Советон Цæдисы Хъайтар Кцойты Петр Налыхъы фырты райгуырдыл сæххæст 120 азы. Уый райгуырд  1902 азы 24-æм марты  Алагиры районы Гулиайы хъæуы зæхкусæг бинонты ‘хсæн. Ахуыр кодта Хæтæлдоны хъæуы скъолайы. 1923 азы йæм æрсидтысты Сырх Æфсады рæнхъытæм. Уыд Ростовы зылдон æфсæддон-политикон скъолайы курсант, службæ кодта Сæрмагонд нысаниуæджы хæйтты. 1927 демобилизацигонд æрцыд.

1930 азы горæт Симферополы  рабфак каст фæуыны фæстæ ссис партион кусæг. Уый фæстæ æрвыст æрцыд Ленинградмæ йæ ахуыр адарддæр кæнынмæ. Уæлдæр коммунистон ахуырадон уагдон – партион скъола каст фæуыны фæстæ куыста Ленинграды Лепсейы номыл заводы. 1932 азы йæм ногæй æрсидтысты æфсадмæ. 1936 азы каст фæцис Ленины номыл Æфсæддон-политикон академи, уыд кавалерион полчы æфсæддон къамисар. 1938 азæй та уыд Дзæуджыхъæуы Сырхтырысаджын фистæг-æфсадон ахуыргæнæндоны партийы историйы ахуыргæнæг æмæ партион къамисы секретарь.

1941 азы июлæй хайад иста Стыр Фыдыбæстæйон хæсты тохты. Йæ хæстон фæндаг райдыдта Белорусаг фронты 53-æм кавалерион дивизийы кавалерион полчы къамисарæй. До-ваторы кавалерион къорды сконды ха-йад иста Смоленскы цур уæззау хъахъхъæнынадон тохты, Мæскуыйы сæрыл тохы. Хорзæхджын æрцыд Сырх Стъалыйы орденæй, æмæ йæ полк та фыццæгтæй сæ иу райста гвардион полчы кадджын ном.

1942 июны мæйы Кцойы фырт нысан æрцыд Ленины орденджын 20-æм Сырхтырысаджын кавалерион дивизийы политхайады хистæрæй. Иумиаг банымадæй, уый æрмæст хорз хъомылгæнæг æмæ политикон къухдариуæггæнæг нæ уыд, фæлæ ма тактикон ахасты – тынг хорз командир дæр. Кавалерион полкы командæкæнынад аскъуыддзаг кодта, зæгъгæ, цыбыр рæстæгмæ теоретикон цæттæдзинад райсыны фæстæ, уымæн йæ бон суыдзæн хæйттыл командæ кæнын. Арвыстой йæ Фрунзейы номыл Æфсæддон академимæ, кæцыйы фæцыбырдæргонд программæ æнтыстджынæй каст фæцис 1944 азы августы мæйы.

1944 азы ноябрæй дæлбулкъон Кцойты Петр уыд 185-æм æхсæг дивизийы 1319 æхсæг полчы командир. Йæ командæкæнынады бын полк хайад райста Польшæ ссæрибар кæныны тохты. Уæлдай хуыздæр та йæхи равдыста 1945 азы январы Варшавайы цæгаты ныхмæлæууæджы хъахъхъæнынад атоныны рæстæджы. 15-18 январы горæт Легионовойы районы ныхмæлæууæджы хъахъхъæнынад атонгæйæ, полк ахызт Вислæйы сæрты, бацахста æмæ рауæрæхдæр кодта плацдарм, ссæрибар кодта горæт Сохачев (Польшæ).1945 азы 24-æм марты немыцаг тыхæйисджыты ныхмæ тохты фронты хæстон хæслæвæрдтæ тынг хорз кæй сæххæст кодта æмæ уыимæ равдисгæ хъайтардзинады тыххæй Советон Цæдисы Уæлдæр Советы Президиумы Барамындæй  дæлбулкъон Кцойты Петрæн  лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы хъайтары ном Ленины орден æмæ йын «Сырх Стъалы»-йы майдан радтгæйæ.

Дивизийы æмæ корпусы хæйттæ знаджы фæстæмæ æппарыны рæс-тæджы, Кцойы фырты полк фæндаг айгæрста Гдынийы районы Балтийы денджызы донбылгæрæттæм. Марты мæйы, æнтыстджынæй знæгты пырх кæнгæйæ, полк уацары ракодта ныхмæлæууæджы 3 мин салдат æмæ афицеры. Берлины размæбырсæн операцийы Кцойы фырты командæйы бын полк æнтыстджынæй атыдта Кюстрины цур Зееловаг бæрзæндты знаджы фидаргонд хæххытæ. Танкы хæйттимæ æмархайдæй хайад иста Берлин сисыны карз тохты операцийы дæр.

1945 азы 7-æм майы дæлбулкъон Кцойы фырт уæззау цæф фæцис. Дыууæ боны фæстæ, 9-æм майы йæ цардæй ахицæн госпиталы, Уæлахизы бонмæ цалдæр сахаты нал фæцард, афтæмæй. Фыццаг уал ныгæд æрцыд горæт Пыжицейы. Уый фæстæ йæ баныгæдтой Польшæйы горæт Щецины æфсæддон уæлмæрды. Хорзæхджын у Ленины орденæй, Фыдыбæстæйон хæсты 1-аг къæпхæны орденæй (йæ амæлæты фæстæ), Сырх Стъалыйы æртæ орденæй æмæ бирæ майдантæй. Хъайтары номыл уынг ис горæт Дзæуджыхъæуы. Кцойты Петры бюст æвæрд æрцыд горæт Алагиры.

Хорзæхджынгæнæн сыфæй: «Æмбал Кцойы фырт, полкыл командæ кæнгæйæ, 1945 азы 15-16 январы Яблоно-Легионовойы районы цæугæдон Вислайы бацæуæнты ныхмæлæууæджы тыхджын сфидаргонд хъахъхъæнынад атонгæйæ æмæ цæугæдоны сæрты ахизыны рæстæджы равдыста æнахуыр хъæбатырдзинад. Знаджы тыхджын ныхмæлæудмæ  æмæ артиллерион-минометон тыхджын æхстытæм æнæкæсгæйæ, сæрмагондæй йæхæдæг къухдариуæгад кодта тохыл æмæ цæугæдон Вислайыл дæлхæйтты ахизын кæныны операцийыл. Полчы командир разæнгард кодта хæстонты æмæ афицерты хъайтарон сгуыхтдзинæдтæ равдисынмæ, кæцыйы фæстиуæгæн уыдон Вислайы сæрты ахызтысты фыццæгтæ æмæ ныгуылæн хайы плацдарм бацахсгæйæ баурæдтой знаджы. Ныхмæлæууæг æппæрст æрцыд цы дамбæ бацахстой, уырдыгæй бирæ уды зиæнттæ йыл æрцæугæйæ. 18-æм январы Кцойы фырты полк ныхмæлæууæджы фæсургæйæ, размæ ацыд 50-60 километры, æввахс бацыд горæт Сохачевмæ, знаджы  фæндаг алыг кæнгæйæ. Равдисгæ хъайтардзинад, размæбырсæн тохты полкыл арæхстджынæй къухдариуæгад кæныны, цæугæдон Вислайы сæрты ахизыны рæстæджы уæлдай æнтыстыты, тыхджын сфидаргонд пункт бацахсыны æмæ ныхмæлæууæгæн, куыд удæгас тыхы, афтæ техникæйæ дæр бирæ зиæнттæ æрхæссыны тыххæй Кцойты Петр Налыхъы фырт аккаг у Советон Цæдисы хъайтары ном райсынæн».

 

Æрмæгыл бакуыста

ДЖИОТЫ Екатеринæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.