл лабораторитæ саразынæй суанг ядерон æхсæнгарз саразыныл бакусын æмæ Уæрæсейы территоримæ бабырсын. Нацистон тыхты ныхмæ тохы Донбассы республикæты фарсмæ балæууыдысты интернационалон отрядты бархионтæ. Уæрæсейы Федераци, националон æдасдзинадæн комкоммæ тæссагдзинад кæй уыд æмæ нацистты архайдæн дзуаппæн æндæр фæрæз кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ æрæвнæлдта Украинæйы демилитаризаци æмæ денацификацийы тыххæй сæрмагонд æфсæддон операци уадзынмæ», – дзырдта бæстæйы сæргълæууæг.

Бибылты Анатолийы ныхæстæм гæсгæ Фыдыбæстæйон хæсты хъайтарты фæдонтæ ныртæккæ тох кæнынц нацизмы сау тыхты ныхмæ, уыдоны ‘хсæн ирон хæстонтæ дæр. Йæ рæстæджы уыцы зæххыл сæ фыды фыды фыдтæ калдтой сæ туг. Æмæ уыдон дæр ныр тох кæнынц, цæмæй нæ адæм цæрой сабыр арвы бын æмæ ницахæм «мæнг гегемон» сæ цард æмæ сæрибардзинадыл ма къухдариуæг кæна.

Мах, зæгъгæ, хорз сахуыр кодтам ис-торийы уроктæ – нæ адæмтæ иумæ сты æнæбасæтгæ тых æмæ кæцыфæнды агрессор дæр нæ иудзинад æмæ хæстон æмхæларадыл ныппырх кæндзæн йæ сæр.

Бæрæгбонон æфсæддон парад байгом кодтой Гарзджын тыхты Цытджын хъара-гъул æмæ барабанæй цæгъдджыты ротæ. Дарддæр Театралон фæзуаты цытджын маршæй рацыдысты Хъахъхъæнынады министрады дæлхæйттæ: афицертæ, сержанттæ, салдаттæ, курсанттæ, Кадетон скъолайы хъомылгæнинæгтæ, сылгоймаг службæгæнджытæ.

Æфсæддон парады ма хайад райстой тырысахæссæг къордтæ, Паддзахадон Æдасдзинады комитеты Арæнгæрон службæ, Мидхъуыддæгты министрады, Уæлвæткон уавæрты æмæ Юстицийы министрады дæлхæйттæ, Хуссар Ирыстоны дислокацигæнæг Федералон Æдасдзинады службæйы Арæнгæрон управлени æмæ УФ-йы Хъахъхъæнынады министрады 4-æм æфсæддон базæйы службæгæнджытæ.

Бæрæгбонон парады хайадисæг ма систы уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджыты бæхджынты къорд. Уыдон цыдысты, 1945 азы маршал Георги Жуков цы бæхыл рацыд, уый комкоммæ фæлтæры сæргълæудæй.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ацы бæрæгбон кæй фæрцы нысан кæнæм ныр 77 азы, уыдоны рæнхъытæ бынтон скъуындæг сты. Æрвыл 9 май уыдонæн уыд сæрмагонд бынат бæрæгбонон æфсæддон парадмæ кæсынæн. Фæлæ ацы бон немæ цы дыууæ ветераны нысан кæнынц, уыдон дæр се ‘нæниздзинадмæ гæсгæ нал рацыдысты фæзуатмæ.

Хæстон зарæджы зæлтимæ фæзуатмæ рахастой Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон тырыса æмæ Уæлахизы тырыса.

Цытджын трибунæйæ парадмæ сæ хъус дардтой бæстæйы Президент Бибылты Анатоли, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, бæстæйы раздæры къухдариуæггæнджытæ Цыбырты Людвиг æмæ Тыбылты Леонид, хицауады бæрнон кусджытæ, ветерантæ, тыхон структурæты къухдариуæггæнджытæ, министрадтæ æмæ уагдæтты сæргълæуджытæ æмæ уазджытæ.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы цытæн Æфсæддон парадыл командæ кодта Гарзджын тыхты Генералон штабы къухдариуæггæнæг, хъахъхъæнынады министры хæдивæг Виктор Федоров. Парад иста Хъахъхъæнынады министр Пухаты Владимир.

Бæрæгбонон парады рæстæджы бæстæйы сæргълæууæг арфæ ракодта Стыр Фыдыбæстæйон хæсты советон адæмы уæлахизыл 77 азы сæххæсты бæрæгбоны цытæн. Абон, зæгъгæ, мах ногæй нысан кæнæм стыр мысæн бон, кæцы дард 1945 азы нысаниуæгджын уыд тæссаг хæсты кæрон æмæ Советон Цæдисы æфсымæрон адæмтæ æмæ æппæт адæймагады мæлæтхæссæг тæссагдзинадæй куы фервæзтысты, уыцы бон. Банысан кодта, Уæлахизы кадджын бæрæгбон нысангæнгæйæ, ацы мысæн бон мах ноджыдæр кæй кад кæнæм советон хæстонты хъæбатырдзинадæн. Сæ хъæбатырдзинадæй, сæ туг, сæ уды тых æмæ Фыдыбæстæйыл иузæрдиондзинадæй уыдон тохты айгæрстой уæлахизы фæндаг суанг нацистон Германы столицæмæ. Уыцы тæссаг хæсты бæстæйы сæрвæлтау чи фæмард, уыдоны раз ныры фæлтæртæ сты стыр хæсджын.

«Уæлахизы бæрæгбон махæн у лæгдзинад, хъæбатырдзинад æмæ удуæлдайдзинады мысынад, Уæлахизы аргъы мысынад. Ирыстоны фырттæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты тохы быдырты дæрæн кодтой знаджы тыхты, уæлахизы тыххæй нæ ауæрстой сæ цардыл, афтæмæй», – дзырдта бæстæйы сæргълæууæг.

Йæ ныхæстæм гæсгæ дыккаг дунеон хæсты рæстæджы иу бæстæ дæр абаргæйæ, уыйас хæстонтæ нæ фесæфта, Хуссар Ирыстон цас фесæфта. Уымæн æвдисæн сты нæ хæстонты сгуыхтдзинæдтæ æмæ бирæнымæц хорзæхтæ æмæ Советон Цæдисы Хъайтартæ цы ирон хæстонтæ систы, уыцы хъуыддаг дæр.

Бæстæйы сæргълæууæг дарддæр йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, нацис-тон фыдгæнджытæ æмæ се ‘мхъуыдыгæнджыты героизаци, адæймагады ных-мæ цы æфсæддон фыдракæндтæ аразынц, уыдоныл кæй нæ сæттынц, уый фактон æгъдауæй æркодта, диктатурæ æмæ Украинæйы зæххыл нацистон тыхтæ кæй сфидар сты, уымæ. Украинæйы къух-дариуæгад нацизмы дарддæргæнджытæ кæй бацахстой, уый фæстиуæгæн райтынг æгъатыр террор, сæ фæндтыл чи нæ разы кодта, уыдоны ныхмæ. Донбассы адæмы ныхмæ æфсæддон агресси фæсарæйнаг спонсортæ кæй ифтонг кæнынц æмæ нацистты æмхъуыдыгæнджытæ, уый ссис æцæг трагеди. Нацистты амæттæгтæ баисты мингай æнæаххос адæймæгтæ – сылгоймæгтæ, ацæргæтæ, сывæллæттæ.

Уый нæ, фæлæ ма ныгуылæйнаг бæстæтæ ифтонг кæнынц Украинæйы нырык-кон æхсæнгæрзтæй, фæсарæйнаг æфсæддон инструктортæ та сын се ‘фсад цæттæ кодтой НАТО-йы стандарттæм гæсгæ.

«Уæрæсейы ныхмæ цæттæ цыд агрессивон архайд – бактериологон æхсæнгарзыл бакусыны фæдыл лабораторитæ саразынæй суанг ядерон æхсæнгарз саразыныл бакусын æмæ Уæрæсейы территоримæ бабырсын. Нацистон тыхты ныхмæ тохы Донбассы республикæты фарсмæ балæууыдысты интернационалон отрядты бархионтæ. Уæрæсейы Федераци, националон æдасдзинадæн комкоммæ тæссагдзинад кæй уыд æмæ нацистты архайдæн дзуаппæн æндæр фæрæз кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ æрæвнæлдта Укра-инæйы демилитаризаци æмæ денацификацийы тыххæй сæрмагонд æфсæддон операци уадзынмæ», – дзырдта бæстæйы сæргълæууæг.

Бибылты Анатолийы ныхæстæм гæсгæ Фыдыбæстæйон хæсты хъайтарты фæ-донтæ ныртæккæ тох кæнынц нацизмы сау тыхты ныхмæ, уыдоны ‘хсæн ирон хæс-тонтæ дæр. Йæ рæстæджы уыцы зæххыл сæ фыды фыды фыдтæ калдтой сæ туг. Æмæ уыдон дæр ныр тох кæнынц, цæмæй нæ адæм цæрой сабыр арвы бын æмæ ницахæм «мæнг гегемон» сæ цард æмæ сæрибардзинадыл ма къухдариуæг кæна.

Мах, зæгъгæ, хорз сахуыр кодтам историйы уроктæ – нæ адæмтæ иумæ сты æнæбасæтгæ тых æмæ кæцыфæнды агрессор дæр нæ иудзинад æмæ хæстон æмхæларадыл ныппырх кæндзæн йæ сæр.

Бæрæгбонон æфсæддон парад байгом кодтой Гарзджын тыхты Цытджын хъарагъул æмæ барабанæй цæгъдджыты ротæ. Дарддæр Театралон фæзуаты цытджын маршæй рацыдысты Хъахъхъæнынады министрады дæлхæйттæ: афицертæ, сержанттæ, салдаттæ, курсанттæ, Кадетон скъолайы хъомылгæнинæгтæ, сылгоймаг службæгæнджытæ.

Æфсæддон парады ма хайад райстой тырысахæссæг къордтæ, Паддзахадон Æдасдзинады комитеты Арæнгæрон службæ, Мидхъуыддæгты министрады, Уæлвæткон уавæрты æмæ Юстицийы министрады дæлхæйттæ, Хуссар Ирыстоны дислокацигæнæг Федералон Æдасдзинады службæйы Арæнгæрон управлени æмæ УФ-йы Хъахъхъæнынады министрады 4-æм æфсæддон базæйы службæгæнджытæ.

Бæрæгбонон парады хайадисæг ма систы уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджыты бæхджынты къорд. Уыдон цыдысты, 1945 азы маршал Георги Жуков цы бæхыл рацыд, уый комкоммæ фæлтæры сæргълæудæй. ммБæрæгбонон æфсæддон парад адарддæр акци «Æнæмæлгæ полк»-æй. Нæ республикæйы министрадтæ, уагдæттæ, æхсæнадон организацитæ, скъолаты ахуыргæнинæгтæ рахастой сæ дадаты, уыдон фыдты нывтæ, кæцытæ æгæрон хайбавæрд бахастой 1941-1945 азты фашизмы ныддæрæн кæныны æвæджиаг хъуыддагмæ. Уыдоны ‘хсæн ма уыдысты 1989-2008 азмæ Гуырдзыстоны агрессийæн аккаг ныхкъуырд дæтгæйæ чи фæхъуыд, уыцы Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты къамтæ дæр.

Культурæйы министр, Паддзахадон нысаниуæгджын мадзæлттæ уадзыны фæдыл къамисы сæрдар Зассеты Жаннæйы ныхæстæм гæсгæ Хуссар Ирыстоны Æнæмæлгæ полчы штаб йæ архайды рæстæджы æрæмбырд кодта, не ‘мзæххонтæй Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайад чи иста, уыдонæй 10 минæй фылдæры нывтæ.

«Æнæмæлгæ полчы» рæнхъыты рацыдысты бæстæйы къухдариуæгад, Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй. Уый рахаста йæ дадайы æфсымæр Бибылты Суликъойы къам. Сæ æввахс хиуæтты къамтæ ма хастой Марат Кулахметов, Бекъойты Геннади æмæ æнд.

Ацы аз «Æнæмæлгæ полчы» акцийы кæрон рахастой, Украинæйы зæххыл Уæрæсейы Федераци цы сæрмагонд æфсæддон операци уадзы, уый фæстиуæгæн чи фæмард, уыцы ирон хæстонты къамтæ дæр.

«Æнæмæлгæ полк» у Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæлтæры тыххæй мысынад бахъахъхъæныны фæдыл дунеон æхсæнадон æмбæстагон-патриотикон змæлд. Æрвылаз дæр Уæлахизы бон йæ хайадисджытæ 9 майы рацæуынц сæ хиуæтты къамтимæ, Адæмон азфыссынады змæлды сайтыл фæфыссынц сæ бинонты хæстон историтæ.

Æнæмæлгæ полчы рацыдæй мах ноджыдæр æвдисæм, уæлахизхæссæг адæмы ног фæлтæр бар кæй никæмæн ратдзæн Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæстиуджытæ ма банымайын кæнæ аиуварс кæнынæн. Мах æгæрон бузныг стæм, Стыр Уæлахиз чи æрхаста, уыцы ветерантæй. Кад æмæ сын цыт. Абон ма дзы не хсæн чи ис, уыдонæн нæ цæст уарзы бирæ азты æнæниздзинад, бирæ цæрæнбон æмæ хæрзиуджытæ.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ нæ республикæйы «Æнæмæлгæ полчы» цыд райдыдта 2015 азæй фæстæмæ. Уæдæй фæстæмæ азæй азмæ фылдæр кæны ацы акцийы хайадисджыты нымæц.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизыл 77 азы сæххæсты цытæн бæрæгбонон мадзæлттæ бакæронмæ сты бæрæгбонон концертæй Театралон фæзуаты æмæ горæты сæрмæ Уæлахизы салютæй.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.