Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти ауагъта рауæрæхгонд æмбырд министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытимæ. Æмбырды рæгъмæ рахастæуыд æрцæуинаг мæйы сæйраг хæс – адæмон хæдзарады цы фæндтæ нысангонд æрцыд, уыдон афойнадыл сæххæст кæнын.

«Мах ацы азы фæудмæ бахъæудзæн фæтыхджындæргонд режимы кусын цы фарстытæ нæм æрæмбырд, уыдоныл, æмæ хъуамæ кæронмæ конд фæуæм снысангонд мадзæлттæ», – банысан кодта Хицауады сæргълæууæг, æмæ къухдариуæггæнджытæм æрсидт æппæт хъарутæй дæр сæ разы лæууæг хæстæ аскъуыддзаг кæныны сæраппонд.

Æххæстгæнæг хицауады иумæйаг хæсты кой кæнгæйæ, Хъуылымбегты Доменти сæйраг хъусдард аздæхта Уæрæсейы федерациимæ бастдзинæдтæ фæтыхджындæр кæнын, Уæрæсейы ахæм егъау сæудæджерадон регинотæ, куыд Владимиры æмæ Воронежы областы регионты  хъуыддагон æмæ социалон фадгуыты æмгуыстад рæзын кæнын, æмæ банысан кодта уый сæраппонд Уæрæсейы Федерацийы РХИ-ы минæварады активон архайд.

Бæлвырд куыд у, афтæмæй æрæджы къух фыст æрцыд Владимиры областимæ сразыдзинадыл. Уыцы бадзырды фæлгæтты республикæйы куыст райдыдта инвестицион проекттæ æххæст кæныныл, сæрмагондæй та Бæгъиаты суары заводы бындурыл минералон дон уадзыны сæраппонд. Къух ыл æрфыссынмæ цæттæ у Воронежы областимæ сразыдзинад. Уымæн йæ мидисджын хай ныридæгæн у цæттæ, сбæлвырд кæнын ма хъæуы къух ыл æрфыссыны æмгъуыд æмæ бынат.

Хицауады Сæрдар банысан кодта, зæгъгæ, æнхъæлмæ кæсы воронежæгтимæ æфтиаг-джын æмгуыстадмæ хъæууон хæдзарады фадыджы. Ацы фадыг уыдонмæ лæууы раззагдæр рæнхъыты, æмæ йæ нæ республикæйы дæр сæвæрын хъæуы ног гъæдджын æмвæзадыл.

Æмбырды рæстæджы ма банысанчындæуыд, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны фæстаг рæстæ-джы фæхуыздæр ис инвестицион уавæр. Хицауады хъаруты фæрцы арæзт цæуынц уавæртæ фæсарæйнаг инвестицитæ æрбаздахыны сæраппонд.

Уымæн цæстуынгæ æвдисæн у, фæсарæйнаг хæдтулгæты фильтртæ аразын сæ куыст кæмæн у, китайаг ахæм фирмæимæ бадзырд саразыны хъуыддаг. Уыдон уадзыны тыххæй иф-тонгад æвæрд æрцæудзæн завод «Эмальпровод»-ы цехты. Æмбырды сæрмагонд хъусдард здæхт æрцыд экономикæйы реалон секторы проекттæм. Хицауады Сæрдар лæмбы-нæг цымыдис кодта, фыдызгъæлы продукцийы куыстуат «Растдон»-ы арæз-тад куыд цæуы, уымæ. Уымæн экономикæйы реалон къабазы рæзты фæлгæтты паддзахад рахицæн кодта бæлвырд æхцайы фæрæзтæ коммуникацитæ саразыны сæраппонд. Хъуылымбегты Доменти æрдомдта, цæмæй куыстытæ цæуой рæвдздæр.

Дзырд ма цыд паддзахадон унитарон куыстуæтты тыххæй дæр. Уыдонæн сæ фылдæр республикæйы территорийыл сты æнæпайда. Ацы аз уалдзæджы Хицауады Сæрдар бахæс кодта йæ хæдивæг Тъехты Аланæн, цæмæй ацы фарстыл бакуыстаид æмæ æнæпайда куыстуæтты кæнæ аиуварс кæныны мадзæлтты фæндон  кæнæ та хæдзариуæгады ног хуызты фæндæттæ æрбавдыстаид. Ацы нысанæн апрелы мæйы арæзт æрцыд æхсæнведомствойон къамис. Уый архайы паддзахадон унитарон куыстуæтты финансон-хæдзарадон архайдæн анализ кæныныл.

Тъехты Аланы зонæнтæм гæсгæ, ныртæккæ 57 куыстуатæй сæ архайд-мæ æркастæуыд 46-æн. Уыдонæй 22 сты аиуварс кæнинаг. Иннæ куыстуæтты дарддæры архайды тыххæй 15 де-кабрмæ æрбавдыстæуыдзæн бæстон фæндæттæ.

Æркастæуыд ма Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзты фадыгон программæтæм барастгæнинæгтæ бахæссыны фарстытæм, хъуыддæгты æцæгдзинад хынцгæйæ, паддзахадон исады фадыджы ахастытæ æрнывылгæнгæйæ, хъалонты æфтиæгтæ фæфылæргæнгæйæ, цæрæнуатон-коммуналон фадыджы пълангæнгæйæ.

Уынаффæ ма цыд ахæм скъуыддзаггæнинаг фарстыл, куыд иуæй-иу хисæрмагонд хæдзæртты газнымайæнтæ раст кæй нæ кусынц, уым. Республикæйы паддзахадон унитарон куыстуат «Энергоресурс – Хуссар Ирыстон»-ы къухдариуæггæнæг Гæбæраты Алан куыд фехъусын кодта, афтæмæй уымæн йæ аххосаг у, иуæй-иу нымайæнтæ æнæ фильтртæй арæзт кæй æрцыдысты, уый. Хъуылымбегты Доменти бахæс кодта, цæмæй хæлд нымайæнты аххосæй тыхстдзинад чи æвза-ры, уыцы æмбæстæгты проблемæ æвæстиатæй иуварсгонд æрцæуа.

Уый ма бахæс кодта министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытæн, цæмæй бæстон бацæттæ кæной Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл цы Æхсæнхицауадон къамисы  рабадт уыдзæн, уымæ. Уый уыдзæн декабры фæстаг декадæйы. Æмбырдæн фæстиуджытæ аразгæйæ, Хъуылымбегты Доменти банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсейы Федерацийы финансон æххуысы бæрц нæ фæкъаддæр ис, æмæ уый та нысан кæны, кæй нын ис ныфсджынæй фидæнмæ кæсыны фадат.

РХИ-йы Президент æмæ

Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.