Хуссар Ирыстоны уæрæсейаг æфсæддон базæйы 32 службæгæнæг æмæ сæ бинонтæ райстой ног цæрæнуат 4-æм æфсæддон базæйы территорийыл. Æмдзæрæндон байгом цытджын уавæры ивгъуыд сабаты. Арæзт æрцыд нырыккон стандарттæ æмæ технологитæм гæсгæ. Фатертæ ныридæгæн ифтонг сты цæрынæн хъæуæг æппæт фæрæзтæй – дзаумæттæй, спутникон антеннæты онг. Æмдзæрæндоны ис дыууæ хиирхæфсæн хатæн, тренажерон, цардуагон бæстыхæйттæ æмæ хæрæндон.

Ацы ахсджиаг мадзалмæ арфæ кæнынмæ базæмæ æр-бацыд бæстæйы Президент Бибылты Анатоли æмæ Хуссар Ирыстоны УФ-йы минæвар Марат Кулахметов.

Хуссар æфсæддон зылды 58-æм æфсадыл командæгæнæг, инæлар-майор Евгени Никифоров йæ арфæйы ныхасы загъта, зæгъгæ, 2009 азæй фæстæмæ Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады къухдариуæггæнæг æмæ Хуссар æфсæддон зылд æппæт тыхтæй архайынц Хуссар Ирыстоны территорийыл инфраструктурæ райрæзын кæныныл. Банысан кодта, кæронмæ кæй фæхæццæ кæны сæйраг объектты арæзтад. Ацы аз ма арæзт æрцыд æртæ 16-фатерон хæдзары, сывæллæтты цæхæрадон, кæронмæ фæхæццæ кæны Дзауы скъолайы арæзтад.

Æфсæддон командæгæнæг райгондæй баззад аразджытæй, уымæн æмæ гъæдджын куыст бакодтой. Арфæ ракодта æфсæддон службæгæнджытæн дæр, сæ разылæууæг хæстæ цæсгомджынæй кæй æххæст кæнынц, уый тыххæй.

Нæ бæстæйы сæргълæууæг йæ раныхасы банысан кодта, ныртæккæ уæрæсейаг æфсæддон службæгæнджытæн арæзт кæй ис сæ æфсæддон хæстæ æххæст кæныны тыххæй хæрзвадат уавæртæ. Арæзт сын цæуы цæрæн бынæттæ, рæзы инфраструктурæ, ис сын бæрзонд социалон гарантитæ, хорз куыстмыздтæ. Сымахæн, зæгъгæ, бирæ фæрогдæр уæ разылæууæг хæстæ æххæсткæнын, уымæн æмæ уæ бинонтæн ис райдзаст фатертæ.

Уæрæсейы минæвар Марат Ку-лахметовы ныхæстæм гæсгæ, ног объект эксплуатацимæ радтын ноджыдæр нысан кæны æфсæддон цæттæдзинады фарс балæууын.

«Æфсæддон службæгæнджытæн ис хорз цæрæн бынæттæ, сæ бинонтæн – хæрзвадат уавæртæ. Æмæ уый ахъаз уыдзæн æфсæддон базæйы хорз службæйæн», – дзырдта Кулахметов.

Ног бæстыхаймæ бахизæны сырх лентæ цытджын уавæры алыг кæныны фæстæ æфсæддон базæйыл командæгæнæг службæгæнджытæн балæвар кодта ног фатерты дæгъæлтæ.

Æфсæддон службæгæнджыты би-нонты номæй Гюзель Кудряшова бузныг загъта базæйы къухдариуæгад æмæ Хуссар æфсæддон зылды ко-мандæкæнынадæн, сæ æгæрон лæвары тыххæй. Уымæй, зæгъгæ, нæ цардуагон проблемæтæ иуварс æрцыдысты, не ‘мкъæйттæн та тырнынад фæзынд сæ æфсæддон карьерæ дарддæр кæнынмæ.

Евгени Никифоров уазджытæн фенын кодта æмдзæрæндоны цардуагон уавæртæ.

Бибылты Анатоли бæрзонд аргъ скодта,  куысты гъæд æмæ æфсæддон службæгæнджытæ æмæ сæ бинонтæн цы уавæртæ арæзт æрцыд, уымæн.

Дарддæр дæр горæт Цхинвал æмæ Дзауы райцентры 2018 азы эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзысты инфраструктурæйы цалдæр объекты, уыцы нымæцы цæрæн хæдзæрттæ, офицертæ æмæ солдаттæн æмдзæрæндонтæ, скъолатæ, ахуыргæнæн корпустæ, техникон æмæ материалон ифтонгады æфтауцдæттæ, кинологон нысанæн куыйты бынат, æфсæддон техникæйæн мæнгагъуыстытæ. Уыцы объекттæ се ‘ппæт дæр арæзт цæудзысты нырыккон технологитæм гæсгæ, экологион сыгъдæг арæзтадон æрмæджытæй.

  Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.