Дыууадæс азы сæххæст, Гуырдзыстоны тугмондаг фашисттæ Ирыстоны зæххыл туджы зæйтæ куы рауагътой, ууыл. Хуссар Ирыстон та банысан кодта 2008 азы августы трагикон цауты бон. Æвæццæгæн, нæ республикæйы иунæг ахæм адæймаг дæр нæ разындзæн, августы уæззау бонтæ æрхæндæгæй кæй зæрдыл не ‘рлæууынц. Августы цаутæ уæлдай æрхæндæгдзинады æнкъарæнтæ сæвзæрын кæнынц адæймаджы зæрдæйы æмæ цæссыгтæ фенæм, немæ чи фæныхас кæны, уыдонæй алкæйы уадултыл дæр. Æвæдза, бирæ хъизæмæрттæн бафæрæзтам!

2008 азы августы мæйы се службæйон хæстæ æххæстгæнгæйæ хъайтардзинад чи равдыста, уыдонæй сæ иутæ уыдысты нæ республикæйы медицинон кусджытæ. Уыдонмæ хауынц Дзауы районы рынчындоны медиктæ дæр. Сæрмагондæй мæ фæнды, ныртæккæ ацы рынчындоны цы Тагъд æххуысы хайад ис, уыцы медперсонал августы уæззау бонты цы стыр куыст бакодтой, æппæт уыдæттæ рæгъмæ рахæссын. Сæхи цард аирвæзын кæныныл бынтондæр нæ хъуыды кæнгæйæ, тындзыдтой æххуысагур, цæф адæмы фервæзын кæнынмæ, кæд сын тыхджын æхстыты рæстæджы тас уыдис ихуарæгау сыл цы нæмгуытæ калдысты, уыдонæй, уæддæр. Тагъд æххуысы кусджытæ цал æмæ цал уæззау цауæн уыдысты æвдисæнтæ! Чи фæнымайдзæнис ацы хъайтар коллектив цал адæймаджы байста мæлæтæй æмæ дзы цалы афæндараст кодта Цæгат Ирыстонмæ. Тагъд æххуысы медиктæ сты стыр зæрдæйы хицæуттæ, сæ адæмы æцæг патриоттæ. Æмæ мах кæддæриддæр сæрыстыр хъуамæ уæм, ахæм уæззау хæсты нæ медицинон кусджытæ, дохтырæй райдайгæйæ, суанг æфснайæг медперсоналы онг, профессионалон æмвæзадыл кæй æххуыс кодтой сæ къухмæ бахауæг цæф рынчынтæн, уымæй.

2008 азы августы Гуырдзыстоны мæнгард къухдариуæгад æмбисæхсæв Хуссар Ирыстонмæ куы бахъавыд, цæмæй дзы «сыгъдæг быдыр» сараза, уыцы рæстæджыты Дзауы рынчындоны кусджытæ дæр уыдысты сæ куысты уæлхъус. Æхсæвы, куыд нын загътой, афтæмæй ардæм æрбахауд Дменисы хъæу æмæ Знауыры районæй цы лигъдонтæ цыдысты, уыдонæй. Тарст æмæ тыхст адæмы хъуыдис медицинон æххуыс. Уыдонæй-иу бирæтæ зонгæ дæр нæ кодтой, дарддæр цы фæуой æмæ кæм æрулæфой, уый. Кæд-иу сывæллæттыл сæ фынæй фæтых ис, уый йедтæмæ район кодта æмызмæлд, ратæх-батæх кодтой машинæтæ. Уыцы æхсæв Цæгат Ирыстонæй дæр цыдис адæм, кæцытæн сæ бинонтæ уыдысты Цхинвалы æмæ архайдтой уыдонмæ ныирвæзыныл, фæлæ уыцы диссæгтæ уынгæйæ æмæ хъусгæйæ, сæ къух систой горæтмæ цæуыныл. Афтæ адæм стыр дудгæбонæй æрвыстой фыццаг æхсæв…

Райсом, 8-æм августы Дзауы районыл знаджы хæдтæхджытæ бомбæтæ куы калдтой, уæд адæм бамбæрстой, изæры Гуырдзыстоны президент Михаил Саакашвили мæнг ныхæстæ кæй загъта йæ хъусынгæнинаджы. Æмæ уæд фыццаг рады слæууыд сывæллæтты, сылгоймæгты æмæ ацæргæ адæмы Цæгат Ирыстонмæ арвитыны фарст…

Гуырдзиæгтæ ирон адæмыл сайдæй кæй рацыдысты, уымæ гæсгæ хæстмæ нæ уыдыстæм цæттæ. Уыцы рæстæджы алкæмæн дæр йæ уд уыдис зынаргъ, алкæй дæр фæндыд йæ сæр бафснайын. Фæлæ та-иу цæхгæр слæууыд фарст: нæ лæппутæ, нæ хæдзæрттæ, нæ уарзон Ирыстонæн бынтон афтæ уадзæн кæй нæй. Тагъд æххуысы кусджытæ та, кæй зæгъын æй хъæуы, сæ хæсыл банымадтой æмæ куыд æндæр хæттыты, афтæ та 8-æм августы райсомæй раджы æрбацыдысты сæ куыстмæ. Тагъд æххуысы кусджытæй кæй рад уыдис, уыдонæй нын сæ иу, (ныртæккæ пенсиисæг) хирургион-медицинон хо Кокойты Нателæ куыд радзырдта, уымæ гæсгæ уыцы бон кусджыты къорд иууылдæр уыдысты сæ куысты уæлхъус æмæ сæ хæдзæрттæм зæрдæхсайгæйæ æххæст кодтой сæ профессионалон хæс.

«Ныр кæд 12 азы сæххæст августы хæстыл, уæддæр, цыма, знон уыдис, афтæ адæймаджы зæрдыл лæууынц æмæ цæстытыл фæуайынц уыцы сау бонтæ. Махæн тынг зын у 2008 азы хæстон архайдтытæ æрымысын. Уымæн æмæ федтам бирæ цæссыг æмæ тугкалд. Стыр бузныг мæ фæнды зæгъын, фыццаджыдæр, нæ ирон лæппутæн, знаджы ныхмæ æнæмсæр тохы хотыхджын гуырдзиаг æфсады ныхмæ хъæбатырæй чи фæлæууыд æмæ бирæ азты дæргъы сæхи уазæлтты кæй басийын кодтой, уый тыххæй. Стыр бузныг Уæрæсейы Федерацийæн, Гуырдзыстоны фашисттæй нæ кæй фервæзын кодтой æмæ нын нырмæ дæр стыр æххуыс кæй кæнынц. Уыдон фæрцы нæ рынчындон дæр рахызт вагæттæй æмæ сын абон ис хуыздæр уавæртæ сæ куыстæн.

Ме ‘мкусджытимæ райсомы 9 сахатыл уыдыстæм нæ куысты уæлхъус. Уыцы бон куыстой дохтыртæ Дзаттиаты Фатимæ, Хъæцмæзты Инал, Бежанты Аллæ, медицинон хотæ Бесаты Сæлимæт, Икъоты Валя, Кокойты Оксанæ, Коцты Кларæ, Саулохты Маринæ, Табуты Дианæ, шофыртæ Гасситы Хасан æмæ Санахъоты Игорь. Кæй зæгъын æй хъæуы, хæст хæст у, алкæмæн дæр тас æвзæрын кæны, фæлæ йæ урс халатæй хъуамæ æфсæрмы кæна алкæцы медицинон кусæг дæр. Махмæ, хорз ма йæ хъуыды кæнын, Знауырæй æрбаластой цæфтæ æмæ сæ сгæрстам, цæмæй сын фыццаг медицинон æххуыс бакæнæм, æмæ кæд разындысты бæстытæ. Куы сæ бафарстам, зæгъгæ, уын афтæ хорз чи бабаста уæ цæфтæ, уæд нын рахабар кодтой, кæй сæм бацыдысты Сырх Дзуары медиктæ, сæ цæфтæ сын, куыд æмбæлы, афтæ ныссыгъдæг кодтой æмæ бабастой. Хъыгагæн, мах уыцы рынчынты нæмттæ нæ бахъуыды кодтам, фæлæ стыр фыдæбæттæ кæй бавзæрстой фæндæгтыл, уый бæрæг уыд.

8-æм августы нæм бирæ цæфтæ æрбахауд рынчындонмæ. Мах уый æнхъæл нæ уыдыстæм æмæ нæм хæст уыдзæнис. Уый тыххæй фыццаг бон медикаменттæй дæр æййæфтам цухдзинад. Бомбæтæ куы æркалдысты, уæд уайтагъд электроны рухс дæр ахуыссыд æмæ цасдæр рæстæг уый хъуаг дæр уыдыстæм. Афтæмæй та нæ рынчынты нымæц уыцы бон кодта фылдæрæй-фылдæр. Бирæтæн-иу æхстыты тæсæй сæ туджы æлхъывдад тынг бæрзонд схызт æмæ уыдонмæ дæр хъуыдис хъус дарын, судзинтæ сын аразын. Мах нæхæдæг дæр, æмæ ма адæмæй машинæтæ кæмæ уыдис, уыдон дæр, чи куыд æмбæлдис цæф рынчынтыл, афтæ сæ хæццæ кодтам рынчындонмæ æмæ сын фыццаг рады æххуыс кодтам бынаты. Æз ма дзы бахъуыды кодтон иу сылгоймаджы йе ‘ртæ фаззон сывæллонимæ, æрбаластам сæ рынчындонмæ, фæлæ сæ бахъуыдис Цæгат Ирыстонмæ аласын. Фæлæ Нузалмæ куы ныххæццæ стæм, уæд сывæллæттæй иу уым амард. Уæззау нывтæ уыдта адæймаг. Дзауы рынчындон бирæтæн уæд ссис сæ ирвæзынгæнæг. Уым агуырдтой æххуыс. Фæлæ уый æппæт адæмыл мах дæр не ‘ххæссыдыстæм. Æвæццæгæн, нæ цæгаттаг æфсымæртæ уæд махæй хуыздæр æмбæрстой, цы уавæры стæм, уый, æмæ нæм дыккаг бон æххуысы хуызы æрластой бирæ æндæр æмæ æндæр хостæ, ома, нæ фыццаг æххуысæн цыдæриддæр бахъуыдаид, ахæм медикаменттæ.

Æхсæвы нæм куы æрбайхъуыст, зæгъгæ, горæты бирæтæ фæцæф сты, уæд та мах бахъуыд æххуысмæ ацæуын. Куыддæртæй ацыдыстæм æмæ дзы фондзы æрбаластам Дзаумæ. Куы сæ басгæрстам, уæд бамбæрстам, дарддæр сæ кæй хъæуы аласын, уый. Уыдон дæр Нузалы онг фæхæццæ кодтам тыхамæлттæй. Фæндæгтæ йедзаг уыдысты æфсæддон æмæ æнæуый машинæтæй æмæ-иу нын фæзын ис се ‘хсæнты ахизын. Рынчынтæн та алы уысм дæр уыдис зынаргъ. Уыдис ма нын æртаджы проблемæ дæр. Нæ машинæ-иу уый аххосæй куы кæм æрлæууыд, куы та – кæм. Банысан кæнын мæ фæнды уый дæр, æмæ нæм Нузалы нæ коллегæтæ цырд кæй лæууыдысты æмæ нын тынг стыр æххуыс кæй бакодтой. Уый тыххæй сын абон стыр бузныг зæгъæм. 8-æм августы ма нæм æхсæвы медикаменттæ куы æрластой, уæд нæм æххуыс кæнынмæ Цæгат Ирыстонæй æрцыдис анестезиолог Гæбæраты Нугзар. Уый махæн загъта, хъуамæ, дам, тыхст адæммæ ныццæуон Цхинвалмæ. Райсомæй 9 августы куыддæртæй ныххæццæ горæтмæ. Уыцы хорз лæг нын уæд хæринæгтæ дæр æрбахаста æмæ уæд къæбæр бахордтам. Диссаг у, уыцы бон адæймаджы хъуыры хæринаг дæр нæ хызт. Хостæ ма нын Дзæуджыхъæуæй æрластой Тъбеты хъæуы цæрджытæ Санахъоты Алик æмæ Ботаз. Ахæм хорз адæмтæ нæм цыдысты тынг бирæ æмæ сын – стыр бузныг. Уæззау бонтæ уыдысты хæсты рæстæджы, фæлæ цы гæнæн уыдис? Хъуыды ма кæнын, æрбаластой нæм, Зары хъæуы чи фæмард, уыцы уырыссаг салдæттæй цалдæры. Уыдоны дохтыр Хъæцмæзты Инал абæстон кодта. Уый фæстæ сæ аластой машинæйыл. Дыууæ бон æппынæдзух уыдыстæм нæ куысты уæлхъус. Æз мæхæдæг 11-æм августы базыдтон, мæ лæппу цæф кæй разынд, уый. Дзауы рынчындонмæ йæ æрбакодтой æмæ йын дохтыртæ баххуыс кодтой», – æрхæндæгæй дзырдта Кокойты Нателæ.

Ахæм уавæры ма бахауд медицинон хо Бесаты Сæлимæт дæр. Уый куыд радзырдта, уымæ гæсгæ 8-æм августы уайтагъддæр йæ куысты уæлхъус балæууыд æмæ йæ бинонтæй æппындæр ницы бæрæг зыдта. «Æз мæ сывæллæтты, афтæ зæгъæн ис, ныууагътон уынджы. Ме ‘мкъай та уæд службæ кодта танкисттæм æмæ разындысты горæты. Куыд рабæрæг, афтæмæй уый фæцæф ис, сæ танк сын куы фехстой, уæд. Йе ‘мбæлттæй иу, Цхуырбаты Батыр та мæлгæ акодта. Фæлæ мæнæн мæ бон ницы уыдис саразын, уыдтæн куысты æмæ рынчынты ластон Нузалмæ. Мæ зæрдæ цъæх у ацы хæстон архайдтытæй, гуырдзиаг фашисттæй. Фыццаг хæсты рæстæджы та Цхинвалы рынчындоны куыстон. Уæддæр никуыдæм акуымдтон, кæд мын мæ мад лæгъстæ кодта, уæддæр.

2008 азы дæр бавзæрстон тасдзинад æмæ фыдæбæттæ. Ме ‘мкъай цæф  уыдис, хъуыдис ын хос кæнын. Абон, мах, чидæриддæр йæ куысты уæлхъус лæууыд æмæ æххуыс кодта рынчынтæн, уыдон иууылдæр сты бузныджы аккаг. Рынчындоны кусджытæ августы цы уæззау цаутæн уыдысты æвдисæн, уыдон диссагæн дзуринаг сты. Нæ коллективы сылгоймæгтæ, афтæ ма шофыртæ дæр, равдыстой стыр хъæбатырдзинад», – банысан кодта Бесаты Сæлимæт.

Ацы дыууæ медицинон кусæджы ма нын куыд радзырдтой, уымæ гæсгæ Дзаумæ уæд Цæгат Ирыстонæй æрцыдис бирæ медиктæ. Уыдон айтыгътой цатыртæ æмæ афтæмæй зæрдиаг лæггад кодтой фæцæфуæвæг адæмæн.

Уæдæ куыд базыдтам, афтæмæй медицинон кусджытæ хæстон архайдтыты рæстæджы сæхи цардæн никуы фæтарстысты, никуыдæр зивæг бакодтой сæ куыстмæ, афтæмæй ирвæзын кодтой бирæ цардмæбæллæг удты. Уыцы адæймæгтæй алкæй дæр бафæндид раарфæ кæнын, се ‘нæниздзинад сын чи фидар кодта, уыцы хъæбатыр медиктæн. Уыдоны бæсты медицинон кусджытæн нæ редакцийы номæй стыр бузныг зæгъæм сæ цæсгомджын куысты тыххæй æмæ сын арфæ кæнæм. Кæддæриддæр нын ут æнæниз æмæ амондджын.

Цхуырбаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.