Зынаргъ æмбæстæгтæ!

Æхцон зæрдæимæ уын хъусын кæнын, 2017 азы сфæлдыстадон фæллоймæ цæттæ чи у, уыдонæн кæй байгом ног литературон сезон.

Ног аз æмæ Чырыстийы Райгуырыды хæдразмæ ирон æвзаг парахат кæныны нысанæн Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Минæварад ООО «Стройцентр»-ы спонсорон æххуысы фæрцы дарддæр кæны литературон преми «Булæмæргъ»-ы архайд.

Премийы æвджидарджытæ премийы архайдмæ бахастой барастгæнинæгтæ ирон литературæйы уарзджыты пайдайæн. «Булæмæргъ»-ы преми райсын сæ бон уыдзæн зæххы къорийы цыдæриддæр адæм цæры, уыдонæй алкæмæндæр, цыфæнды адæмыхаттæй куы уой, уæддæр. Афтæмæй конкурс суыдзæн Æхсæнадæмон, æмæ рауæрæх кæндзæн йæ арæнтæ, иумæйаг геокультурон тыгъдадимæ баиу уæвгæйæ, канд Уæрæсеимæ нæ, фæлæ æгас дунеимæ дæр, арæнты сæрты ахизгæйæ, иунæг монон центр саразгæйæ. Уыцы монон центры ирон æвзаг суыдзæн ирон æвзагыл дзурджыты уды рæбинаг æргъæдтæн кæрæдзийыл сныдзæвæн æмæ æмархайды амал.

Ныфс нæ ис, литературон конкурс кæй æриу кæндзæн, 2016 азы куыд уыди, уымæй ноджы фылдæр зæрдæрис адæмы, æмæ æрбаздахдзæн, алыгъуызон жанрты ирон æвзагыл чи фыссы, ноджы фылдæр ахæм авторты хъусдард.

Мах банымадтам хъæуæгыл Æхсæндадæмон премийы иуæй-иу уавæртæм ивддзинæдтæ бахæссын:

  1. Махæн нæ зæрды ис ирон литературон æвзагыл фыссæг автортимæ æмархайд кæнын.
  2. Конкурсы хайадисджыты кар хъуамæ уа 14-41 азы уонг, уыимæ иумæ иунæг хатт дæр йæ уацмыстæ мыхуыры кæмæн нæ уыдысты, уыцы автортæн сæ карæн арæнтæ æвæрд нæ цæуы.
  3. Литературон уацмысты гуырахст хъуамæ уа – прозæйы фысджытæн 2 авторон сыфы æмæ поэттæн та 1 авторон сыф.

Афтæмæй, мах раздæр куы уыди, афтæ нырдæр агурæм ног нæмттæ, номдзыд фысджытæ æмæ æвзагзонæг ахуыргæндтæй та курæг стæм, цæмæй хайад райсой преми дæттыны цытджын церемонийы.

Мах автортæм æнхъæлмæ кæсæм, конкурсмæ цы уацмыстæ æрбавдисой, уыдон уацмыстæ, æвзаджы фæрæзтæй æххæст уæвынæй дарддæр ма хайджын кæй уыдзысты хæдхуызондзинад, хæдбындурдзинад æмæ лæвæрд æрмæджы ногдзинадæй.

Куыд зонæм, афтæмæй литературон преми «Булæмæргъ»-ы лауреаттæ 2016 азы систы:

Горæт Беслæны 4-æм скъолайы 9-æм къласы ахуыргæнинаг Бестауты Аланæ, уый райста 3-аг преми;

Поэтессæ, газет «Хурзæрин»-ы кусæг Годжыцаты Нелли, райста 2-аг преми;

Публицист, æхсæнадæмон эксперт Плиты Инал фæсарæйнаг авторты уацмыстæ ирон æвзагмæ кæй ратæлмац кодта, уый тыххæй райста 1 къæпхæны диплом.

2017 азы лауреаттæ, иумæйаг уагæвæрдмæ гæсгæ, ногæй хорзæхджын æрцæудзысты æхцайы премитæ æмæ зынаргъ лæвæрттæй.

Конкурсы æппæт уагæвæрдтæ дæр æвæрд сты Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Минæварады сайтыл ахæм адресыл: osembassy.ru

Æппæт хайадисджытæн дæр нæ зæрдæ зæгъы уæлтæмæнад æмæ сфæлдыстадон æнтыстытæ!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.