Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Аппараты комментаритæ

2017 азы 17-æм январы Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты сессийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли фæаххосджын кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Уæлдæр Арбитражон Тæрхондоны архайды пролонгацийы фæдыл æнæзакъонон уынаффæты, кæцы æмбæлон нæу æцæгдзинадæн.

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм уый, æмæ Уæлдæр Арбитражон Тæрхондоны куысты æмгъуыдтæ æмæ ликвидаци бæрæг æрцыдысты 2014 азы 7-æм майы «Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Тæрхондоны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцимæ (Сæйраг Закъон) ивындзинæдтæ æмæ уæлæмхасæнтæ бахæссыны тыххæй» РХИ-йы Конституцион закъоны 2-æм статьяйы 2-æм пунктмæ гæсгæ, кæцыйы хынцыд цæуы, зæгъгæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцион закъон йæ тыхы цы бон бацыд, уæдæй фидар цæуы фæлдзæуæн рæстæг 2015 азы 1-æм январы онг, уыцы рæстæджы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Арбитражон Тæрхондон ивд цæуы, æмæ йе ‘ххæстбартæ цæстдарды æмæ кассацион инстанциты тæрхондоны хуызы лæвæрд цæуынц Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Тæрхондоны юрисдикцимæ.

Ацы закъоны 2-æм статьяйы 3-аг пунктмæ гæсгæ арæзт æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Арбитражон Тæрхондон, кæцы кæсы экономикон быцæутæ æмæ æндæр  хъуыддæгтæ аскъуыддзаг кæныны фæдыл хъуыддæгтæм, кæцытæ баст сты амалиуæгадон æмæ æндæр экономикон архайдимæ, куыд ног сæвзæргæ уавæрты фыццаг инстанциты тæрхондон, афтæ.

Уæлдæрбацамынд закъоны 2-æм статьяйы 6-æм æмæ 8-æм пункттæм гæсгæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Арбитражон Тæрхондоны тæрхонгæнджытæ, кæцытæ нысан æрцыдысты РХИ-йы Конституцион Закъон цалынмæ йæ тыхы нæ бацыд, уæдмæ, дарддæр æххæст кæнынц се ‘ххæстбартæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Арбитражон Тæрхондоны куысты райдианмæ. Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Арбитражон Тæрхондоны архайгæ тæрхонгæнджытæ сæ куырдиæттæм гæсгæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Арбитражон Тæрхондоны тæрхонгæнджытæй нысан кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты æрбавдыст-мæ гæсгæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Тæрхондоны Сæрдары фæндоны бындурыл.

РХИ-йы ацы Конституцион закъон сæххæст кæныны фæлгæтты, 2015 азы 13-æм июлы РХИ-йы Президент РХИ-йы Парламентмæ барвыста бавдыстытæ РХИ-йы Арбитражон Тæрхондоны сæрдар æмæ сæрдары хæдивæджы бынæттæм кандидаттæ снысан кæныны тыххæй.

Бацамынд бавдыстытæм ныры онг дæр не ‘ркаст РХИ-йы Парламент, æмæ уымæ гæсгæ нæй гæнæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Арбитражон Тæрхондоны куысты райдианы тыххæй уынаффæ райсын æмæ РХИ-йы Уæлдæр Арбитражон Тæрхондоны ликвидацион мадзæлттæ кæронмæ сæххæст кæнын.

Уымæй дарддæр ма, Уæрæсейы Федерацийы Æмбæстагон Кодексы 63-æм статья, кæцы аналогмæ гæсгæ архайы Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл, фидар кæны юридикон цæсгомы ликвидацийы фæтк, æмæ уый та у Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Арбитражон Тæрхондон. Ацы статьяйы 2-аг пунктмæ гæсгæ ликвидацион къамис хъуамæ сараза æхсæн-рæстæгмæйон ликвидацион баланс, кæцыйы развæлгъау хъæуы сфидар кæнын. Ацы статьяйы 9-æм пунктмæ гæсгæ, юридикон цæсгомы ликвидаци нымад цæуы кæронмæ æххæстгондыл, æмæ юридикон цæсгом та, кæцы æрурæдта йæ уæвынад юридикон цæсгæмтты иугонд паддзахадон реестрмæ зонæнтæ бахæссыны фæстæ, уыцы фæткмæ гæсгæ, кæцы сфидар кодта юридикон цæсгæмтты паддзахадон регистрацийы тыххæй закъон.

Уый фæдыл 2014 азы 7-æм майы райсгæ «Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр тæрхондоны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцимæ (Сæйраг Закъон) ивындзинæдтæ æмæ уæлæмхасæнтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцион закъоны реализацийы нысæнтты æмæ юридикон архайдтытæ сæххæст кæныны нысанæн, кæ-цытæ æнæмæнгхъæуæг сты Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Арбитражон Тæрхондон сликвидаци кæныны тыххæй, Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад 2014 азы 30-æм октябры сарæзта Ликвидацион къамис æмæ йын сфидар кодта йе сконд.

Номхуындæй уымæ гæсгæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады уынаффæйæ сфидаргонд уæлдæр бацамынд ликвидацион мадзæлттæ кæронмæ æххæстгонд не ‘рцыдысты æмбæлон æмгъуыдты, Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады бахъуыд цалдæр хатты ликвидацион мадзæлттæ сæххæст кæныны æмгъуыд адарддæр кæнын.

РХИ-йы Президенты æмæ Хицауады Пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.