Бирæ фыдбылызтæ æрцыд Ирыстоныл, куыд æрдзы фыдаудæнтæй, афтæ знæгты къухæй дæр. Фæлæ нæ фесæфт Ирыстон, знаджы фæндиаг нæ фæцис, фидар разынд алыгъуызон фыдбылызтæн дæр. Фæлæ ма ис иу фыдбылыз – моралон æфхæрд, национ худинаг, мидæггагон знаджы рæхуыст. Ахæм фыдбылызтæ дæр бирæ æрцыд Ирыстоныл, фæлæ… Дæ адæмы дын бынтон скуынæгæй чи фервæзын кодта, дæ бæстæйы хæдбардзинад дын чи банымадта, дæ адæмы цард кæмæй кæнгæ у, уыцы Уæрæсейы Хицауадæй дом, цæмæй дын дæ адæмæн, дæ бæстæйæн мауал æххуыс кæна, ахæм цыдæр, æвæццæгæн, Гамсахурдиа æмæ Саакашвилийы цæст дæр нæ бауарзтаид Ирыстон æмæ ирон адæмæн…

Уæрæсейы Федерацийы цырддзастæй сæ хъус дарынц Хуссар Ирыстоны сæвзæргæ мидпаддзахадон кризисмæ, кæцыйы фæстиуæгæн æрмæст паддзахадон хицауиуæгады республикон институтты функцитæ нæ цæуынц хæлд, фæлæ бирæбæрцæй ныхдуртæ æвæры дыууæ бæстæйы ‘хсæн æмгуыстады дарддæры размæцыдæн. Уыдæтты тыххæй дзырдæуы Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты депутатты иу къорды фыстæгæн Уæрæсейы Федерацийы Экономикон рæзты министры хæдивæг Сергей Назаровы дзуаппон фыстæджы.

Куыд зонæм, афтæмæ ацы аз январы мæйы нæ Парламенты оппозицион депутаттæ фыстæг арвыстой Уæрæсейы Федерацийы Хицауадмæ, цы ран хъусын кæнынц, дыууæ бæстæйы ‘хсæн æхсæнхицауадон бастдзинæдтæ кæй сты æнæлегитимон, республикæйы Хицауад æмæ Хицауады Сæрдары æххæстбартæ октябры мæйы кæй фесты, уымæ гæсгæ… 

Уæрæсейы Федерацийы официалон дзуапп «æнæлегитимондзинады» Фæдыл

Уыцы фыстæг арвитæг депутаттæн Назаров сæ зæрдыл æрлæууын кодта, Хуссар Ирыстоны, куыд барадон демократон бæстæ, афтæ  паддзахадон хицауиуæгад кæй æххæст кæнынц Президент, Парламент, Хицауад, тæрхондæттæ æмæ хицауиуæгады бынæттон органтæ, уымæй дæр, Бындурон закъон кæй бæлвырд кæны æртæ къабазон хицауиуæгады æмбардзинад, кæцытæй алкæцы дæр хæсджын у, цæмæй æнæкъуылымпыйæ æххæст кæна, цы хæстæ æвæрд ыл ис, уыдон.

“Республикæйы Президент, куыд æнæколлегиалон æмæ конституцион системæйы хицауиуæгады фыццаг орган, афтæ ифтонг кæны паддзахадон хицауиуæгады органты æмразыгонд функцикæнынад æмæ æмархайд. Уыцы функциты нысаниуæг ноджы фестырдæр вæййы кризисон уавæрты. Конфликтон уавæр ма æруадзыны нысанæн Президент сæххæст кодта йæ хæстæ, Хицауады отставкæйы арвыста æмæ министрты кабинетæн бахæс кодта, цæмæй сæ хæстæ æххæст кæной, цалынмæ ног Хицауад арæзт æрцæуа, уæдмæ», – фыссы йæ дзуаппон фыстæджы Сергей Назаров.

Уæрæсейы Федерацийы Экономикон рæзты министры хæдивæг дарддæр фыссы, зæгъгæ, Конституцимæ гæсгæ Президент Парламентмæ сфидар æй кæныны тыххæй бавдыста Хицауады Сæрдары бынатмæ кандидатурæ, уымæн æмæ Конституцимæ гæсгæ Хицауад аразыны хъуыддаджы æмархайды механизм æххæстгæнгæ у Парламенты хайадистæй.

“Уымæ гæсгæ æнæмæнгхъæуæг у, цæмæй Парламент йæ хъуыды зæгъа бавдисгæ кандидаты тыххæй. Конституци æмæ закъæттæм гæсгæ хицауиуæгады алы орган дæр йæ компетенци бæлвырдæй куы æххæст кæна, æрмæстдæр уæд ис гæнæн сæвзæргæ æнæразыдзинæдтæ аскъуыддзаггæнæн», – банысан кодта Сергей Назаров.

«Хъыгагæн, æнæзæгъгæ нæй уымæн, цалынмæ Хуссар Ирыстоны хицауиуæгады æртæ къабазы дæр конституцион бæрндзинады  фæлгæтты сæ функцитæ иууылдæр æмæ æмразыгондæй æххæст кæнын райдайой,  уæдмæ ныхдуртæ уыдзæн республикæйы дарддæры социалон-экономикон рæзтæн», – йæ хъуыды бафидар кодта Сергей Назаров.

Министры хæдивæг йæ фыстæджы куыд зæгъы, афтæмæй «сæвзæргæ æхсæнадон-политикон вазыгджын уавæрæн аскъуыддзаггæнæн ис æрмæстдæр уæд, кæд æмæ уа арф æмæ рационалон æмбарынад, хицауиуæгады къабæзты ‘хсæн æнæразыдзинад кæй ма хъуамæ уа хуссарирыстойнаг адæм æмæ паддзахады интересты ныхмæ».

Ацы фыстæг, кæй зæгъын æй хъæуы, æвдисæн у Уæрæсейы Федерацийы официалон позицийæн. Фæлæ… Цымæ цы уыдзæн дарддæр? Чидæртæ дзы, боныфæстагмæ, сæхицæн хатдзæгтæ сараздзысты, æви та не знæгты информацион фæрæзтæн фехъусын кæндзысты, цыма Назаров ахæмæй ницы загъта?…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.