Хуссар Ирыстоны Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты пресс-центры цы тымбыл фынг ауагъдæуыд, уым дзырд цыд Хуссар Ирыстоны территорийыл уæвæг уæрæсейаг æфсæддон базæйы ахадæн нысаниуæгыл.

«2008 азы августы Гуырдзыстоны гарзджын тыхтæ Хуссар Ирыстонмæ куы æрбабырстой, уæд фыццаг цæф райстой уæрæсейаг фидауынгæнæг тыхтæ. Уæд Уæрæсе Гуырдзыстоны тыхæй æркодта сабырдзинадмæ æмæ нын банымадта нæ паддзахады хæдбардзинад.

Кæд уымæй размæ Хуссар Ирыстоны адæм катайаг уавæры уыдысты, сæ сомбон цы уыдзæн, уый нæ зыдтой, уæд ныр та адæмы уырны, хæст сæ хæдзæрттæм кæй нал æрцæудзæн, ныфс сæ ис, кæй сæ бахъахъхъæндзысты Хуссар Ирыстоны территорийыл уæвæг 4-æм уæрæсейаг æфсæддон базæйы æфсæддонтæ», – банысан кодта  Информаци æмæ Мыхуыры паддзахадон комитеты сæрдары хæдивæг Харебаты Майя.

Уый фæстæ раныхас кодта уæрæсейаг æфсæддон базæйы штабы хистæр Валери Пшеничный. Уый цыбыртæй радзырдта 4-æм уæрæсейаг æфсæддон базæйы сырæзты тыххæй.

«Цыппæрæм æфсæддон базæйы инфраструктурæ ногæй арæзт æрцыд горæт Цхинвалы дæр æмæ Дзауы поселочы дæр, ис дзы æппæт уавæртæ æфсæддонтæн дæр æмæ сæ бинонтæн  дæр. 2017 азы арæзт æрцыд сывæллæтты цæхæрадæттæ Цхинвалы æмæ  Дзауы, фæуынхъус у астæуккаг скъолайы арæзтад дæр, ацы аз та фæнд кæнынц спортивон комплекс æмæ бассейны эксплуатацимæ радтын, зæгъæн ис, ныртæккæ уый у горæт горæты мидæг.  Æфсæддон базæйы æфсæддонтæ æрвылбон дæр архайынц æфсæддон цæттæдзинад фæбæрзонддæр кæныныл. Æфсæддон ахуыртæ фæуадзынц хуссарирыстойнаг æфсæддонтимæ иумæ Дзарцъемы æфсæддон полигоны. Абоны бон уæрæсейаг базæйæн нæй проблемæтæ. Исты проблемæ нын куы фæзыны, уæд æй аскъуыддзаг кæнæм Хуссар Ирыстоны къухдариуæгадимæ иумæ», – банысан кодта Валерий Пшеничный.

Бæрæг куыд у, афтæмæй ацы аз 24 январы Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæ сратификаци кодта  Хуссар Ирыстонимæ сразыдзинад Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты дæлхæйтты иу хай  Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын тыхты скондмæ ракæныны тых-хæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы сразыдзинадæн стыр нысаниуæг ис республикæйы æдасдзинад сифтонг кæныны хъуыддаджы.

Харебаты Майяйы ныхæстæм гæсгæ, Уæрæсейы æфсады рæнхъыты службæ кæнынæн æрмæст æфсæддон нысаниуæг нæй, фæлæ ма йын ис стыр социалон-экономикон нысаниуæг дæр.

Ацы фарст куыд æххæст цæуы, уый тыххæй цыбыртæй радзырдта Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады миныстры хæдивæг Сиукъаты Вадим.

Уый банысан кодта, Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты дæлхæйттæ Уæрæсейы æфсады скондмæ бацæуыны тыххæй цы сразыдзинад арæзт æрцыд  Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн, уый ахсджиагдзинад. 2017 азы марты Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй дыууæ паддзахады ‘хсæн цы бадзырд арæзт æрцыд, уый фæлгæтты къухтæ фыст æрцыд къорд сразыдзинадыл, уыцы нымæцы æф-сæддон ведомствоты ‘хсæн дæр.

«Раздæр Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын тыхты генералон штабы хистæр йæ къух æрфыста директивайыл, кæцымæ гæсгæ 4-æм æфсæддон базæйы сконды хъуамæ  арæзт æрцыдаид националон батальон, цыран контрактмæ гæсгæ службæ кодтаиккой, Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй уæрæсейаг æмбæстагдзинад кæмæ уыд, уыдон. Ныр та сразыдзинадыл къухтæ æрфысгæйæ, директивæйы бæсты, кæцыйæн уыд аивæн, æнгæс формат æнцой кæны Æхcæнпаддзахадон  характеры документыл», – загъта министры хæдивæг æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, дыууæ бæстæйы хъахъхъæнынæд-ты министрадты ‘хсæн цы сразыдзинад арæзт æрцыд, уый реализацийы фæлгæтты хуссарирыстойнгаг фарс æртæ мæймæ хъуамæ сараза йæ Гарзджын тыхты ног организацион-штатон структурæ, уый фæстæ йæ аскъуыддзаг   кæна уæрæсейаг фарсимæ æмæ йæ сфидар кæна Сæйраг командагæнæджы, ома, президенты æмвæзадыл.

Уый фæстæ сын ис æхсæз мæйы рæстæг, цæмæй ног структурæмæ рахизой æмæ скомплект кæной уæрæсейаг базæйы æфсæддон дæлхай, цыран контрактмæ гæсгæ службæ кæндзысты, Хуссар Ирыстоны æмбæстæг-тæй уæрæсейаг æмбæстагдзинад кæмæ ис, уыдон.

«Не ‘мбæстæгтæ уæрæсейаг æфсады службæ кæндзысты Уæрæсейы закъонмæ æмæ домæнтæм гæсгæ. Уыимæ иумæ служ-бæйы рæстæджы сæ мыздтæ дæр æмæ æндæр социалон фæрæзтæ дæр фылдæр кæндзысты этапгай,  уыдон пайда кæндзысты, уæрæсейаг æфсæддонтæн цы льготæтæ ис, æппæт уыдонæй», – банысан кодта Сиукъаты Вадим æмæ ма йæ нахасмæ бафтыдта, зæгъгæ, абоны бон ирон адæмæн цыппæрæм æфсæддон базæ у æдасдзи-нады иунæг гарант. Ацы базæ Хуссар Ирыстоны территорийыл кæй ис, уымæн ис æфсæддон-политикон нысаниуæг.

«Уæрæсе æрмæст Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад нæ хъахъхъæны, фæлæ хъахъхъæны йæхи стратегион интерестæ Кавказы», – бахахх кодта Сиукъаты Вадим.

Уый куыд бамбарын кодта, афтæмæй цæмæй уæрæсейаг æфсæддон базæйы службæмæ бацæуа хуссарирыстойнаг æмбæстаг, уый тыххæй уал хъуамæ баслужбæ кæна националон Гарзджын тыхты сконды. Уымæй дарддæр ма банысан кодта, зæгъгæ, хуссарирыстойнаг фарс домы, цæмæй йæ Гарзджын тыхты сконды баззайа хæстон – специалон дæлхай, кæцыйæн йæ бон уыдзæн скъуыддзаг кæнын развæдсгарæн æмæ æндæр фарстатæ. Уый æххуыс уыдзæн уæрæсейаг æфсæддон ба-зæйы службæгæнджытæн дæр.

Ацы фарсты тыххæй дыууæ ведомствойы къухдариуæгад цалдæр хатты фембæлдысты, фæлæ нырма скъуыддзаггонд не ‘рцыд.

Æфсæддон ведомствойы сæргълæууæджы хæдивæг йæ ныхасы кæрон куыд банысан кодта, афтæмæй ацы сразыдзинады реализацийæн ис стыр социалон нысаниуæг, уый руаджы не ‘мбæстæгты царды æмвæзад бирæбæрцæй фæбæрзонддæр  уыдзæн.

Постконфликтон уавæр æрнывыл кæныны фæдыл Хуссар Ирыстоны Президенты æххæстбарджын Джиоты Мурат куыд ра-дзырдта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны территорийыл  уæрæсейаг æфсæддонты уæвынад  алы цæрæгæн дæр у æдасдзинад æмæ æнцойады гарант.

Уый куыд загъта, афтæмæй уæрæсейаг æфсæддон базæ æмæ уæрæсейаг арæн-хъахъхъæнджытæ Хуссар Ирыстоны территорийыл сты æхсæнадæмон барадмæ гæсгæ.

«Æппæт бадзырдон-барадон базæ арæзт æрцыд æхсæнадæмон барадмæ гæсгæ. Нæ республикæйы территорийыл цыппæрæм æфсæддон базæйы уæвынад  ууыл дзурæг у, æмæ Уæрæсе цыт кæны Хуссар Ирыстонæн, куыд нымад паддзахадæн, афтæ, – загъта Президенты æххæстбарджын.

Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæварады уынаффæгæнæг Сергей Манько куыд банысан кодта, афтæмæй дæс азы дæргъы Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн арæзт æрцыд 120 сразыдзинады.

«Мæн хъусдард аздахын фæнды Æмцæ-дисад æмæ интеграцийы тыххæй бадзырды преамбулæмæ. Уым дзырдæуы, зæгъгæ, 2008 азы 17 сентябры арæзтæрцæуæг Хæлардзинад, æмгуыстад æмæ кæрæдзи-йæн æххуысы бадзырдыл бындуриуæг кæнгæйæ, æххæст цæуы æхсæнпад-дзахадон ахастыты ног æмвæзадмæ рахизын. Уый дзурæг у позитивон динамикæйыл æмæ ахастыты дыккаг, ноджы арфдæр, интеграциондæр æмвæзадыл», – загъта Сергей Манько.

Медиа-центр «Ир»-ы президент Гаглойты Иринæ хъусдард аздæхта Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты рæзты историмæ. Уый куыд радзырдта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстон хæст райдыдта 2008 азы нæ, фæлæ  1989 азы ноябры. Уæдæй 2008 азы августмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл хæстон архайдтытæ-иу куы æрсабырдæр сты, куы та-иу сытынг сты.

Арæзт æрцыд Хъахъхъæнынады ми-нистрд, кæцы абоны онг æххæст кодта æмæ кæны йæ разылæууæг хæслæвæрдтæ, уæззау рæстæджыты нæ адæмы бахъахъхъæдта скуынæгæй.

Гаглойты Иринæйы хъуыдымæ гæсгæ,  Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады ведомствойы хъæуы бахъахъхъæнын куыдфæндыйæ дæр, Уæрæсейы Гарзджын тыхтимæ æмархайд кæнын бахынцгæйæ.

Уый банысан кодта Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы кæрæдзийæн пайдайы æмгуыстад.

«Махæн ис кæрæдзийæн пайдайы æмгуыстад, уымæн æмæ бæрæгæй зыны Хуссар Кавказы Уæрæсейы геополитикон интерес, уый тыххæй та Уæрæсе Кавказы Хуссар Ирыстонæй хуыздæр æмæ стырдæр цæдисон не ссардзæн», – банысан кодта медиа-центры президент.

Эксперт æмæ журналист Уазæгты Юри  дæр зæрдыл æрлæууыны тыххæй радзырдта Ирыстон æмæ Уæрæсейы æмгуыстады бирææнусон историйы тыххæй.

Эксперты хъуыдымæ гæсгæ, Хуссар Кавказы Гуырдзыстон у АИШ-ы æндæвдады плацдарм. Гуырдзыстоны информацион фæрæзты арæх дзырдæуы Гуырдзыстоны территорийыл америкæйаг æфсæддон базæты инфраструктурæйы арæзтадыл. Уый фæстиуæгæн, Уазæгты Юри нымайы Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы æфсæддон æмгуыстадæн æмæнгхъæуæгыл, уымæн æмæ уый ахъаз у æнæхъæн Кавказы æдасдзинадæн дæр.

Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæрдар Хъотайты Мария та йæ рады банысан кодта Хуссар Ирыстоны территорийыл уæвæг цыппæрæм æфсæддон базæйы ахсджиагдзинад æмæ Хуссар Кавказы уæрæсейаг æфсæдтыстратегион нысаниуæг.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Кавказы уæрæсейаг æфсад куынæ уа, уæд сытынг уыдзысты, ныртæккæ «фынæйы режимы» цы æхсæн-этникон конфликттæ сты, уыдон.

Осиаты Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.