Кæд 9-æм майæ цалдæр боны рацыд, уæддæр нырма Стыр Уæлахизы боны цытæн нæ республикæйы уагъд цæуынц алыгъуызон мадзæлттæ.

Уæлахизы боны цытæн диссаджы бæрæгбон уагъд æрцыд Дзауы районы Хуыцъейы хъæуы астæуккаг скъолайы. Мадзал сорганизаци кодтой Хуыцъейы хъæууон библиотекæйы сæргълæууæг Санахъоты Фатимæ æмæ ацы хъæуы астæуккаг скъолайы ахуыры хайы сæргълæууæг-организатор Уалыты Азæйы хъæппæрисæй.

Бæрæгбонон мадзалмæ æрбамбырд бирæ адæм. Уырдæм æрбацыдысты Хуыцъейы хъæууон администрацийы кусджытæ Тыбылты Тотыры сæргълæудæй, ахуыргæнинæгты ныййарджытæ, ахуыргæнджытæ, хъæубæсты цæрджытæ, Дзауы районы администрацийы культурæйы хайады кусджытæ Цхуырбаты Галинæйы сæргълæудæй.

Мадзал уагъд æрцыд скъолайы стыр залы. Зал уыд бæрæгбонвæлыст, къултыл конд уыдысты алыгъуызон плакаттæ, арæзт дзы æрцыдысты равдыстытæ, куыд зæгъæм, «Сталинграды тох». Залы арæзт æрцыд хæсты фæдыл къуым, цыран фыст уыд «Ничи ферох, ницы ферох», зæгъгæ. Ацы фысты бын æвæрд уыд стыр сырх стъалы. Уырдæм бахастой гирляндæ æмæ йæ æрæвæрдтой сырх стъалыйы бын.

Мадзал амыдтой ацы скъолайы ахуыргæнинæгтæ Уанеты Алан æмæ Козаты Наташæ. Уыдон зæрдæмæхъаргæ ныхæстæ дзырдтой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Стыр Уæлахизы тыххæй. 11-æм къласы ахуыргæнинаг Гаглойты Янæ сæххæст кодта зарæг «От героев былых времен». Скъоладзаутæ бакастысты æмдзæвгæтæ. Хуыцъейы астæуккаг скъолайы ахуыргæнинæгтæ – скъолайы хоры хайадисджытæ Цоциты Эльдар, Дзабиты Аланæ, Нартыхты Аланæ, Тыбылты Алан, Тыбылты Амалия, Уанеты Олеся, Кокойты Александр, Уанеты Агуындæ, Кокойты Олег, Гаглойты Илья, Козаты Настя сæ аивадон къухдариуæггæнæг Тедеты Иринæйы къухдариуæгадæй сæххæст кодтой хæстон зарджытæ «Катюша», «Прадедушка», «Победа, победа» æмæ æндæртæ.

Мадзалы раныхас кодта æмæ арфæйы ныхæстæ загъта Хуыцъейы хъæууон администрацийы сæргълæууæг Тыбылты Тотыр. Уый бакаст йæхи фыст æмдзæвгæ Уæлахизы боны цытæн. Уый фæстæ æрæмбырдуæвджытæ, иу уысм æмырæй алæугæйæ ссардтой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæмардуæвджыты нæмттæ. Мадзалы ма раныхас кодта Хуыцъейы астæуккаг скъолайы директор Къæбысты Гиви. Уый зæр-дæбын арфæтæ ракодта хæсты ветерантæ æмæ æрæмбырдуæвджытæн. Бæрæгбонон мадзалы ма хайад райстой Дзауы районы æфсæддон къамисар Санахъоты Юри æмæ Дзауы районы централон библиотекæйы директор Харебаты Татьянæ.

«Бессмертный полк» чи æрымысыд, уыдонæн æмæ мадзалы организатортæн бузныджы ныхæс-тæ загъта Дзауы районы администрацийы культурæйы хайады хистæр Цхуырбаты Галинæ. Æрæмбырдуæвджытæ мадзалæй баззадысты райгондæй.

Джиоты Е.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.