Фыдыбæстæйы Стыр хæсты 77 азы уæлахизы бонмæ Уæрæсейы Хæстон намысы горæттæн Златоустаг гæрзтæаразæн компани цы Уæлахизы цирхъытæ скодта, уыдонæй иу æрхауд Хæстон намысы горæт Дзæуджыхъæумæ дæр. Уыдон Мæскуыйы кадджын уавæры радта Федералон Æмбырды Сæдар Валентинæ Матвиенко.

Цирхъытæ сты тынг хъæздыг фæлгонц. Алкæцыйы уæлæ дæр дзы фыст ис цы горæтæн арæзт у, уый ном. Йæ иннæ фарс Александр Невскийы зындгонд ныхæстæ: «Цирхъимæ нæм чи ‘рбацæуа, уый цирхъæй фæмард уыдзæн». Цирхъæн йæ кæрæтты нывгонд æрцыдысты Уæрæсейы æфсады зындгонд разамонджытæ.

Кадджын мадзалы архайдтой Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло æмæ Дзæхуджыхъæуы муниципалон сконды сæргълæууæг Икъаты Русланбег.

Валентинæ Матвиенко арфæ ракодта Хæстон намысы горæтты минæвæрттæн сæ хъæбатыр æмзæххонты тыххæй æмæ сын ранымадта сæ хæстон сгуыхтытæ. «Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахиз йæ тугæй чи балхæдта, уыдон фæдонтæ та абон Украинæйы нацизмы ныхмæ тох кæнынц, Донбассы сабырцæрæг адæмы хъахъхъæнынц. Мах уырны, сæ фыдæлты фарн кæй нæ фæчъизи кæндзысты æмæ уæлахизимæ кæй æрыздæхдзысты.  Мæнæн стыр кады хъуыддаг у хъæбатыр горæттæн Уæлахизы цирхътæ балæвар кæнын», – загъта уый.

Сергей Меняйло дæр куыд загъта, афтæмæй Ирыстоны адæмæн хæсты архайджыты нæмттæ сты табуйаг, йæ  хæстонты хайбавæрд Уæлахизмæ – æгæрон. Хæстон намысы горæты ном дæр хуымæтæджы нæ радтой Дзæуджыхъæуæн. «Ахæм цирхъ райсын æвдисы фашизмыл фæуæлахизуæвæг адæмы хъæбатырдзинад æмæ уды хъару», – банысан кодта республикæйы разамонæг.

Ныр Уæлахизы номарæн цирхъ кадджын бынаты æвæрд æрцæудзæн  Цæгат Ирыстоны Национ музейы æмæ суыдзæн цæрджыты сæрыстырдзинады нысан æмæ нæ истори хъæздыггæнæн фæрæз. Уæлахизы символы уынынмæ цæудзысты нæ истори чи уарзы æмæ нымайы, уыдон. Табуйаг цирхъ та цыфæнды уавæрты дæр цæргæбонты хъæудзæн хъахъхъæнын æмæ йыл аудын…

 

СÆРДЫГОН  ДÆР – АХУЫР

Республикон физикон-математикон лицей-интернаты бындурыл байгом рæстæгмæ ахуыры Бæлвырд наукæты сæрдыгон скъола «Кванториум-15».

Бæлвырд наукæты сæрдыгон скъолайы ахуыр кæнынц Цæгат Ирыстоны алы районты сывæллæттæ. Ардæм ахуыр кæнынмæ æрбацыдысты, бæллиццаг фидæн æмæ æнтыстдзинæдтæ кæмæ æнхъæлмæ кæсынц, математикæ æмæ физикæмæ йе ‘ргом чи здахы, ахæм алы кары скъоладзаутæ. Ацы ахуырадон уагдоны сывæллæттæ райсдзысты уæлæмхасæн зонындзинæдтæ, кæцытæ сæ фидæны æнæмæнг бахъæудзысты.

Дыууæ къуырийы чи ахæсдзæн, уыцы сæрдыгон скъолайы ахуыр кæнынц Математикæйы ахуыры къабазы скъоладзауты æппæтуæрæсейон олимпиадæйы æнтыстджынæй архайæг  5 – 10 кълæсты ахуырдзаутæ, стæй математикæйы æндæр регионалон æмæ æппæтуæрæсеон олимпиадæты призертæ æмæ уæлахиздзаутæ.

Бæлвырд наукæты сæрдыгон скъолайæн фадæттæ сарæзтой Математикон ахуырады дзæуджыхъæуккаг центр æмæ Хуссайраг Федералон университеты регионалон наукон-ахуырадон математикон центр, стæй Цæгат Ирыстоны Ахуырады министрад æмæ паддзахадон университет.

Нæ  уацхæссæг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.