1941 азы 22 июны сæрдыгон хъарм хуры тынты æрбакастимæ Советон цæдисы ныгуылæйнаг арæнтыл æнæнхъæлæджы æрызгъæлдысты фашистон Германы  фыццаг мæлæтхæссæг судзгæ нæмгуытæ. Уыцы уысмæй райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон æппæтадæмон хæст. Сыгъдысты знаджы нæмыгæй æнæхъæн горæттæ æмæ, æнæнхъæлæджы æрбабырсты фæстиуæгæн, фашистон Германы æфсæддæн бантыст, хæстмæ æдзæттæ Советон Цæдисы арæнтæ йæхи бакæнын. Нæ ауæрстой, нæдæр сылгоймæгтыл,  нæдæр сывæллæттыл æмæ зæрæдтыл, дæрæн кодтой, сæ разы цыдæриддæр уыд, уыдон. Уыцы рæстæджы æвæстиатæй хъуыд Райгуырæн бæстæ фыдызнагæй бахъахъхъæнын. Куыд æппæт раздæры Советон Цæдисы тыгъдады, афтæ Хуссар Ирыстоны адæм дæр араст сты карз тохы быдырмæ. Тынг бирæ хъæбултæ фервыста уæд Ирон мад фронтмæ, фæлæ, хъыгагæн фæстæмæ се ‘ппæт нал æрыздæхтысты, хæст хæст у, кæддæриддæр – зындзинæдтæ, тугкалд æмæ мæлæтхæссæг.

    Ирыстон хæсты быдырмæ кæй фервыста, уыдонæй  Стыр Уæлахизы боныл  сæрæгасæй чи сæмбæлд, уыдонæй сæ иу уыд Джиоты Вася Гиуæргийы фырт дæр.

1942 азы Васямæ æрсидтысты Фыдыбæстæйон хæстмæ.  1942 азæй 1943 азы марты мæймæ службæ кодта Ростовы цæттæгæнæн 12-æм автополчы. Уырдыгæй райдыдтой Васяйы хæстон фæндæгтæ æмæ  суанг 1945 азы  онг  тох кодта сæрибардзинады сæраппонд. 1943 азы хайад иста Полтавæйы облæсты горæт Терятиновойы бахъахъхъæныны тохты. Службæ кодта 9-æм минометон дивизийы. Вася дæр, куыд иннæ æмхæстонтæ, афтæ æвзæрста зындзинæдтæ, æххормагдзинад, фæлæ уый никуы равдыста тæппуддзинад, йæ сæрмæ никуы схаста йæхи баауон кæнын. Бырста размæ æмæ цæттæ уыд йæ фæстаг сулæфты онг дæр тох кæнынмæ.   Фыдыбæстæйон хæсты æппæты карздæр æмæ æгъатырдæр тохтыл нымад æрцыдысты 1943 азы Днепр бахъахъхъæныны тыххæй тохтæ. Вася уыд уыцы  карз тохты хайадисæг æмæ хорзæхджын æрцыд «За форсирование Днепра»-йы майданæй.

Вася уыд æнувыд æмгар, нæ зыдта тас, йæ риуы æмбæрц бырста размæ. Хæстон тохты рæстæджы Вася кæд бирæ хæттыты фæцис уæззау цæфтæ, уæддæр уый йæ ныййарджытæм никуы ныффыста, йæ цардæн тæссаг уа-вæрты кæй бахауы, уый тыххæй. Фыста-иу кæддæриддæр, æрмæстдæр кæй фæвæййы уæлæнгай цæфтæ», æмæ уымæй сабыр кодта йæ ныййарджыты тыхст зæрдæтæ. 1944 азы ноябры мæйы Васяйы йæ хæстон фæндæгтæ ахастой  суанг Карпаты онг. Уырдыгæй фыста йæ бинонтæм, зæгъгæ «уæм тагъд зындзынæн», æмæ уый æцæгæйдæр афтæ рауад. Хъомысджын Сырх Æфсад йæ фæлтæрд къухдариуæгады руаджы уæлахиз кодта фашистон Германы æфсæдтыл Советон Цæдисы арæнтæ сæрибар кæнгæйæ. 1945 азы знаг тард æрцыд, райхъуыст, æппæт дуне кæмæ æн-хъæлмæ кастысты, уыцы Стыр Уæлахизы хабар. 1945 азы 8-æм майыл Вася сæмбæлд фронты раззаг хаххыл, Германы зæххыл. Уый тыххæй  хорзæхджын æрцыд Арфæйы фыстæг æмæ орден «За отвагу»- йæ.

Тынг бирæ цаутæ ис радзурæн Васяйы хæстон фæндæгты тыххæй, æнæкæрон уыдысты йе сгуыхтдзи-нæдтæ дæр æртæ азы хæсты быдыры тох кæнгæйæ. 1945 азы фæззæджы Вася æрыздæхт йæ райгуырæн бæстæмæ бирæ хорзæхтимæ. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хъæбатыр   цæсгомджынæй кæй фæтох кодта хæсты райдайæнæй суанг йæ фæудмæ, уымæн æвдисæн сты йæ бирæ хорзæхтæ дæр.

Вася райгуырд æмæ  схъомыл ис Дзауы районы Моргойы хъæуы, йæ фыд Гиуæрги æфсæддон уæвгæйæ, йæ хъæбултæн æппынæдзух амыдта, кæй хъæуы рæстдзинады фæндагыл лæууын, Райгуырæн бæстæмæ уарзон ахаст дарын.  Æвæццæгæн, уыцы амындтытæ ныффидар сты Васяйы хъуыдыты, йæ зæрдæ йемыдзаг уыд йæ адæммæ, йæ райгуырæн бæстæмæ уарзондзинадæй æмæ йын фронты быдыры уыцы уарзондзинад лæ-вæрдта æнæбасæтгæ тых. Нæ йын лæвæрдта бар фæстæ алæууын кæнæ тæппуддзинад равдисынæн.

Хæстæй æрыздæхыны фæстæ Вася йæ цард баиу кодта  Къæбулты Шу-рæимæ,  схъомыл кодтой дыууæ чызджы, Валя æмæ Зæлинæйы. Уыдонæн ныр ис цот, цоты цот æмæ уыдон дæр, Васяйау, лæггад кæнынц сæ Райгуырæн бæстæйæн.

Æппæт зындзинæдты уæлдай ма Вася æрæййæфта, йæ уарзон Ирыстоныл дудгæ бон куы ‘ркодта нæ «фæр-ныг» сыхæгты къухæй, уыцы 2008 азы авгуысты геноцид  дæр æмæ уым дæр фæстæ нæ фæлæууыд. Йæ хæстон фæлтæрддзиинад æнæвгъауæй хæлар кодта кæстæр фæлтæрæн, уыд сын зондамонæг.

Фыдыбæстæйон хæсты фæуæлахизы бонæй ныр рацыд 75 азы,  фæлæ Джиоты Васяйы хуызæн хъæбатыр ирон  лæппуты нæмттæ рох никуы уыдзысты сæ раттæг адæмæй. «Мæ фыд Фыдыбæстæйон хæстæй æрыздæхт тынг бирæ хорзæхтимæ. Нæ уыд рохуаты нæ республикæйы къухдариуæгады ‘рдыгæй уый фæстæ азты дæр. Æрвылаз дæр-иу Стыр Уæлахизы бæрæгбонмæ уый хорзæхджын æрцыд ног хорзæхтæй»,- загъта Васяйы чызг Зæлинæ.

Хуыгаты Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.