Аивгъуыйгæ къуырийы Хуссар Ирыстоны Парламент сфидар кодта нæ республикæйы Уæлдæр тæрхондоны сæрдарæй Коцты Олесяйы кандидатурæйы.  Депутатон корпусы размæ æркæсынмæ бавдыста РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли.

27-æм ноябры Бибылты Анатоли нæ республикæйы Уæлдæр тæрхондоны кусджытæн базонгæ кодта сæ ног сæрдары. Президент, фыццаджыдæр, бузныджы ныхæстæ загъта Уæлдæр тæрхондоны кусджытæн сæ куысты тыххæй æмæ сын раарфæ кодта аивгъуыйгæ Мады боны цытæн. Уый фæстæ цыбыртæй æрдзырдта  Коцты Олесяйы æхсæнадон архайды тыххæй: «Æз нæ Парламентмæ æрæджы бавдыстон Коцты Олесяйы кандидатурæ Уæлдæр тæрхондоны сæрдары бынатмæ. Мæ фæндимæ йæ разыдзинад равдыста Парламент дæр. 2015 азы цы реформæтæ райдыдтой, уыдон хъуамæ ацы аз кæронмæ фæуой. Ныр тæрхонгæнджытæ æрæвналдзысты сæ профессионалон хæслæвæрттæм, Парламенты закъонмæ гæсгæ дыууæ тæрхондонон органы – сæйраг æмæ арбитражон – баиу кæнынмæ. Ацы азы кæронмæ арæзт хъуамæ æрцæуа Хуссар Ирыстоны Конституцион тæрхондон, кæцы кусдзæн æмæ архайдзæн æрмæстдæр Конституцийы бындурыл. Куыд зонæм, афтæмæй не ‘мбæстæгтæ бирæ хатт разы нæ вæййынц нæ тæрхонгæнджыты рахæсгæ уынаффæтимæ, фæлæ уыцы хъуыддаг уый нæ нысан кæны, æмæ уыдон раст тæрхон нæ кæнынц.  Фæлæ махæн уый гæнæн нæй, æмæ не ‘мбæстæгты æнæразыдзинæдтæ ма æмбарæм, нæй нын уый моралон бар. Сымахæй алчидæр зонгæ у, тæрхондоны системæйы реорганизацийы фæдыл цы фарстатæ сæвзæры, уыдонимæ. Мæ хъуыдымæ гæсгæ æввахс рæстæджы æвдыст хъуамæ æрцæуой Уæлдæр тæрхондонмæ  тæрхонгæнджытæ. Тынг мæ фæнды, цæмæй фыццаджыдæр, уæ куыст æххæст кæнат нормативон-барадон акттæм гæсгæ. Ныфс мæ ис æмæ нæ тæрхонгæнджытæм ахаст хуыздæрæрдæм кæй фæивдзæн. Æз æууæндын Коцты Олесяйыл æмæ мæ ныфс ис сымахæй иууылдæр, иумиагæй уæ куыст ноджы размæ кæй рацæудзæн».

Президент ма куыд банысан кодта, афтæмæй тæрхонгæнджыты куыст у тынг ахсджиаг, домы тынг бирæ рæстæг. Нæ республикæйы æмбæстæгтæ кæдфæнды дæр фенхъæлмæ кæсынц раст райсгæ уынаффæтæм æмæ, фыццаджыдæр, уый баст у сымахимæ – Уæлдæр тæрхондоны кусджытимæ.

Йæ рады нæ республикæйы Уæлдæр тæрхондоны ног сæрдар Коцты Олеся бузныджы ныхæстæ загъта Президент Бибылты Анатолийæн йе ууæнчы тыххæй. Банысан кодта, зæгъгæ, «иу адæймагæн йæ бон ницы у иунæгæй аразын æмæ мæ ныфс ис, мæ фарсмæ кæй æрбалæудзысты мæ коллегæтæ æмæ иумиагæй кæй æххæст кæндзыстæм нæ разы лæууæг хæстæ. Фæстаг рæстæджы цы реформæйы кой кæнæм, уый хъуамæ формалон характер ма хæсса, фæлæ йыл куыст æрцæуа кæронмæ», – банысан кодта Коцты Олеся.

Танделаты Виленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.