Президент Тыбылты Леонид йæхимæ райста Уæрæсейы профессионалон ахуырады медицинон академийы анестезиологи æмæ реанимацийы кафедрæйы сæргълæууæг, Уæрæсейы Федерацийы Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады сæйраг анестезиолог-реанимотолог Игорь Молчановы. Уый Хуссар Ирыстонмæ æрцыд æртæбонон кусæгон балцы.

Фембæлды ма хайад райстой Президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Сиукъаты Радион, Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министры фыццаг хæдивæг Плиты Агуындæ, Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министрады уынаффæгæнæг Игорь Галь.

Президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Сиукъаты Радион фехъусын кодта Тыбылты Леонидæн, Хуссар Ирыстонмæ Игорь Молчановы балц кæй рауад 2017-2021 азты Республикæ Хуссар Ирыстоны Æнæниздзи-над хъахъхъæныны рæзты концепцийы фæлгæтты. Уый фидаргонд æрцыд Президенты Барамындæй ивгъуыд азы декабры мæйы.

«Анестезиологи æмæ реанимаци сты ахæм хайадтæ, кæцытæн сæ куыст гъæдджын куынæ уа, уæд æнæниздзинад хъахъхъæныны нысангонд цы у, уымæн сæххæстгæнæн нæй. Мæ бон у зæгъын, мах ныридæгæн кæй снысан кодтам Игорь Владимиры фырт æмæ йæ специалисттимæ не ‘мгуыстад, кусдзыстæм республикæйы анестезиологи æмæ реанимацийы службæ ног, бæрзонддæр æмвæзадмæ схизын кæныны программæйыл», – загъта Сиукъаты Радион.

Игорь Молчанов бузныг загъта Президентæн, йæхимæ йæ кæй райста, уый тыххæй, æмæ банысан кодта, зæгъгæ, аивгъуыйгæ цалдæр боны дæргъы бакондæуыд стыр куыст. Уый фехъусын кодта, зæгъгæ, анестезиологион-реанимацион службæ бирæ рæстæджы дæргъы здæхт уыдис хирургийы ‘рдæм, æмæ ссис сæрмагонд дæсныйад. Ныртæккæ та Уæрæсейы Федерацийы уымæ хаст цæуы стыр ивындзинæдтæ.

«Модернизацийы сæраппонд мах къорды бæрны цы иртасæн æрмæджытæ уыд, уыдон абоны бон цæттæ сты Уæрæсейы Федерацийы сæ спайда кæнынмæ. Æмæ æппæт уыцы æрмæджытæ æз æрластон ардæм. Хуссар Ирыстон тынг хорз бынат у уыдонæй спайда кæнынæн, æмæ нæ домы стыр революцион ивддзинæдтæ йæм бахæссын, кæд æмæ сæ раст æмæ фæд-фæдылонæй пайда кæнæм, арæхстгай æмæ сæ фæдфæдылонæй ног кæнæм, уæд. Уый махæн ратдзæн анестезиологион-реанимацион службæйы организаци ног гъæдджын æмвæзад-мæ рахизын кæныны фадат», – загъта уый.

Игорь Молчанов ма банысан кодта, зæгъгæ, хуссарирыстойнаг коллегæтимæ æрдзырдæуыд кадрон проблемæтыл, астæуккаг медперсоналы ахуырадон фарстытыл, æмæ банысан кодта, зæгъгæ, фылдæр хъæуы идеологион æмæ организацион фарстытæ скъуыддзаг кæнын.

Бæстæйы сæргълæууæг йæхи ‘рдыгæй банысан кодта, зæгъгæ, райгонд у, Уæрæсейы Федерацийы фæрцы республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæныны хаххыл цы куыст цæуы, уымæй.

«Уæрæсейы æххуысы фæрцы республикæйæн ис рæзыны æмæ фидар кæныны фадат. Бузныджы ныхæстæ æдзухдæр махæн сты нæ былалгъыл. 2008 азы гуырдзиаг тыхæйисджыты сабырдзинадмæ æркæныны æмæ фæстæдæр Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны хъуыддаг  адон сты нæ республикæйы ирвæзындзинады ‘рдæм сæйраг къахдзæфтæ», – загъта Президент.

Уый банысан кодта, зæгъгæ абоны бон Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æхсæн къух æрфыстæуыд 90 сразыдзинадæй фылдæрыл, æмæ уыдон æхсæн сæйрагдæртæй иу у Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй бадзырд.

«Æнæниздзинад хъахъхъæныны хаххыл мах сарæзтам Республикæ Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæныны концепци 2017-2021 азты æмгъуыдмæ. Цыбыр рæстæджы дæргъы бакондæуыд стыр куыст. Æмæ ды, Игорь Владимиры фырт, махмæ дæ зæрдæйы фæндмæ гæсгæ кæй æрцыдтæ, æмæ фæстаг цалдæр азы мах специалисттимæ кæй кусыс, уый тыххæй дын мах зæгъæм стыр бузныг. Мах стыр аргъ кæнæм уыцы æххуысæн», – загъта Тыбылты Леонид.

Йæхи рады Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министрады уынаффæгæнæг Игорь Галь загъта, зæгъгæ, анестезиологион-реанимацион службæйы размæцыд ратдзæн фадат, цæмæй куыд амал ис, афтæ фылдæр пайда æрцæуа рынчынтæн республикæйы хос кæныны хъарутæй æмæ хуссарирыстойнаг медицинæйы схизын кæндзæн ног бæрзонддæр æмвæзадмæ.

«Фæнды мæ фехъусын уын кæнон, 2017-2021 азты æмгъуыдмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæныны концепцийы фæлгæтты 6-æм пункты цы фыст ис, уыдон мах æнæхъæнæй кæй æххæст кæнæм, ома цæттæ кæнæм фидар кадрон хъомыс медицинон кластеры стыр инвестицион арæзтады проектты фæлгæтты», – загъта уый.

Фембæлды кæронбæттæны Президент бузныг загъта Игорь Гальæн Хуссар Ирыстоны йæ куысты æмæ республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæныны системæ фæхуыздæр кæныны сæраппонд йæ фæстиуæгджын архайды тыххæй, æмæ йын уый фæдыл лæвæрд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Кады грамотæ. Игорь Молчановæн та Тыбылты Леонид зæрдылдарынæн балæвар кодта згъæр æхца Георги Уæлахиздзауы Кувæндоны (Джеры дзуар) нывимæ.

РХИ-йы Президенты пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.