Æрæджы Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты пресс-центры Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты фæдыл министр Тадтаты Аланæн уыд афæдзы куысты фæстиуджыты фæдыл пресс-конференци. Куыд фехъусын кодта, афтæмæй кæд фарон зынгсирвæзтытæ уыдысты 23, уæд ацы аз та иу фæфылдæр сты. Хъыгагæн, зынгсивæрзтытæ æнæ зиан нæ уыдысты: Заводы уынджы зынгсивæрзты фæстиæгæн фæзиан иу чызг, Гуыбаты уынгыл дæр-иу сылгоймаг. Уымæй дарддæр ацы аз уыд хус кæрдæг ссудзыны  449 цауы.

Зынгсивæрзтæй æдасдзинад сифтонг кæныны тыххæй республикæйы басгæрстæуыд 398 объекты. Уыдон сты паддзахадон объекттæ, скъолатæ, скъолайы агъоммæ уагдæттæ, администртивон бæстыхæйттæ.  Зынгсивæрзты фæткхалынæдтæ аиуварсгонд кæй æрцыдысты, уый тыххæй лæвæрд æрцыд 144 бæлвырдгæнæн гæххæтты.

Дарддæр министр куыд фехъусын кодта, афтæмæй ацы аз зынгсирвæзты фæдыл, судзгæ кæрдæг ахуыссын кæнынмæ, афтæ ма техникон æххуыс бакæнынмæ æмæ вазыгджын уавæрты бахауæг адæмæн баххуыс кæнынмæ спецтехникæ ацыд 1709 хатты. Ацы бæрæггæнæн фарон та уыд 2192.

Республикæйы скъолаты æмæ сывæллæтты рæвдауæндæтты ауагъдæуыд ахуыргæнæн-цæттæгæнæн эвакуацитæ. Уæлвæткон уавæрты кусджытимæ мадзæлтты хайад райстой ахуыргæнæн уагдæтты ахуыргæнджытæ æмæ хъомылгæнджытæ дæр.

Министр радзырдта, Хуссар Ирыстоны территори рæмудзæн æр-мæджытæй куыд сыгъдæг цæуы, уый тыххæй дæр.ф

«Саперты къордтæ сбæрæг кодтой, скъахтой æмæ скуынæг кодтой гуырдзиаг агрессийы рæстæгæй баззайгæ алыгъуызон калибры 4000 нæмыджы, 792 рæмудзæн æрмæджы, уыдонæй 300 сбæрæг кодтой Уæрæсейы Уæлвæткон уавæрты министрады ирвæ-зынгæнæн центр «Лидер»-ы къорд, кæцытæ Хуссар Ирыстонмæ æрцæудзысты 2019 азы дæр æмæ рæмудзæн æрмæджытæй асыгъдæг кæндзысты Зары фæндаджы галиуæрдыгæй фарс», – банысан кадтатодта Ты Алан æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, уыцы территорийыл цалдæр хатты уыд рæмудзæн æрмæджыты спырхы цаутæ.

Радзырдта, кæм сыгъдæг кæндзысты, уыцы бынаты картæтæ цæттæ кæй сты, уый фæдыл дæр.

«Минæтæй кæмыты сæдаскæнинаг стæм, уыцы бынæтты картæтæ сты цæттæ. Цæмæй адæм æдасæй цæуой, уый тыххæй минæтæ æмæ тыгъд рæмудзæнтæй сыгъдæг æрцæудзæн, Ног Куырдтаты хъæууон администрацийæ Зары фæндагмæ цы фадыг ис, уый. Уыцы фадыг фылдæр хъæд у æмæ йæм техникæ кæй нæ рæхсы, уый тыххæй сыгъдæг цæу-дзæн къухæй. Фадыджы фæзуат у 60 гектары бæрц», – загъта Тадтыты Алан.

Бæрæг куыд у, афтæмæй ацы фадыджы ирæттæ дæр æмæ гуырдзиæгтæ дæр нывæрдтой рæмудзæн æрмæджытæ, минæты картæтæ нæ сарæзтой, афтæмæй.

Министр куыд банысан кодта, афтæмæй 2016 азы июнæй августмæ «Лидер»-ы саперты къорд ссыгъдæг кодтой Ереды хъæуы территори. Уый уыд 50,1 гектары, ссардтой дзы æмæ сæдас кодтой 352 рæмудзæн æрмæджы.

2017 азы апрелæй июлмæ сапертæ басгæрстой Цхинвалы районы Сарабукъ æмæ Присы хъæуты, Знауыры районы Исахъыхъæу æмæ Аунеуы хъæуты территоритæ. Уый фæстиуæгæн ссыгъдæг кодтой 30,1 гектары æмæ дзы ссардтой 105 рæмудзæн æрмæджы. Чъехы хъæуы та басгæрстой 67,4 гектары территори æмæ дзы ссардтой 305 рæмудзæн æрмæджы.

Иууыл иумæ «Лидер»-ы сапертæ Хуссар Ирыстоны æртæ этапы куыстыты рæстæджы ссыгъдæг кодтой 148 гектары территори æмæ сæдас кодтой 762 тæссаг предметы.

Министр радзырдта, Уæлвæткон уавæрты министрады хаххыл Уæрæсейы уæлдæр ахуыргæнæндæттæ каст чи фæцис, уыдоны тыххæй дæр. Ныртæккæ РХИ-йы Уæлвæткон уавæрты министрады кусджытæй Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон уавæрты министрады уæлдæр ахуыргæнæндæтты ахуыр кæны 14 адæймаджы. Республикæйы скъолаты рауагъдонтæй нæ министрады хаххыл ахуыр цы 10 рауагъдоны фесты, уыдон се ‘ппæт дæр ифтонг æрцыдысты куыстæй.

«Ахуырмæ æрвитæм, ведомствойы цы кадртæ хъæуы, æрмæст уыцы дæсныйæдтæ райсыны тыххæй. Уый фæстиуæгæн развæлгъау рауагъдонтæн сæ бынæттæ цæттæ вæййынц Уæлвæткон уавæрты министрады системæйы», – банысан кодта ведомствойы сæргълæууæг.

Министр стыр аргъ скодта æвзонг специалистты цæттæдзинадæн. Загъта, зæгъгæ, ныр дæр Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады кусджытæ цалдæрæй сæ квалификаци бæрзонддæр кæнынмæ сты Уæрæсейы.

Куыд радзырдта, афтæмæй дзырд цæуы Хуссар Ирыстонæн санитарон авиаци рахицæн кæныны фарст аскъуыддзаг кæныныл дæр.

«Хуссар Ирыстонæн медицинон модулимæ вертолет рахицæн кæныны фарст скъуыддзаг æрцæудзæн, ныр та уал цалынмæ Хуссар Ирыстонæн йæхи борт фæзына, уæдмæ Хуссар Ирыстонæй уæззау рынчынты Уæрæсейы Федерацимæ æвæстиатæй аласыны тыххæй нæ бон у вертолет ракурæм нæ уæрæсейаг коллегæтæй, æппæт инстанцитæ æмæ хицауады æвæрсгæйæ. Уыдон нын ныфс бавæрдтой, ахæм уæлвæткон уавæрты 1-2 сахатмæ фарст скъуыддзаг кæй æрцæудзæн.

Министр банысан кодта, зæгъгæ, къуырийы кæрон фембæлдзæн Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон уавæрты министримæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы фембæлды рæстæджы дыууæ министр ныхас кæндзысты санитарон авиаци æмæ мобилизацион фæсауæрц аразыны фарстатыл.

Уый куыд бамбарын кодта, афтæмæй экстренон уавæрты Хуссар Ирыстонæн вертолет рахицæн кæныны тыххæй фарстыл уынаффæ цыд, ивгъуыд азы ноябры Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы президенттæ Бибылты Анатоли æмæ Владимир Путины фембæлды рæстæджы. Ацы фарстыл бадзырдтой Уæрæсейы Уæлвæткон уавæрты министры хæдивæг Олег Баженов æмæ Тадтаты Алан сæ кусæгон фембæлды рæстæджы дæр.

Министр куыд фехъусын кодта, афтæмæй санитарон авиацийы тыххæй документтæ сты Уæрæсейы Федерацийы хицауадмæ. Уый ныфс ис, ацы фарст скъуыддзаг кæй æрцæудзæн, уымæй. 2019 азы уый тыххæй арæзт æрцæудзæн конкретон къахдзæфтæ.

Фехъусын ма кодта, уæрæсейаг специалисттимæ вертолетæн фæзуат кæй равзардзысты, уый тыххæй дæр.

«Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон уавæрты министрады специалисттæ нæм æрцæудзысты æмæ уыдонимæ иумæ равзардзыстæм бынат вертолеты фæзуаты тыххæй, сбæрæг кæндзыстæм, цахæм навигацион ифтонггæрзтæ хъæудзæн, цахæм агъуыстытæ хъæудзæн саразын æмæ æндæр фарстатæ», – загъта Тадтаты Алан.

Министр радзырдта, паддзахадон стратегион фæсауæрцы программæйы фæлгæтты хæрзарæзт кæй æрцæудзысты республикæ-йы бомбæтæй æмбæхсæн бынæттæ.

«Кæд Хуссар Ирыстоны дислокаци кæнынц Уæрæсейы 4-æм базæйы æфсæддонтæ æмæ арæнхъахъхъæнджытæ, уæддæр кæдфæндыдæр æмæ алы уавæры дæр цæттæ хъуамæ уæм цыфæнды уæлвæткон уавæртæм дæр. Куыд фæзæгъынц: сабырдзинад дæ куы хъæуа, уæд дæхи хæстмæ цæттæ кæн. 2020 азы материалон фæсауæрцæн аразын райдайдзысты æфтауцдæттæ. Ацы программæмæ хауынц бомбæтæй æмбæхсæн бынæттæ цæттæ кæнын дæр», – банысан кодта ведомствойы сæргълæууæг.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, æмбæстагон хъахъхъæнынады службæ æдзух дæр бабæрæг кæнынц, социалон объектты бын цы ныккæндтæ ис, уыдон.

Уымæ нæ кæсгæйæ, министр республикæйы оперативон уавæр нымайы стабилоныл.

ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.