Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон уавæрты министрады Уæлдай тæссагдзинады ирвæзынгæнæг операцитæ уадзыны фæдыл центр «Лидер» Хуссар Ирыстоны территорийыл ныр дыккаг хатт рæмудзæн æмæ цардæн æндæр тæссаг æрмæджытæй æдас кæны территоритæ. Центр «Лидер»-ы сапертæ ацы ахсджиаг куыстытæ кæнынц Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны Президенты бадзырдмæ гæсгæ æмæ дыууæ бæстæйы Уæлвæткон уавæрты министрадты иумиаг куысты планмæ гæсгæ. Бæрæг куыд у, афтæмæй дæргъвæтин азты хæстон архæйдтытæ уæззау фæд ныууагътой, куыд нæ горæт æмæ районты цæрæн бынæтты, афтæ уымæй дарддæр территоритыл. Уымæ гæсгæ центр «Лидер»-ы бæрзонд профессионалон пиротехниктæ, кинологтæ, робототехникон управленийы специалисттæ ныр дæр 80 бонæй фылдæр цалдæр гектары ссыгъдæг кодтой тæссаг æрмæджытæй.

Уæлвæткон уавæрты уæрæсейаг центры саперты цытджын уавæрты паддзахадон хорзæхтæй схорзæхджын кодта бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анато-ли. Уый цытæн нæ горæты Уæлвæткон уавæрты министрады бæстыхайы раз уæрæсейаг æмæ хуссарирыстойнаг службæгæнджытæн уыд цытджын рæнхъæйлæуд.

Бибылты Анатоли бузныг загъта уæрæсейаг сапертæн сæ æвæджиаг æмæ Хуссар Ирыстонæн æнæмæнгхъæуæг куысты фæдыл.

«Нæ æмбæстæгтæ цæмæй æдасæй цæрой, территорийыл æдасæй цæуой æмæ ма æнкъарой тæссагдзинад, ома сыл исты спырх уыдзæн, уый фæдыл сымах стыр куыст бакодтат. Республикæйы къухдариуæгад æмæ адæмы номæй уын æз зæгъын стыр бузныг, фыццаджыдæр уын мæ зæрдæ зæгъы æнæниздзинад æмæ кæддæриддæр уæ хæдзæрттыл æмбæлут æнæниз æмæ сæрæгасæй», –  банысан кодта Президент.

«Лидер»-ы куыст æмæ архайдæн æмбæлон аргъ скæныны нысанæн ма Бибылты Анатоли саперты иу къорды схорзæхджын кодта «Хæлардзинады орден», «РХИ-йыл 25 азы сæххæсты цытæн» майдантæй, Кады грамотæтæй, РХИ æмæ УФ-йы æхсæн æмгуыстад сфидар кæнынмæ стыр хайбавæрд æмæ Хуссар Ирыстоны территори хæлæн æмæ тæссаг æрмæджытæй ссыгъдæг кæныныл æнтыстджын куысты фæдыл.

Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, ацы саперты куыст æмæ æмархайд ноджы дарддæр кæндзæн, уымæн æмæ нырма бакусинаг ис. Дыууæ бæстæйы Уæлвæткон уавæрты министрадты куыст ног æмвæзадыл ис ныртæккæ. Уый бæрæгбæрцæй баст у ацы саперты куыстыл, сæ разы цы хæстæ ис, уыдоныл.

Уæрæсейаг центр «Лидер»-ы къухдариуæггæнæг, булкъон Анатоли Саввин бузныг загъта Бибылты Анатолийæн æмæ йын балæвар кодта центр «Лидер»-ы тырысайы макет.

Мах, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны кусæм дыккаг аз æмæ ноджыдæр бузныг стæм уазæгуарзондзинад, æмбаргæ ахаст æмæ центры отрядæн цы аразут, уый тыххæй.

«Æмгуыстады фæдыл» майданæй Уæлвæткон уавæрты министр Тадтаты Аланы бардзырдмæ гæсгæ хорзæхджын æрцыд уæрæсейаг министрады штабы сæргълæууæг булкъон Александр Шевченко.

Отряд «Лидер»-ы командир булкъон Александр Шевченко нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ 15 апрелæй фæстæмæ куыстой сапертæ нæ территорийыл.

«Абоны онг нæ саперты отряд сæдас кодта 30 гектары бæрц, цæрæн пункттæ Аунеу, Исахъыхъæу, Сарабук, æмæ Присы. Æдас æмæ куынæг æрцыдысты 105 хæлæн тæссаг предметтæ. Уыдон уыдысты инженерон, фистæгæфсæддон æмæ танкы ныхмæ минæтæ», – банысан кодта Шевченко. Йæ ныхæстæм гæсгæ абон, сабаты территори æмæ ссаргæ хæ-лæн æрмæджытæ лæвæрд æрцæудзысты хуссарирыстойнаг фарсмæ.

Центр «Лидер»-ы сапертæ Хуссар Ирыстоны хæлæн æрмæджытæй сæдас кæныны нысанæн куыст адарддæр кæндзысты фидæн аз дæр.

Къæбулты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.